Мадымайрæмы «Авдфатон» иконæ нæ республикæмæ Сыгъдæг Æртиууон Хуыцауы Аргъуанмæ æрхæсдзысты 20-æм сентябры. 22-æм сентябрмæ уаз иконæмæ æрбацæуыны фадат уыдзæн Чырыстон диныл хæст адæмæн. Мæскуыйæ  йæ  Цхинвалмæ æрхæсдзæн Хъороты Алан.

Уый куыд зæгъы, афтæмæй «Авдфатон» Мадымайрæмы иконæ нæ республикæмæ фыццаг хатт не ‘рхæсдзысты. Чырыстон диныл æууæндæг адæм ацы уаз нывæн стыр кад кæны. Иконæ нымад цæуы хæрзиуджытæ дæттæгыл. Абон дæр бæрæг нæу йæ автор, нæдæр цы рæстæджы конд у ныв, уый у бæлвырд. Аргъуанты истори чи ахуыр кæны, уыдон зæгъынц, зæгъгæ, у тынг рагон. Сæ нымадмæ гæсгæ иконæйы фыццаг сыгъдæг хуыз фыст æрцыдис 500 азы размæ.

Ссардтой йæ Вологдæйы зæххыл. Ам иу мæгуыр лæг уæззау рынчын фæцис. Бирæ азты дæргъы тох кодта уæззау низимæ. Йæ иу къахæй та чиугæ кодта. Иу хатт тарфынæй бацис æмæ фыны хъусы, Хуыцауы хъæлæсæй йæм чидæр куыд дзуры, цæмæй сыгъдæг Иоанн Богословы номыл аргъуанмæ дзæнгæрджыты бынатмæ схиза æмæ дзы рагон иконæты ‘хсæн ссара Сыгъдæг Мадымайрæмы хуыз. Скува йæм æмæ уæд йæ хъизæмæрттæй дæр фервæза, зæгъгæ. Куыддæр сбон ис, афтæ лæг бацыд аргъуанмæ, фæлæ йæ хъуыддагæй ницы рауад, уымæн æмæ йын йæ ныхæстыл нæ баууæндыдысты аргъуаны адæм. Ногæй та йæм фыны æрбацыдис Хуыцау æмæ та йын амоны, цы са-раза. Лæг дæр та ногæй бацыд аргъуанмæ, радзырдта та сын йæ фын æмæ йын уæд дзæнгæрджытæм бар радтой. Асинтыл уæлæмæ хизгæйæ лæг фæкомкоммæ иконæмæ, бирæ азты дæргъы йæ сæрты хызтысты дзæнгæрæг-цæгъдджытæ. Уыдон æй ницæмæ дардтой, зæгъгæ, хуымæтæджы фæйнæг æй æнхъæлдтой. Æмæ рыджы бын фæцис иконæ. Лæг æй систа, ныссыгъдæг æй кодта æмæ йæ разы бакуывта. Уыйадыл мæгуыр лæг йæ низæй фервæзт», – радзырдта Хъороты Алан.

Уый ма куыд радзырдта, афтæмæй Вологдæйы зæххыл емынæйы эпидеми куы сыстадис, уæд сауджынтæ иконæйы рахастой аргъуанæй, цæмæй йемæ сарæзтаиккой дзуарджын цыд. Адæм ыл æмбæлдысты æмæ-иу скуывтой, цæмæй сæ фервæзын кодтаид сæ иумиаг низæй æмæ æцæгæйдæр фесæфт эпидеми».

Иконæйæн йæ бынат ис Мæскуыйы, фæлæ йæ æппынæдзух рахæсс-бахæсс кæнынц. Уымæн æмæ йæм ис иу диссаджы миниуæг. Рæстæгæй-рæстæгмæ йæхи æгъдауæй бауымæл вæййынц йæ цæстытæ. Цæссыджы хуызæн дзы фæцæуы, миро кæй хонынц, уыцы уымæладæй суымæл вæййы уаз ныв. Дины кусджытæ йæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй иконæ куы бауымæл вæййы, уæд уый нысан кæны, Хуыцауы фæдзæхст, цыдæр фыдбылыз кæй æрцæудзæн, уый нысан, дам, у. Ахуыргæндтæ ацы хъуыддаг нырма кæронмæ нæ раиртæстой, сæ бон рафæлгъауын нæу, иконæ цæссыг куыд уадзы, уый. Иуæй-иу хатт та æруадзы тугхъулон цæссыг. Цалынмæ сæрмагонд æфсæддон операци нæ райдыдта, уæдмæ дæр уаз ныв куыдта. 2004 азы та уыд Фиагдоны нæлгоймæгты моладзандоны. Беслæны трагедийы размæ та йæ цæстытæй уад тугхъулон цæссыг.

Æнæуый иконæмæ фæкувынц рухс цард æмæ стыр хæрзиуджытæ ракурыны тыххæй.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.