Ныртæккæ кæд цард уæззау у, уæддæр нæ алыварс разыны ахæм хæларзæрдæ адæймæгтæ, кæцытæ дæм цыфæнды уавæрты дæр се ‘ххуысы къух фæдаргъ кæндзысты. Мæ уацы мæ фæнды иу ахæм хорз адæймаджы кой ракæнын. Уый у  мæ  æгъдауджын  сыхаг Харебаты Гарик. Ацы цæстуарзон æмæ адæмуарзон адæймаг йæ хорз хъуыддæгтæй у цæвиттойнаг æндæртæн. Истæй тыххæй йæм куы бахатай, уæд уайтагъд дæ уæлхъус æрбалæудзæн æмæ дын дæ проблемæ æвæстиатæй аиуварс кæндзæн. У арæхстджын къухты хицау. Рæхсы алцæмæ дæр, æвæццæгæн,  æрдзæй рахаста ахæм курдиат.

Сыхы ‘хсæн йæ лæггады хай кæм нæ бакæны, фæнды хъыджы, фæнды цины фынджы, ахæм нæй. Цæвиттойнаг у адæммæ йæ уæздан ахастæй дæр, куыд сыхбæсты, афтæ кæм кусы, уым дæр. Гарикæн ис хорз бинонтæ. Йæ цардæмбал Джыгкайты Элинæимæ хъомыл кæнынц æртæ хъæбулы – иу чызг æмæ дыууæ лæппуйы. Уыдонæн дæр дæттынц  хорз хъомылад.

Харебайы фырт уæлдай тынгдæр лæггад кæны мæхуызæн æвæрæз æмæ иунæг адæймæгтæн. Ныр цалдæр азы дæргъы мæ хæдзары цыдæриддæр нæлгоймаджы куыстытæ ис, уыдон мын æххæст кæны Гарик, никуы базивæг кæны, афтæмæй. Æвæццæгæн, нæ сыхæгтæй иу дæр афтæ нæ зæгъдзæн, æмæ искуы  искæйы дзыхы ныхасæй дæр фæхъыг кодта. Уæздан, салам ныхасæй дарддæр дзы никуы ничи ницы фехъуыста. Сæрбахъуыды рæстæджы та дæ фарсмæ æрбалæудзæн алыхатт дæр. Тынг бирæ лæггад дзы зонын. Æмбисонд афтæ куы у, зæгъгæ, дам, хорз хио-нæй хорз сыхаг хуыздæр у. Гарикы хуызæн адæймæгтæ нæ алыварс фылдæр куы уа, уæд нæ цард рæсугъддæр æмæ цымыдисондæр уыдзæн. Нæ цард ахæм цæстуарзон æмæ зæрдæхæлар адæймæгтæй фидауы.

Фæнды мæ Харебаты Гарикæн уæ газеты фæрцы арфæ ра-кæнын. Нæ цæст ын бауарздзæн фидар æнæниздзинад æмæ бирæ азты цæрæнбон. Дæ хъæбулты хурæй æфсæст у. Адæмы хорзæх дæ уæд ноджы дæр!

ДЖИОТЫ Варя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.