31-æм августы Бибылты Анатоли йæхимæ райста Хуссар Ирыстоны областон советы XX-æм æрсидты адæмон депутаттæ æмæ  РХИ-йы Уæлдæр Советы фыццаг æрсидты депутатты, афтæ ма æвзæрстыты фæдыл Централон æвзарæн къамисы уæнгты.

Паддзахады сæргълæууæг райдианы арфæ ракодта депутаттæн Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты цытæн.

«Мæнæн æхсызгон у сымахимæ фембæлын, сымахæн арфæ ракæнын æмæ уын бузныджы ныхæстæ зæгъын. Сымах, уыцы азты, æвзаджы хъысмæт хъахъхъæнгæйæ, адæмы сомбоныл аудгæйæ, куыстат ирон адæмы сомбоныл, йе ‘ппæтвæрсыг райрæзтыл. Растдæр уын уымæн бантыстис ахæм ахсджиаг æмæ стыр хъуыддæгтæ саразын».

Дарддæр Бибылты Анатоли схорзæхджын кодта депутатты «Хуссар Ирыстоны Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты цытæн»  майдантæй, æмæ банысан кодта, уыдон кæй уыдысты Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады бындурæвæрджытæ.

«Уæ уынаффæйы, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад бахъахъхъæныны фæдыл уæ активон архайды руаджы ныр 10 азы дæргъы нæ республикæйы адæм цæрынц сабыр æмæ дидинæфтауæг бæстæйы, нæ сывæллæттæ фынæй кæнынц æдыхстæй, цард кæны бæстондæр», – загъта Президент.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.