Уæрæх форматы уагъд æрцыд Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы Президенттæ Бибылты Анатоли æмæ Рауль Хаджимбайы фембæлд.

Фембæлды райдианы Рауль Хаджимба   банысан кодта,   Хуссар Ирыстоны делегаци РА-ы уæлахизы æмæ хæдбардзинады боны цытæн  бæрæгбонон мадзæллты хайад кæй исы, уый Абхазæн кæй у ахсджиаг .

«Зынаргъ хæлæрттæ, зынаргъ Анатоли Ильяйы фырт, махæн тынг æхсызгон у абахазаг зæххыл уæ кæй уынæм Абхазы адæмæн ахæм стыр бæрæгбоны размæ. Не ‘фсымæртæ ацы мадзалы хайад кæй исынц уый махæн у ахсджиаг цау. Мах иу æмæ дыууæ хаты нæ банысан кодтам, нæ паддзахадты сæндидзыны историйы иумæйагдзинад, æнусты дæргъы не ‘хсæн цы ахастытæ сæвзæрд, уыдон ахсджиагдзинад. Æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, мах уыцы ахастытæ хъуамæ дарддæр дæр рæзын кæнæм, цæмæй не ‘взонг фæлтæртæ фидарæй лæууой уыцы позицитыл», – загъта РА-ы Президент.

Уый ма ныфс бавæрдта, иумæйаг æмгуыстад кæй æрхæсдзæн æввæрццаг фæстиуджытæ.

«Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы цы размæцыд ис, уый бæлвырд кæны, мах æдзух æмархайд кæй кæнæм уæрæсейаг фарсимæ, кæцы ахъаз у нæ паддзахадты рæзтæн. Уыимæ иумæ, мах иу æмæ дыууæ хаты нæ загътам, архайын кæй хъæуы, цæмæй нын уа сæрмагонд фадæттæ,   кæцытæ нын раттой нæ адæмы раз цы фарстатæ сæвзæры, уыдон сæрмагондæй скъуыддзаг кæныны фадат», – банысан кодта Рауль Хаджимба.

Бибылты Анатоли Абхазы Уæлахизы æмæ хæдбардзинады бон схуыдта иумæйаг бæрæгбон

«Мах цины æнкъарæнтимæ райстам  Республикæ Абхазмæ уæ фæхуынд, цæмæй хайад райсæм абахазаг адæмы уæлахизы 25 азы бæрæгбоны. Ацы бæрæгбон æвдисæн у, абхазæгтæ цас бæрцæй уарзынц сæ зæхх, цы хъайтардзинад равдыстой сæ арæнтæ, сæ территори, сæ адæмы хъахъхъæныны хъуыддаджы. Уыцы тохы ирæттæ хайад кæй истой, уый нын тынг хорз æнкъарæнтæ æвзарын кæны нæ зæрдæты.  Мах уыцы уæлахизмæ иумæ цыдыстæм, æмæ ацы бæрæгбон дæр махæн у иумæйаг», – загъта РХИ-йы Президент.

Уый ма банысан кодта, дыууæ æфсымæрон паддзахады æхсæн ахастытæ бæрзонд æмвæзадыл кæй сты.

«Абон  махæн ис не ‘ддагон политикæ æмæ спортивон ведомствоты, культурæйы министрадты æхсæн серьезон æмархайд. Тынг æнгом ахастытæ ис нæ паддзахадты цардуаджы алы фадыджы дæр, æмæ мах уынæм нæ ахастытæ дарддæр  дæр кæй рæзынц. Мæн фæнды, цæмæй нæ уæлахизтæ уой фылдæр сабыр царды дæр», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй фембæлды хайад райстой æдасдзинады советы секретарь Уалыты Валери, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр, Хъахъхъæнынады министр Гасситы Ибрагим, Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь, Парламенты депутат Чилæхсаты Владимир æмæ Республикæ Абхазы нæ республикæйы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Боциты Олег.

Абхазаг фарсæрдыгæй  Премьер-министр Валерий Бганба, Парламенты-Адæмон æмбырды спикер Валерий Кварчия, Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Беслан Барциц, Æдасдзинады советы секретарь Мухамед Килба, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Даур Кове, Мидхъуыддæгты министр Гарри Аршаба æмæ Хъахъхъæнынады министры хæдивæг Беслан Цвижба.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.