Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Хъахъхъæныны паддзахадон сæрмагонд скондæн сæ профессионалон бæрæгбоны – Хъахъхъæныны РХИ-йы паддзахадон службæйы сырæзты боны цытæн.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы æппæт кусджытæ дæр сты профессионалон æгъдауæй цæттæ æмæ сын бæрнджын ахаст ис сæ разылæууæг хæслæвæрдтæ æххæст кæнынмæ.

«Уæ разы цы хæстæ лæууы, уыдон æнцон не сты. Уыдон баст сты æхсæвæй-бонæй службæ кæныны режимимæ. Уыдон сты паддзахадон объектты, паддзахады фыццаг цæсгæмтты  сæрмагонд æдасдзинад хъахъхъæнын. Сымах уæ хæстыл тых кæнут.

Фæнды мæ зæрдыл æрлæууын кæнын, Хуссар Ирыстон тæссаг уавæры куы уыд, уæд Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы æппæт кусджытæ дæр кæй æрлæууыдысты хъахъхъæнджыты фарсмæ. Æнæ саргъгæнгæ нæй уыцы бонты уæ хъæбатырдзинад æмæ уе ‘рвылбонон куыстæн», – банысан кодта Президент.

Ныфс бавæрдта, цыбыр рæстæгмæ кæй аскъуыддзаг уыдзысты Хъахъ-хъæныны паддзахадон службæйы бæстыхайы сæ уавæртæ фæхуыздæр кæныны æмæ сæ пенсион ифтонгады   фарстатæ.

Бибылты Анатоли æрсидт тыхон структурæты æппæт къухдариуæг-гæнджытæм, цæмæй бакусой æнгом æмгуыстады фарстатыл.

«Мах хъуамæ иумиаг тыхтæй ралæууæм, нæ паддзахады раз цы тасдзинæдтæ ис, уыдоны ныхмæ», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Æндæр æмæ æндæр азты сæ куысты тыххæй службæйы æппæт къух-дариуæггæнджытæн бузныг зæгъгæйæ, æрæмбырдуæвджытæн загъта фидар æнæниздзинады, бинонты амонд æмæ сæ куысты дарддæры æнтыстыты фæндиæгтæ.

«Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр аккагæй кæй службæ кæндзыстут», – кæронбæттæны загъта Президент.

Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы кусджыты Бибылты Анатоли схорзæхджын кодта «Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæгæн» æмæ «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 10 азы сæххæсты цытæн» майдантæй.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.