БАГАТЫ  ХЪÆБАТЫР ХÆСТОНТÆ

Йæ Фыдыбæстæ ныхæстæй нæ, фæлæ хъуыддагæй чи уарзы, йæ сæрвæлтау ын йæ уд радтынмæ цæттæ чи у, ахæм хъæбатыртæ зæххыл куынæ уаид, уæд советон адæм нæдæр мидхæсты рæстæг меньшевиктыл, нæдæр немыцаг фашисттыл фæуæлахиз уыдаиккой.  

Хуссар Ирыстоны Пичъиджыны хъæуккаг Багаты Никъалайы бинонтæ стыр бавæрæн бахастой дыууæ хæсты уæлахизмæ дæр. Дыууынæм азы меньшевиктæ Хуссар Ирыстоны хъаймæт куы сарæзтой, уæд Никъала йæхи бафæсвæд кæнын йæ сæрмæ не ‘рхаста. Йæ кæстæр æфсымæр Томаимæ æрлæууыдысты партизанты рæнхъыты знаджы ныхмæ.

Никъала раздæр уыд Харебаты Исахъы хæстон къорды, сæ къорд æрбынат кодта Сачхереты. Уыцы тукалæн хæс-тыты Исахъ цалдæр цæфы фæцис. Йе ‘мбæлттæ йæ рахастой Пичъиджынмæ æмæ йæ хъæууон хосгæнæг Цхуырбаты Цицойы æвджид бакодтой, сæхæдæг уал æнæ командирæй дарддæр тох кодтой. Уæдæй фæстæмæ дзы ницыуал бæрæг фехъуыстой.

Иуафон карз тохты рæстæг сæ къорд бацахста Присы бæрзонд ран. Уырдæм сæм армытъæпæнау зынд горæт æмæ æнæрцухæй æхстой меньшевикты позицитæм.

Фæлæ меньшевиктæ бирæ уыдысты, æххуысгæнджытæ дæр сын дзæвгар уыд. Цыдæриддæр Гуырдзыстоны тыхтæ уыд, ныццарæзтой сæ Хуссар Ирыстонмæ. Чъребайæ дур дурыл нал баззад. Сыгъдысты хæдзæрттæ, фæнык фестадысты æнæхъæн хъæутæ. Лидзынц тыхст адæм æфцæджы сæрты Цæгат Ирыстонмæ. Мингæйттæй цагъды кæнынц фæндæгтыл уазал æмæ стонгæй, низтæ æмæ нæмгуытæй. Æвиппайды ахæм цæф нæ баурæдтой большевиктæ æмæ фæстæмæ алæууыдысты. Æмбæхст рæтты ма баззадысты партизанты иугай къордтæ æмæ сæ куы иу ранæй ныццæвынц, куы – иннæ ранæй.

Бады Никъала акæсæны уæлбыл, йæ сармадзаныл фæлладæй йæ сæр æруагъта, афтæмæй. Йе ‘мбæлттæ дæр алы рæтты æрулæфыдысты. Чысыл рæстæг æхст фæсабыр æмæ большевиктæн фадат фæцис сæ фæллад суа-дзынæн – цалдæр боны хуыссæджы хъæстæ нæ фесты.

Уæззау хъуыдытæ йын æнцой нæ дæттынц Никъалайæн. Ныр кæдæй нырмæ нал федта йæ бинонты, йæ чысыл сабиты. Цымæ кæм сты ныртæккæ? Кæд, мыййаг, фæсхохмæ алыгъдысты иннæ адæмимæ, æниу, кæд, мыййаг… Уыцы хъуыдыйæ Никъалайы зæрдæ бамæгуыр вæййы. Цалдæр боны размæ сæм бæрæггæнæг арвыста йæ кæстæр æфсымæр Томайы, уый дæр сæ къорды ис, фæлæ бæрæг нæма æрбахаста.

Дыккаг бон та карз тохтæ цыдис Чъребайы. Меньшевиктæ сæхи æрфидар кодтой алы рæтты æмæ æнæрынцойæ æхстой Ереды ‘рдыгæй, Чъехæй, Никозæй, Дзауæй… Большевиктау, нæмгуытыл, мыййаг, нæ ауæрстой.

 Иуафон, Никъалаитæ цы къуылдымæй æхстой, ууыл нæмгуытæ ихуарæгау ныккалдысты, зæхх фæркгай хауд, рыджы ницыуал зынд, æмæ адæймагмæ афтæ каст, цыма арв æмæ зæхх баиу сты.

– Мæлæт – цъаммар меньшевиктæн, размæ, лæппутæ! – айхъуыст кæйдæр тыхджын хъæр æмæ æваст фæсыкк, нæмыг ын йæ хъæлæс ахгæдта. Никъала нæмгуытыл бæргæ нал ауæрды, фæлæ бæстæ рыджы афтæ зилдух кодта, æмæ бæлвырд кæдæм æхстаид, уый нæ зыдта. Партизанты къорд иу дæс æмæ ссæдзæй фылдæр нæ уыдысты æмæ цы сæ бон уыд æнæхъæн æфсады ныхмæ.

