Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт дохтыр»-ы кадджын номæй схорзæхджын кодта Дзукъаты Дмитрийы.

Хорзæхджын кæныны церемони уагъд æрцыд Мæскуыйы горæты нейрохирургион центры, кæцыйы къухдариуæггæнæг у Дзукъаты Дмитри.

Барамынды нысан æрцыд, зæгъгæ, кадджын ном лæвæрд цæуы фыдыбæстæйон медици-нæйы рæзтмæ йæ сæрмагонд хайбавæрд, бæрзонд профессионализм æмæ бирæ азты дæргъы цæсгомджын архайды тыххæй.

Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта Дзукъаты Дмитрийæн Хуссар Ирыстойнаг пациенттæм йæ æдзухон хъусдард æмæ хуссарирыстойнаг коллегæтæн йæ консультацион æххуысы тыххæй.

Дзукъаты Дмитри Президентæн фенын кодта медицион уагдоны дæлхайадтæ, радзырдта йын центры куысты тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.