Авд азы фæстæ, Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрад «Адæймаджы фервæзын кæныны тыххæй» майданæй схорзæхджын кодта Цхинвалы районы Рус-тауы хъæуы цæрджытæ, æмкъæйттæ Тедеты Геврик æмæ Алла Захаровайы.

Авд азы размæ, 2014 азы Додоты хъæумæ фæндагыл  дæлбыл ахауд УАЗ-469 маркæйы машинæ. Йæ мидæг бадтысты авд адæймаджы, машинæ cсыгъд. Йæ мидæг цы æрта-джы мигæнæн уыд, уый уайтагъд ныггуыпп кодта æмæ, машинæйы цы бæлццæттæ бадт, уыдон хуыдыг кæнын райдыдтой. Машинæйы дуæрттæ ныффидар сты æмæ тыхст адæ-мæн сæ бон æддæмæ раивæрзыны фадат нал уыд. «Нæ амондæн, нæ фæстæ цыдысты машинæйыл Тедеты Геврик æмæ йæ бино-йнаг Алла Захарова. Уыдон, æнамонд цау фенгæйæ, нæ фæтыхстысты, фæлæ арты гуылфæнмæ сæхи баппæрстой. Райдыдтой нæ уырдыгæй ласын иугай-дыгай. Машинæ куы стæвд, уæд æм æвналæнтæ дæр нал уыд, къухтæ сыгъта. Уырдыгæй нæ цыдæр амæлттæй раластой. Машинæйы цы авд адæймаджы уыд, уыдонæй иу ме ‘мкъай Къусриан уыд, уырдыгæй йæ бæргæ раластой Тедеты бинонтæ, фæлæ уый фæстæ йæ цæфтæй амард», – зæгъы Тыджыты Георги.

Ирвæзынгæнджытæй сæ иу – Алла Заха-рова уыцы уæззау ныв мысгæйæ, ныр дæр йæ цæссыг нæ уромы. «Тынг фæтарстæн, нæ разæй цы машинæ цыд, уый дæлбыл хаудæй куы ауыдтон æмæ куы ссыгъд, уæд. Фæлæ фæцарæхстæн, уадид мæ телефонæй тагъд æххуысмæ бадзырдтон. Уæдмæ Геврик сæ уæлхъус алæууыд. Машинæйы дуæрттæ ныффидар сты æмæ семæ архайдта. Бæлццæтты иугай-дыгай ласта. Æз та сæ иу фæсфæд аластон, сæхицæн сæ бон ницы уыд. Шофырæн йæ чызг йæ фарсмæ бадт æмæ уымæн йæ дарæс йæ уæлæ ссыгъд. Цыдæр пысул мæ къухы кæцæй февзæрд – нæ йæ бамбæрстон æмæ йæ уымæй тых æмæ фыдæй ахуыссын кодтон», – йæ цæссыг нæ урæдта, афтæмæй æрымысы абон дæр уыцы бон Алла.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй шофыры æдтæмæ куы раластой машинæйæ, уæд ын удæгас æнхъæл нал уыдысты, фæлæ йæ уæддæр иуварс баластой. Уалынмæ фæндагыл цавæрдæр машинæ рацæйцыд æмæ дзы дыууæ æрыгон лæппуйы рагæпп кодтой. Нæлгоймаджы йæ туджы мæцгæ куы ауыдтой, уæд сæ иу йæ хæдон феппæрста. Ас-къуыдтæ йæ кодта æмæ дзы лæджы цæф бабаста, стæй йæ машинæйы авæрдтой æмæ йæ рынчындонмæ аластой.

Тедеты Геврик машинæйæ тыхст адæмы исгæ-исын йæхæдæг дæр ссыгъд. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, машинæйы тыхст адæмæй никæйы ныууагъта. Уалынмæ сæ уæлхъус æрбалæууыдысты Тагъд æххуыс æмæ Уæлвæткон уавæрты министрады ирвæзынгæнджытæ. Ныр уыдон бæрны тыхст адæмы куы бакодтой, уæд сæ сæхимæ дæр равдæлд æмæ сæхи цæфтæ дæр бабастой.

4-æм марты ацы хъаруджын бинонтæн хорзæх дæтгæйæ Уæлвæткон уавæрты министрады сæргълæууæг Цоциты Азæмæт загъта: «Сымах уыцы уысм уым куынæ фæуыдаиккат, уæд ацы адæмæй ничи фервæзтаид. Сæ амондæн сæ æрбаййæфтат. Бузныг уæ сты, кæй сæ фервæзын кодтат, уыдоны хиуæттæ, хæстæджытæ нæ, фæлæ ма нæ министрад дæр». 

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.