РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли хайад райста, Очамчиры Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæджытæн цы цырт бакондæуыд, уый фæдылцытджын мадзæлтты.

Хуссарирыстойнаг æмæ Абхазаг паддзахадты сæргълæу- джытæ дидинджытæ сæвæрдтой цыртыл.

Рауль Хаджимба æрымысыд Очамчыры районы æфсæддон операцитæ, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы цæрджытæ кæй æнхъæлмæ кастысты цырты арæзтады фæудмæ.

«Мах фæндыд, цæмæй цырт гом æрцæуа Уæлахизы бон нысан кæныны размæ. Мемориал æнустæм суыдзæн  нæ хæстонты хъæбатырдзинады, нæ Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинады сæраппонд тохы символ. Ардæм-иу фæсивæд æрбацæудзысты, цæмæй дидинджытæ сæвæрой, сæ сæртæй æркувой хъайтарты раз, æмæ æрымысой, цавæр аргъæй æлхæд æрцыд нæ адæмæн уыцы сæрибардзинад», – загъта Абхазы Президент.

Бибылты Анатоли дæр банысан кодта, йæ сæрæй ныллæг кæй кувы Абхазы хъахъхъæнджыты хъæбатырдзинады раз.

«Мах зонæм æмæ хъуыды кæнæм, цы зын фæндагыл рацыдысты абхазаг адæм. Мах æй хорз зонæм, цас бархионтæ   цыдысты ардæм, цæмæй абхазаг адæмæн баххуыс кодтаиккой. Уыдон æхсæн уыдысты Ирыстоны минæвæрттæ дæр. Фæлæ иу адæмы хатт дæр нæ баххуыс кодтаит Абхазæн, абхазаг адæм сæ хъайтардзинад куынæ равдыстаиккой, уæд. Æз мæ сæрæй ныллæг кувын, абхазы, ирæтты, æндæр адæмты хъайтардзинад æмæ ныфсы раз, кæцытæ равдыстой, цы у æфсымæрдзинад, равдыстой, фашизмæн уæвæн кæй нæй нæдæр Абхазы, нæдæр Хуссар Ирыстоны, нæдæр Донецкы, нæдæр Луганскы. Мæнæн тынг æхсызгон у абон ам кæй дæн. Мæ цæст уын уарзы, зынаргъ æфымæртæ æмæ хотæ, цæмæй уын сабыр царды дæр уа ахæм стыр уæлахизтæ», – загъта Бибылты Анатоли.

РХИ-йы Президент   венок сæвæрдта РА-ы дыккаг Президент Сергей Багапшы мемориалыл, Джгрядайы хъæуы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.