26-æм августы 2008 азы Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбар паддзахадыл кæй банымадта, уый сæраппонд 21 августы Цхинвалы киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыдис бæрæгбонон концерт. Мадзалы хайад райстой цæгаткавказаг эстрадæйы зарæггæнджытæ: Республикæ Адыгейы сгуыхт артисткæ Рима Тлецери, Кæсæг-Балхъары сгуыхт артисттæ Мадина Мамбетова æмæ Хусен Шалов, Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Тамара Персаева, Хуссар Ирыстоны адæмон артист Гуццаты Нодар, Ӕппæтуæрæсейон конкурс «Новые имена России»-йы лауреат Джульетта Мезова, æппæтадæмон конкурсты æмæ фестивальты лауреат Мæргъиты Лейлæ æмæ æндæртæ. Концертмæ фыццаджыдæр хуынд æрцы-дысты, 1989 азæй фæстæмæ хæстон архайдтыты фæстиуæгæн чи фæмард сты, уыдоны бинонтæ.

Концертмæ фæуазæг ис Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли дæр. Бæстæйы сæргълæууæг стыр бузныджы ныхæстæ загъта зарæггæнджытæн, ахæм диссаджы концертон программæ сын кæй равдыстой, уый фæдыл æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны адæм кæддæриддæр зæрдæрухсæй æмбæлынц сæ сыхаг æфсымæрон адæмтыл. «Ахæм мадзæлттæ æнгом кæнынц кавказаг адæмты æмæ та абоны бон дæр цæвиттонæн баззай-дзæнис нæ хъарм ахастытæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Концертон залы зæлыдысты алыхуызон рæсугъд мелодитæ, артисттæ сæх-хæст кодтой сæхи мадæлон æвзæгтыл композицитæ æмæ ма алыхуызон жанрты зарджытæ дæр. Иу зарæг «Цхинвал»-æн ма ам уыд премьерæ дæр æмæ йæ сæххæст кодта æрыгон курдиатджын кæсгон зарæггæнæг Тимур Балкизов.Мадзалы кæронбæттæны бæстæйы президент бахатыд Гуццаты Нодармæ, цæмæй сæххæст кæна нæ адæмы уарзон зарæг «Лæгъстæ», кæцыйы ныхæстæ ныффыста поэтессæ Галуанты Людмилæ. Зарæг æххæст æрцыдис тынг зæрдæмæхъаргæ, залы бадджытæ иууылдæр слæууыдыты æмæ дзы кæмæндæрты сæ цæстысыгтæ дæр æркалдысты.

Концертмæ æрбацæу-джытæ концертæй баззадысты стыр райгондæй.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.