Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент республикæйы цардархайды алыгъуызон фадгуыты минæвæртты схорзæхджын кодта паддзахадон хорзæхтæй, кæцытæ сæрмагонд хайбавæрд бахастой Хуссар Ирыстоны рæзтмæ, йæ хæдбардзинад æмæ территориалон æнæхъæндзинад бахъахъхъæнынмæ. Хорзæхджын кæныны церемони уагъд æрцыд РХИ-йы Президенты Администрацийы.

«Алкæйы хæс дæр нæ у, цæмæй РХИ-йы рæзтмæ йæ хайбавæрд хæсса. Адæмон иудзинады боны размæ æз æрæмбырд кодтон республикæйы цардархайды æндæр æмæ æндæр фадгуыты кусджыты, ахæмты, кæцытæй сæрыстыр у Хуссар Ирыстон. Мæ бон нæу уæ куыст уын ма банысан кæнон, уæ бирæ азты удуæлдай куыст Райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн. Бузныг уын уæ быхсындзинад æмæ хæрзиуæгон куысты тых-хæй», – загъта паддзахады сæргълæууæг æрæмбырдуæвджытæн.

«Ацы хорзæхтæ сты адæмы бузныгдзинад уæ пайдаджын куысты тыххæй», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахиуæгад сфидар кæныны хъуыддаджы се стыр лæггæдты, республикæйы хæдбардзинад æмæ территориалон æнæхъæндзинад бахъахъхъæныны фæдыл сæ активон архайды тыххæй æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты цытæн Президент «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 10 азы сæраппонд» майдантæй схорзæхджын кодта РХИ-йы Парламенты 1-аг æрсидты депутатты æмæ адæмон депутатты Хуссар Ирыстоны областон советы ХХ æрсидты къорд депутатты, ахуырадон фадыджы аккаг минæвæртты, Цхинвалы завод «Электровибромашинæ»-йы хуыздæр кусджыты, афтæ ма Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæджыты хæстæ æххæстгæнæг Бибылты Валерийы.

Кадджын нæмттæ лæвæрд æрцыдысты æнæниздзинад хъахъхъæнын, ахуырад, культурæ æмæ дзыллон информацион фæрæзты фадгуыты минæвæрттæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахиуæгад сфидар кæныны хъуыддагмæ йе стыр хайбавæрды, журналистикæйы фадыджы сæрмагонд сгуыхтдзинæдты тыххæй æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты цытæн Кады орденæй хорзæхджын æрцыд Мыхуыры хæдзары редактор Хуыгаты Анатоли, «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы», «Хуссар Ирыстоны сабырады фæдыл службæйы тыххæй», «Республикæ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сæххæсты цытæн» майдантæй хорз-æхджын æрцыдысты Паддзахадон таможнæйон комитеты кусджытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.