Хорз зæгъын æмбæлы, нæ горæты сыгъдæгдзинад æмæ рæсугъддзинадыл æрвылбон дæр чи фыдæбон кæны, уыдоны куыстæй. Уынгмæрзджытæ сæ куысты уæлхъус балæууынц æхсæвы 3-4 сахатыл æмæ сæ куыст бакæнынц, цалынмæ адæм нæ сызмæлынц, уæдмæ. Къаддæр нæу сæ хæрзиуæгон архайд, сквертæ, газонтæ æмæ æндæр фæзуæтты алыгъуызон дидинджытæ чи ныссадзы, уый фæстæ дæр æмбæлон зылд кæй арæхстджын къухты фæрцы æййафынц, уыцы кусджытæн дæр. Афтæ кусынц æмæ фыдæбон кæнынц нæ уарзон горæт сыгъдæг æмæ аив кæныныл æмæ сæ уый тыххæй стæм райгонд.

Раст у, хицæн æмбæстæгтæ ницæмæ дарынц, горæты рæсугъддзинадыл чи фыдæбон кæны, уыдоны æвæллайгæ архайдæн. Цæвиттон, иуæй-иу цæрджытæ сæ брæтты æркалынц, кæм не ‘мбæлы, ахæм рæтты, кæд сæм хæрзæввахс вæййынц бронкалæн асыччытæ, уæддæр. Уыдон та сын хъуамæ аргъ кæной сæ куыстæн, стæй дæр сыгъдæгдзинад   хъахъхъæнын у махæй алкæй комкоммæ хæс дæр æмæ йыл хъæуы аудын. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ æмбæлон службæйы кусджытæн кæд сæ куыст бæрæгæй зыны, уæддæр-иу куыстыл сæ къух систой. Раздæр азты сæрды тæвд рæстæджы бон цалдæр хатты уынгтæ пырх кодтой донæй, уымæй дарддæр ма газонтæ æмæ æндæр бынæтты цы бæлæстæ ис, уыдонмæ дæр æмбæлон æгъдауæй зылдысты. Фæлæ, хъыгагæн, ныр цалдæр азы уыцы арфæйаг хъуыддаг рохуаты аззад, нал сæм фæкæсынц донæй. Кæд бæлæсты уæлдай æмæ хус къалиутæ асыгъдæг кæнынц, сæ зæнгтæ сын сцæгъдынц чъыры тæнгъæдæй, уæддæр сæм донæй фæкæсын кæй фæхъæуы, ууыл дæр хъуамæ батыхсиккой. Уый фæстиуæгæн бæлæсты сыфтæртæ бирæ рæтты фæбур сты, бахус ма, газонты цы кæрдæг байтыдтой, уый дæр. Æнæмæнг сног кæнын хъæуы ацы куыст, цæмæй удæнцой уа куыд бæлæстæн, афтæ ма, фистæгæй чи фæцæуы, уыцы æмбæстæгтæн дæр.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.