Æрдзон натуралон ресурстæ фæстаг азты адæймагад кæй куынæг кæны, уымæ гæсгæ æнæмæнгхъæуæг ссис, цæмæй ацы уавæрмæ паддзахады ‘рдыгæй хъусдард здæхт цæуа. Бирæ сырдты, мæргъты, уыцы нымæцы кæсæгты хуызтæ нæм сты куынæгкæныны къæсæрыл. Уыдоны æмрæнхъ ма кадавар кæнынц æрдзы стæм хуызы зайæгойтæ дæр. Уымæ гæсгæ браконьерты ныхмæ тох кæнын у æнæмæнгхъæуæг къахдзæф, цæмæй хъахъхъæд цæуа æрдзы флорæ æмæ фаунæ.

Бархалджыты ныхмæ бæрæг фыдракæнды фæдыл уголовон æфхæрдæй дарддæр ист цæуынц æндæр æфхæрæн мадзæлттæ дæр. Сæрмагондæй та, Уæрæсейы Федерацийы административон бархалынæдты кодексы бындурыл бæрндзинадмæ конд цæуы, æмæ хъуамæ компенсаци бафида бæрæг фæткхалæг. Уыцы компенсацийы бæрц бæрæг цæуы бынаты барадхъахъхъæнæг органты кусджыты руаджы.

Кæд бæрæг æфхæрæн мадзæлттæ ис, уæддæр нæ республикæйы территорийыл нæ къаддæр кæнынц ацы фадыджы бархалæн цаутæ. Æрдзхъахъхъæнынады фадыджы проблемæтыл паддзахадон органтæ куыд контроль кæнынц, уымæ цымыдис кодтам мах. Уымæн æмæ æнæзакъонæй æрдзон ресурстæй пайдагæнджытæ къаддæр кæныны бæсты кæнынц фылдæр. Нæй æмбæлон ахаст, нæ хъæдты сырдты хъахъхъæнынмæ. Браконьертæ сæ монцты фæдыл цæуынц, ницæмæ дарынц фæткойтæ æмæ сæ æнæзакъонон архайд дарддæр кæнынц. Нæ хъуыды кæнынц, цы стыр зиан хæссынц нæ алфæмблай флорæ æмæ фаунæйæн, ууыл. Бирæ хъæддаг сырдтæ нæ республикæйы территорийыл апарахат кæныны нысанæн æрластæуыд бæстæйæн æддейæ. Æмæ уыдон цæстыгагуыйау хъахъхъæныны бæсты сыл цуан кæнынц бирæ цуан-гӕнджытӕ æмæ сæ куынæг кæнынц. Афтæмæй, иуæрдыгæй сæ рапарахат кæныныл архайæм, аннæрдыгæй та – сæ скуынæг кæныныл?

Уый фӕдыл бирӕ цӕвиттонтӕ ӕрхӕссӕн ис, фӕлӕ дзы иу мӕ зӕрдыл баззад уӕззау мысинагӕй… дыууӕ ӕртӕ азы размӕ хи ирхӕфсыны нысанӕн ацыдыстӕм хъӕдмӕ кӕм зокъотӕ, кӕм мыртгӕ, уагъылытӕ, цымтӕ, зӕгъгӕ, ӕрӕмбырд кӕнӕм зымӕгмӕ. Нӕ хъустыл ауад хӕдӕхсы къæр-къæр ӕмӕ знæт куыйты фæдисы рæйд. Цыбыр рӕстӕгмӕ нӕ цурмӕ тугкалгӕ удаистӕй ӕрбалыгъд, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм уындджын, хӕрзхуыз сӕгуыт. Раст цыма лӕгъстӕ кодта, ома мӕ фервӕзын кӕнут ацы удхортӕй… Уалынмӕ куыйтӕ дӕр ӕрбахӕццӕ сты йӕ фӕдыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ къухты бын цы бахауд, уыдонӕй знӕт куыйтӕм ӕвзидын райдыдтам. Фӕлӕ тарст сӕгуыт уæдмæ хъӕды фӕтары. Дардӕй цы «хъайтарты» хъӕр хъуыст, уыдон нӕ æнӕразыдзинады ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, сӕхи айстой цуаны бынатӕй.