Багайы фырт бамбæрста, чидæр сæ кæй банымыгъта, уый, æндæр ардæм æрбацæуæнтæ æнцон базонæн не сты. Ныр ма цы, æрхъула сыл кодтой алырдыгæй. Цæг къуындæгæй-къуындæгдæр кæны. Партизанты бынатæй ма райхъуысы иугай гæрæхтæ.

  Иуафон Никъалайæн йæ риу цыдæр асыгъта. Цæстытæ атарытæ сты æмæ йæ хæцæнгарз йæ къухæй æрхауд. Бæргæ ма афæлвæрдта йæ тыхтæ ‘рбамбырд кæныныл, фæлæ – ницыуал… Хъæлæс тугæй ахгæдта. “Мæнмæ гæсгæ, æгады мардæй нæ амардтæн”,- йæ сæры ма ферттывта уыцы хъуыды, æмæ йæ хъæбатыр зæрдæ банцад йæ кусынæй.

Чысыл фæстæдæр меньшевиктæ асыгъдæг кодтой хæцæн бынат. Цæфты кæдæмдæр, æбæрæг ранмæ аластой, мæрдты та иу ран самадтой æмæ сæ дыууæйæ хъахъхъæдтой. Мæрдтимæ разынд Никъалайы хистæр æфсымæры лæппу Серо дæр. Чидæр æнамонд хабар бахæццæ кодта Пичъиджыны хъæумæ. Никъалайы хæдзарæй райхъуыст хъарæг. Хъæу дæрддзæф кæй уыд, уымæ гæсгæ знаг уырдæм нæ бафтыд æмæ Багаты бинонтæ уым баззадысты, фæлæ ма фыдзаманы хистытæ чи кодта! Уый нæ, фæлæ ма-иу мæрдтæ фылдæр хатт сæ сыджыты хайыл дæр нал сæмбæлдысты.

Тома нырма Пичъиджыны уыд æмæ сфæнд кодта цыфæндыйæ дæр йæ мæрдты сæ хæдзарыл сæмбæлын кæнын.

Хур акъул, афтæ галтæ аифтыгъта æмæ йе ‘фсымæры лæппу, фынддæсаздзыд Мысостимæ араст сты фæсфæд рæтты. Томайæн йæхиуыл дæр æстдæс азы йеддæмæ нæма цыд, фæлæ уыд хъæбатыр хæстоныл нымад, йæ фондз æнгуылдзау зыдта фæндæгтæ дæр. Æмбисæхсæв уыдаид, афтæ бахæццæ сты бынатмæ. Мæрдтæ цалдæр раны рæдзæгъдтæй лæууыдысты æмæ сæ дыууæ хъалагъуры къæрцхъусæй хъахъхъæдтой. Тома Никъала æмæ Се-ройы мæрдтæ куы федта, уæд мæстæй йæ зæрдæ адымст, йæ цæссыгтæ нал баурæдта Мысост дæр. Ныртæккæ мастæй кæй ницы рахæсдзæн, уый зыдта Тома æмæ хъалагъуртæм хатын райдыдта, цæмæй йын йæ мæрдты радтаиккой.

– Дыууæйæ стæм æмæ нын фæйнæ æвзист сомы радт æмæ алас дæ мæрдты,- загъта сæ иу.

Тома йæ дзыппытæ асгæрста, разынд æм иунæг æвзист сом.

– Мæнæ мæм уый ис, айсут æмæ мын, уæ хорзæхæй, мæ мæрдты сæ сыджыты хайыл сæмбæлын бауадзут.

– Бирæ ма куы дзурай, уæд дæхæдæг дæр сæ фарсмæ схуысдзынæ, – уыд хъалагъурты дзуапп.

Тома æнæрцæф уыдис  æнæуый дæр æмæ мæстджын лæппуйæн уыцы ныхæстæм йæ маст рафыхт. Йæ дыууæ къухæй ацахста дыууæ лæгæн сæ хурхытæ. Уыдон ма сæ хотыхтæм фæлæбурдтой, фæлæ уайтагъд сæ къухтæ ауындзæгæй аззадысты.

– Æвзæр куыйтæ, æнаххос адæмы цæгъдут æмæ ма нын нæ мæрдты дæр уæй кæнут? – дзырдта знæтæй Багайы фырт æмæ хъахъхъæнджытæн тынгæй-тынгдæр сæ хурхытæ æлвæста. Уыдон чысыл фæстæдæр æдзæмæй æрхаудтой зæххыл, сæ хъуыртыл тæлмытæй баззадысты Томайы тыхджын къухты фæдтæ. Æвиппайды уæрдоны цурæй æрбазгъордта Мысост æмæ Томайæн тарстхуызæй адзырдта:

– Уæлбылæй акастæн ныртæккæ æмæ меньшевиктæ ссæуынц. Хæрз хæстæг сты, ныртæккæ сæ ардæм хъæуы.

