Куадзæны хæдразмæ Цхинвалы администрацийы коммуналон службæтæ райдыдтой æфснайын Згъудеры уæлмæрды.

«Иу къуырийæ фылдæры размæ горæты коммуналон службæйы кусджытæ æрæвнæлдтой уæлмæрды территори æфснайынмæ, сыгъдæг æй кæнынц, цы брæттæ дзы æрæмбырд, уыдонæй. Ныридæгæн уал дзы брон аластой фынддæсæй фылдæр уæзтæла-сæн машинæйы дзаг», – загъта администрацийы пресс-секретарь Коцты Зæринæ.

Столицæйы коммуналон службæты кусджытæ æрвылаз дæр ныссыгъдæг кæнынц уæлмæрд. Раздæр-иу сæм сыгъдæг кæнынмæ фæкастысты æфсæддон службæгæнджытæ æмæ горæты æмбæстæгты инициативон къордтæ. Ацы аз дæр  уæлмæрд  сыгъдæг æрцæудзæн  Куадзæнмæ. 

Æвзæры фарст: адæм сæхæ-дæг цæмæннæ фефснайынц сæ фæстæ, æндæр ингæнты цур цæмæн ныууадзынц  сæ брæтты, кæнæ сæ цæмæн акалынц фæндæгтыл, цæмæннæ сæ ахæссынц брондæттæм, кæд æмæ уæлмæрды территорийыл æвæрд ис брæтты бактæ, уæд?

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.