Сӕрдыгон бонты бирӕбӕрцӕй фæфылдæр вæййы ӕрдзы хъӕбысмӕ улӕфынмӕ цӕуджыты нымӕц. Уыимӕ, хъыгагӕн, фӕфылдӕр вӕййынц улӕфӕн бынӕтты, донбылгӕрӕтты брæттæ дӕр. Ацы хъуыддаг афтæ кæй у, уый цӕрджытӕм ӕвзӕрын кӕны æнæразыдзинад, социалон хызӕгты пайдагӕнджытӕ фӕфыссынц мӕстыгӕр тексттӕ «ахæм улӕфджыты» ныхмӕ. Фӕлӕ уавæр хуыздæры ‘рдæм нæ ивы.

Хæрзарæзтады управленийы кусджытæ, афтæ ма фæсивæд дæр арæх саразынц зиутæ, ссыгъдæг кæнынц ахæм бынæттæ, куыд Джеры дзуар, Тулдзы къох, донбылгæрæттæ æмæ уæлмæрдты дæр, фæлæ уыцы сыгъдæгдзинад бирæ нæ ахæссы.

Ӕрӕджы та ахӕм зиу ауагътой Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттӕ — бафснайдтой горӕты фæсвæд уынгтӕ ӕмӕ горӕтгæрон территори.

«Цынæ хуыз брæттæ дзы вæййы, ахæм нæй. Æгæрыстæмæй, сæ хæдзары брæттæ æрбаласынц суадæтты цурмæ, улæфæн бынæттæм, машинæйыл цæугæйæ сæ раппарынц фæндаггæрæттӕм. Афтæмæй та бронкалæн асыччытæ арæх сты горæты уынгты æмæ цас зын хъуыддаг у, искуыдæм цæугæйæ машинæ фæуромай æмæ дæ брæтты уым ныппарай», — загъта ХИПУ-йы студент Гæбæраты Мадинæ.

Хъуыддаг дисы æфтауы фæсивæды. Студентты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон арӕх рахыл вæййынц адæмимæ, сæ брæттæ брондонмæ куы нæ фæхæццæ кæнынц, уæд.

«Æрмæст горæты нæ, фæлæ ма, хъыгагæн, æддейæ, донбылгæрæттæ, хъӕдтӕ, быдыртӕ хуыздæр уавæры не сты», — йе ’нæразыдзинад равдыста студенткӕ Кокойты Аннæ дæр.

ХИПУ-йы студенттӕ сидынц цӕрджытӕм, хистæр адæймæгтæм, цæмæй аудгӕдӕр ахаст дарой нӕ раттӕг ӕрдзмӕ, сæ фæстæ ма уадзой чъизи æмæ æрдзы рæсугъддзинадæй æхцон-дзинад исой æндæртæ дæр.

«Хъуыддагæн фæивæн ис æрмæстдæр иумийаг тыхтæй. Хъуамæ алчи дæр æмбара, æрдз нæ иумийаг аудинаг кæй у», — зæгъы Аннæ.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.