Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы æвзæрстыты хайад райсыны нысанæн Хуссар Ирыстоны территорийыл гом æрцæудзæн дæс æвзарæн фадыджы. 17 сентябрæй 19 сентябрмæ нæ бæстæйы алы уæрæсейаг æмбæстагæн дæр фадат уыдзæн уыцы ахсджиаг æвзæрстыты се ‘мбæстагон хæс бафидынæн.

Ацы ахсджиаг политикон цаумæ цæттæгæнæн куыстытæ, æвзæрстыты хайад райсынæн цахæм уавæртæ арæзт æрцыд æмæ æмткæй æвзæрстыты тыххæй радзырдта «Спутник – Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры уазæг, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.

Уый лæмбынæг радзырдта, цæмæй хицæн кæнынц Уæрæсейы территорийыл уагъдцæуæг æвзæрстытæ арæнтæн æддейæ. Арæнтæн æддейæ æвзæрстыты хайад райсын йæ бон у алы уæрæсейаг æмбæстагæн дæр, кæцыфæнды фадыгмæ æрбацæугæйæ. Уæрæсейы территорийыл та арæзт цæуы æвзарджытæн номхыгъдтæ æмæ æмбæстаг æвзарæн фадыгмæ куы æрбацæуы, уæд æрбавдисы æмбæстагдзинад бæлвырдгæнæн æмæ уый бындурыл уымæн лæвæрд æрцæуы бюллетен.

Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвары ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстон кæддæриддæр æвдыста стыр политикон активондзинад кæцыфæнды æвзæрстыты дæр æмæ йæ ныфс ис, æмæ ныр дæр бæрзонд активондзинад кæй равдисдзысты УФ-йы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстыты. Уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейæгтæ дæр иуварс ма хъуамæ баззайой, цæмæй ацы ахсджиаг цауы æмбæлон хайад райсой.

Хуссар Ирыстон хъæлæс кæндзысты Читайы æвзарæн зылды

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы аз Уæрæсейы Федерацийы Централон æвзарæн къамисы уынаффæмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ кæй хъæлæс кæндзысты Фæсбайкалы крайы Читайы æвзарæн зылды. Ныридæгæн иуæй-иу категорийы æмбæстæгтæн фадат уыд æмæ развæлгъау – 3 сентябры хайад райстой æвзæрстыты. Уыдон нымæц ныридæгæн æртæ минæй фылдæр у. Уæдæй абонмæ æвзæрстыты хайад райстой Хуссар Ирыстоны территорийыл УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм æфсæддон базæйы службæгæнджытæ æмæ УФ-йы Федералон Æдасдзинады службæйы Арæнхъахъхъæнæг управленийы кусджытæ æмæ сæ бинонтæ.

Марат Кулахметовы ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ Уæрæсе ис ахсджиаг политикон цауы къæсæрыл. Уæрæсейаг æмбæстæгтæ хъæлæс кæндзысты федедералон партион номхыгъдтæ æмæ иумандатон зылдты фæдыл.

Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æнхъæлмæ кæсынц Хуссар Ирыстоны территорийыл æвзарæн фадгуыты æппæт уæрæсейаг æмбæстæгтæм. Хуссар Ирыстон Фæсбайкалы краймæ фидаргонд кæй у, уымæ гæсгæ уыцы политиктæ æмæ зындгонд адæймæгтæ чизоны æмæ бынтон зындгонд не сты. Фæлæ минæварад максималонæй бацархайдта, цæмæй не ‘мбæстæгтæ зоной, кæмæн хъæлæс кæнынц, уыдоны.

Марат Кулахметов куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ алы уæрæсейаг æмбæстаг дæр хъуамæ хайад райса æвзæрстыты, уымæн æмæ уый бæрæг кæны нæ иумиаг фидæн.

 

Вирусæй хибахъахъхъæныны мадзæлттæ æмæ медицинон уагдæтты хъæлæс кæныны фæтк

Ныртæккæ дунейы алы къуымты æнæ-хайыры вирус кæй тезгъо кæны, уымæ гæсгæ алы адæймаг дæр хæсджын у, цæмæй æдасдзинады мадзæлттæ хъахъхъæна æвзæрстыты рæстæджы.

Республикон бирæпрофилон центры «сырх зонæйы» цы медицинон кусджытæ кусы, уыдонæн дæр уыдзæн æвзæрстыты хайад райсынæн сæрмагонд уавæртæ. Уыцы фарст скъуыддзаг æрцыд республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадимæ иумæ.

“Ныртæккæ рынчын чи у æмæ рынчындоны чи ис, уыдонæн дæр фадат уыдзæн æвзæрстыты хайад райсынæн. «Сырх зонæйы» цы рынчынтæ ис, уыдон дæр, сæ уавæрмæ гæсгæ, хайад исдзысты æвзæрстыты. Æппæт хъарутæй дæр архайдзыстæм, цæмæй уæрæсейаг æмбæстæгтæ се ‘ппæт дæр хайад райсой æвзæрстыты», – банысан кодта минæвар.

Уый ма радзырдта æвзæрстыты хъусдарджытæ æмæ информацион фæрæзты куысты фæткы тыххæй. УФ-йы Централон æвзарæн къамис цы хъусдарджытæ срегистраци кодта, уыдон номхыгъд къамис æрвиты æвзарæн фадгуытæм æмæ хъусын кæнынц фадыгон æвзарæн къамисмæ, уыцы фадыджы кæй кусдзæн бæрæг адæймаг. Уæрæсейы закъондæттынадмæ гæсгæ иу хъусдарæгæн бар ис, æмæ куса, æрмæстæр, иу фадыджы.

Информацион фæрæзты куыстыл дзургæйæ минæвар банысан кодта, уыдон номхыгъд развæлгъау æмразыгонд кæй æрцыд РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитетимæ. Информацион фæрæзтæн бар нæй, æмæ æвзарæн урнæ уæрæхæй исой, æвзарæгæн йæхи куынæ фæнда, уæд.

19 сентябры изæры аст сахатыл хъæлæс кæныны процесс урæд æрцæудзæн æмæ къамис æрæвналдзæн ахсджиаг хаймæ – бюллетентæ нымайынмæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.