Ныртæккæ мах къамы цы уынæм, уымæн иу ныхасæй ис афтæ зæгъæн — æрдзæн фыдаудæн кæнын! Ацы къам систам Хуыбылты Валерийы номыл улæфæн паркы, Стыр Леуахийы доны был. Чидæр доныбылæй ракалдта гæххæттыты стыр тыхтон. Цæугæдон кæй нæ аласта, уыдон та дымгæ ныффалгæрон кодта æмæ улæфæн паркы алы къуымты ратæх-батæх кодтой. Гæххæттытæй дарддæр ма былæй ракалдтой ПЭТ-ботлатæ, целофаны пакеттæ æмæ ма æндæр хæлцадон брон дæр. Паркы тезгъогæнджытæ иууылдæр æвдыстой се ’нæразыдзинад, кæрæдзи фарстой, цыма, дам, гæнæн нæ уыд ацы брон асыччыты ныппарын? Ацы цау æрмæст æрдзæн фыдаудæн нæ нысан кæны. Уый, фыццаджыдæр, дзурæг у адæймаджы миддунейы культурæйыл. Фарстимæ бацыдыстæм Мидхъуыддæгты министрады фадыгон æмæ æхсæнады фæтк хъахъхъæныны инспектор Остъаты Олегмæ. Уый куыд загъта, афтæмæй уыдон периодиконæй уадзынц профилактикон рейдон мадзæлттæ. Уæлдайдæр та донбылмæ хæстæг цæрджыты ’хсæн. «Мах бафæдзæхсæм цæрджыты, цæмæй брон ма калой донмæ. Сæрды бонты та цæмæй сæхи ма найой æнæзонгæ цæдты. Цæугæдонмæ брон кæй калынц, уымæ гæсгæ дзы, гæнæн ис, уа алыгъуызон цыргъ предметтæ. Æмæ цæмæй трагеди ма æрцæуа, уый тыххæй сæхицæй дарддæр хъуамæ бахизой сæ сывæллæтты дæр. Ис ахæмтæ дæр, доныбылтыл ныууадзынц зынг, уый та расайы зынсирвæзтытæм. Фæлæ, куыд кæсын, афтæмæй алчи бæрндзинад нæ хæссы йæ намысы раз. Ахæмты хъæуы ивар кæнын. Уымæн æмæ кæм цæрыс, кæм улæфыс, уымæ дын уæлæнгай ахаст куы уа, уæд фыдбылызæн æнæрцæугæ нæй. Мæнмæ гæсгæ ахæм бынæтты бакæнын хъæуы видеоцæстдарæнтæ».

Экологи, геологи æмæ æрдзæй-пайда кæныны комитеты кусджытæ дæр разы сты фадыгон инспекторы хъуыдыимæ. Хъуамæ, дам, ахæм фæткхалджытæ æнæмæнг дæр цæуой ивар. Уый, дам, фæахъаз уыдзæн фыдбылызтæ фæкъаддæр кæнынæн, фæлæ уæддæр алчи йæхæдæг куынæ тыхса æрдзы æдасдзинадыл, йæхи хæрзæгъдауæй дарыныл, уæд уавæр бирæбæрцæй нæ фæхуыздæр уыдзæнис.

Æрдз нæ радтæг, нæ дарæг у! Æмæ йæ хъуамæ хъахъхъæнæм, ау-дæм ыл. Цæмæй нæ фæстæ цы фæлтæртæ цæрой, уыдон дæр дзы æхцондзинад исой. Махæй алкæй бон дæр у æрдзы сыгъдæгдзинадмæ хайбавæрд бахæссын. Алчи дæр куы архаид йæ алыварс æмæ донбылтæ алыгъуызон брæттæй сыгъдæг кæныныл, уæд æрдз æнæниздзинады хос уаид адæмæн. Нæ фыдæлтæ æрдзы сыгъдæгдзинад нымадтой уды сыгъдæгдзинадыл æмæ йæ хъахъхъæдтой. Цы цæугæдæттæм хæстæг цардысты, уым дæр иу кæсаг ахстой æрмæстдæр бæрæг афонты. Еугæф афон бар нæ уыд донмæ хæстæг бацæуын, ома, дам, кæф цæуæт кæны. Уыцы фæтк чи хæлдта, уымæн иу «æрдзæй æлгъыст у», зæгъгæ, дзырдтой. Афтæ уыд цуаны рæстæджы, сырдтæ цæуæт куы кодтой, уæддæр цуаны ничи цыд, стæй суг кæнынæн дæр уыд йæхи афон, дон та бынтон табуйаг уыд, дон чъизи кæнын нæ фæччыдис, брæттæ дæр донмæ ничи калдта. Суадоны донмæ ног чындзы куы кодтой, уæд-иу скодтой æртæ кæрдзыны, «доны чызджытæн» иу æй бафæдзæхстой. Ныр та? Нæ цæугæдæттæй брондæттæ сарæзтам.

Кæцыфæнды цæугæдон æмæ цæдты былтæ йедзаг вæййынц бронæй, уæлдайдæр та сæрды. Хистæртæ семæ акæнынц сæ сывæллæтты, улæфынмæ, фæцæл кæнынц æмæ сæ фæстæ брон ныууадзынц. Уымæй уæлдай ма æнаккаг æвзагæй дæр фæдзурынц. Сывæллон та цы уыны, уый фæлхатт кæны.

Уазæгты Марфа