Тома базыдта, дард ацæуын сын кæй нæ бантысдзæн, уый, æмæ Мысостмæ фæцис:

 – Хъус-ма, Мысост, нæ иу уæддæр хъуамæ аирвæза, цæмæй ам нæ мæрдтæ ма фесæфой. Цæугæ, æмæ бинонтæн радзур хабæрттæ, стæй сын бацамондзынæ, нæ мæрдтæ кæм сты, уый. Мауал фæстиат кæн, фæсфæдты лидзгæ кæн.

Мысост нæ коммæ касти, фæлæ йыл Тома куы схъæртæ кодта, уæд цæуынмæ фæци, хистæры ныхмæ дзурæнтæ нæ уыд. Тома уайтагъд дыууæ мард хъалагъурæн сæ хæцæнгæрзтæ фелвæста æмæ иу аууон ран балæууыд. Уалынмæ дæлбылæй сзынд гæрзифтонг меньшевикты къорд. Чъребамæ байхъуыст, амынд бынаты большевикты къорд дæрæнгонд кæй æрцыд, уый, æмæ Джугъели бæрæггæнæг арвыста цалдæр гвардионы. Тома базыдта, æвыдæй кæй нæ аирвæздзæн, уый, æмæ, æгады бæсты — мæлæт, зæгъгæ, меньшевиктыл дæнг-дæнгæй ралæууыд. Дыууæрдыгæй стынг ис æхст. Гæрæхтæ хъуыстысты Мысостмæ дæр, зыдта, Тома цы уавæры бахауд, фæлæ цы йæ бон уыд. Зæрдæсастæй тындзыдта сæхирдæм.

Дыууæ боны дæргъы цыд карз хæстытæ. Адæмæй фæсхохмæ чи нæ алыгъд, уыдон дæр хъæдты сæхи бааууон кодтой. Æртыккаг бон хæст чысыл фæсабыр. Хуссар Ирыстон цалдæр раны меньшевиктæй асыгъдæг. Мысост йæ уæрдон баивтыгъта æмæ иу æмбалимæ сæхи æмбæхсгæ ацыдысты мæрдтæ ласынмæ. Уырдæм куы бацыдысты, уæд федтой зæрдæриссæн ныв – Тома йæ фарсыл фæлдæхтæй лæууыд, йæ хæцæнгарз йæ фарсмæ, афтæмæй. Чысыл фалдæр – дыууæ хъалагъуры мардæй уæлдай ма ноджыдæр цыппар меньшевикыл баталынг сæ хур Томайы къухтæй. Иннæрдыгæй, меньшевиктæ уый размæ кæй амардтой, уыцы партизанты мæрдтæ. Хæст кæй стынг уыцы бонты, уымæ гæсгæ меньшевиктæ дæр сæ мæрдты нал аластой. Мысост йæ зонгуытыл æрхауд Томайы раз æмæ йæ цæссыг нал баурæдта. Йæ буар æгасæй дæр уыд нæмгуытæй сыхырнагонд. Æгады мардæй нæ амард Тома, æхсæз гвардионы барвыста йæ разæй мæрдтæм. Уæлдайджынтæй райста йе ‘фсымæр Никъала æмæ æфсымæры лæппу Серойы туг.

Мысост йе ‘мбалимæ уæрдоныл æрластой æртæ марды Пичъиджынмæ. Бирæ цæссыг ахастой æртæ хъæбатыры.

Мæнæн Никъала уыд мæ мады мадæн йæ фыд. Мæ нана-иу арæх дзырдта, уый фæстæ азты сæм, Тома æмæ Никъалайы æмбæлттæй æгас чи баззад, уыдон куыд арæх цыдысты, сæ рухс ном-иу сын ссардтой, сæ хæбатырдзинады хабæрттæ-иу сын фæкодтой, фæлæ чысыл уыд æмæ дзы бæлвырд ницы бахъуыды кодта. Уыдон та уыдысты, партизанты къордæй ма цæфтæй кæй аластой меньшевиктæ, уыдонæй дыууæ лæджы. Куыд рабæрæг, афтæмæй сæ фондзæй аластой Калачы ахæстонмæ, цæмæй сæ исты бæрæггæнæнтæ райсой, кодтой сын фыдмитæ, фæлæ дзы ацы дыууæйæн бантыст ралидзын. Иннæ æртæйæн сæ фæд фесæфт. Ацы дыууæ лæджы чи уыдысты, уый нал рабæрæг, фæлæ сæ иу Джиотæй кæй уыд, уый ма хъуыды кодта мæ нана.

Нæ аирвæзтысты Багаты бинонтæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дæр æвыдæй. Уырдæм фæцыдысты Никъалайы фырттæ Магрез æмæ йæ рæстæджы ахуыргонд, мединституты студент Иван, стæй йæ чызджы цардæмбал Лалыты Гиуæрги (мæ мады фыд) æмæ йе ‘фсымæр, æвддæсаздзыд Турки. Уыдонæй ма фæстæмæ йæ хæдзарыл хъæдхъиутæй сæмбæлд Магрез, иннæтæ сæ цард радтой Фыдыбæстæйы сæрвæлтау.

ДЖУСОЙТЫ  Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.