Ахæм цаутæ арæх вæййынц æмæ сӕ ӕнæразыдзинад æвдисынц районы бынӕттон цӕрджытӕ дӕр, зӕгъгӕ, стӕм хъӕддаг цӕрӕгойты чи куынӕг кӕны, уыдонӕн сӕ ных куы бакъуырӕм, уӕд нӕм фелвасынц, цуан кӕныны бар сын чи дӕтты, ахӕм гӕххӕттытӕ.

Ацы проблемæйыл иугæйттæй ма хъуамæ дзурæм.  Сæ архайд дæр фæтынгдæр кæной, сæ хæс кæмæн у браконьерты ныхмæ тох кæнын, уыцы организацитæ.

Браконьерты ныхмæ тох кæныны мадзæлттæ

Браконьердзинад ныртæккæ у иууыл парахатгонддæр экологион фыдракæнд. Уыдон руаджы бирæ биологон ресурстæ кæнæ нал сты кæнæ та  сын тæссаг у скуынæг кæнынæй. Уымæн æмæ браконьертæн сæ фæсонæрхæджы дæр нæй биологон хуызтæ бахъахъхъæнын æмæ бирæ сырдты марыны бар кæй нæй, уыцы ахсджиаг хъуыддаг. Нæ хъуыды кæнынц ууыл, æмæ кæй кадавар кæнынц алыгъуызон биологон хуызтæ æмæ кæй цуды  нæ регионы экономикон хæрзвадатдзинад. Сæйраг сын у сæхи хъæддаг сырды дзидзайæ бафсадой, дардæр цы уыдзæн, ууыл хъуыдыгæнæг не сты. Афтæмæй та уыцы хъӕддаг цӕрӕгойтӕ ницахæм тæссагдзинад хæссæг сты адæймагадæн дæр. Æндæр хъуыддаг у, хæдзарон фосмæ цы бирæгътæ æмæ хъæддаг гæдытæ лæбурынц, уыдон фарст. Фæлæ уыдон фыд хæрынæн нæ бæззы æмæ сыл цуан дæр ничи кæны. Афтæмæй ацы сырдты хуызтæ бирæ кæнынц æмæ зиан кæнынц хъæууон фæллойгæнæгæн.

Хæдзардзин ахаст дарын хъæуы тобæ бынæттæм

Тобӕ бынӕтты фӕдыл уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ йӕ территорийыл бар нӕй ӕмӕ дзы адӕймаг хӕдзарадон архайд кӕна – бӕлӕстӕ лыг кӕна, цуан кӕна, кӕсӕгтӕ ахса, хос кӕрда, хъӕддаг дыргътӕ ӕмбырд кӕна æмæ æндæртæ. Уый æппынæдзух зæрдыл дарын хъæуы, цæмæй парахат кæной бынæттон флорæ æмæ фаунæ, уымæн æмæ тæссаг у, куы скуынæг уой иуæй-иу кадавар зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ. Æнæбанысангæнгæ нæй Цхинвалы районы Зонкъары тобæ зонæйы тыххæй. Уым арæзт æрцыд, уазджытæ кæм баулæфой, ахæм чысыл уазæгдон. Ис дзы музей, йæ территорийыл цы хъæддаг сырдтæ ис, уыдон быдыргътимæ. Тобæгонд зонæйы территорийыл æвæрд ис, хъæддаг сырдтæ зымæгон рæстæджы кæм хæрой, ахæм æфсæйнаг конструкцитæ.

Зонад-иртасæн куыстытæ ауадзынæй æмæ режим хъахъхъæд куы цæуа, уæд бæрæг фæфылдæр уыдзысты сагты уæздан хуызтæ, дзæбидыртæ, сæгуыттæ, æрсытæ æмæ сæлавыртæ.

Уæдæ ноджы æмæ ноджыдæр сидæм ахæм зондыл хæст адæммæ, кæцытæ зилынц æмæ æнæвгъау  куынæг кæнынц хъæддаг цæрæгойты. Хæдзардзин ахастæй бирæ кæнгæ у, æмæ уыцы хæрзиуæгон хорз хъуыддаг зæрдыл дарын хъæуы!

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.