АХУЫРАДОН УАГДÆТТÆ ЦÆТТÆ СТЫ СКЪОЛАДЗАУТЫ РАЙСЫНМÆ

РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик кусæгон æмбырд ауагъта районты администрациты сæргълæуджытимæ. Æруынаффæ кодтой радон финансон азы районты бюджетон плæнттыл, ахуырадон уагдæтæ куыд цæттæ сты, афтæ ма æрдзон æнамонд-дзинæдты фæстиуджытæ аиуварс кæныны проблемæтыл.

«Æнæмæнгхъæуæг у радон азæн бюджетты проекттæ аразгæйæ, æппæт нюанстæ  дæр бахынцын. Курæг уæ дæн,  цæмæй плæнттæм барасткæнинæгтæ бахæссат, куыд гæнæн ис, афтæ бæстондæрæй æмæ къуырийы кæронмæ Хицауадмæ æркæсынмæ æрбавдисут æппæт æмбæлон документтæ æмæ æрмæджытæ», – загъта Пухаты Эрик æрæмбырдуæвджытæн.

Районты администрациты къухдариуæггæнджытæ Хицауады Сæрдарæн фехъусын кодтой, зæгъгæ, ахуырадон уагдæттæ цæттæ сты сывæллæтты райсынмæ.

Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæг банысан кодта, зæгъгæ, Дзауы поселочы скъола-интернаты бæстыхай æххæстæй реконструкци æрцыд зынгсирвæзты фæстæ, цæттæ у йæ куыст райдайынмæ æмæ æнхъæмæ кæсы йæ хъомылгæнинæгтæм.

«Бæстыхаимæ иумæ хæрзарæзт æрцыд йæ алыварс авд гектары зæхх, асыгъдæг æй кодтам пыхсытæ æмæ хус кæрдæджытæй. Цæттæ у футболон фæзуат дæр, кæцыйы сарæзтам сæрмагондæй Президент Бибылты Анатолийы æххуысы руаджы», – бамбарын кодта Магкоты Уырызмæг.

Тæрккъæвдаты фæстиуджытæ аиуварс кæныны фарстыты фæдыл Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг фехъусын кодта, зæгъгæ, ныртæккæ куыст цæуы, Згъу-биры хъæуы дон цы хид раласта, уый сæндидзын кæныныл.

«Цæрджытæ ма хъуамæ баззайой æддагон дунеимæ æнæ бастдзинадæй. Цалынмæ сæйраг хид цалцæг цæуы, уæдмæ уал сæвæрдтам рæстæгмæ хид фистæгæй цæуджытæн. Экстренон цауты рæстæджы та нæ бон у Леуахийы цæугæдоны иннæ фарсмæ ахизынæн зынвæндæгтыл цæуæг машинæтæй спайда кæнын», – банысан кодта Магкоты Уырызмæг.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

 

КУЫСТЫТЫ ГРАФИКÆЙ ФÆСТЕЙÆ ЗАЙÆН НÆЙ

2018 азæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ куыд реализаци цæуы, уый ис нæ республикæйы разамынады æдзухон хъусдарды бын. Ацы фарстыл дзырд цыдис, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы сæрдариуæгадæй цы æмбырд ауагъд æрцыд, уым дæр.

Инвестпрограммæйы зынгæ бынат ахсы нæ горæты уынгты схæрзарæзт кæнын. Æмæ ацы фарсты фæдыл дзургæйæ, Хицауады Сæрдар банысан кодта, сæ аразыны темптæ кæй сты фæтагъддæркæнинаг. Уымæ гæсгæ подрядон организациты къухдариуæггæнджыты бафæ-дзæхста, ахæм уавæрæн быхсæн кæй нæй æмæ зæрдыл æрлæууын кодта, объекттæ эксплуатацимæ дæттынæн кæй ис сфидаргонд æмгъуыдтæ æмæ уыдон хъахъхъæд куынæ цæуой, уæд персоналон бæрндзинад кæй хæссы алы къухдариуæггæнæг дæр.

Арæзтадон организациты разамонджытæ куыд загътой, афтæмæй графиктæ кæй фе-хæлынц, уымæн йæ аххосæгтæй сæ иу у, арæзтадон æрмæджытæ æмæ æртагсæрдæн æрмæджытæй рæстæгыл ифтонг кæй нæ цæуынц. Уый фæдыл Пухаты Эрик карзæй æрдомдта, цæмæй хъусдард здæхт цæуа арæзтады процесс организаци кæнынмæ.

Уымæй дарддæр ма Хицауады Сæрдар банысан кодта, вазыгджындæр куыстыты кæй хъæуы кусджыты бригадæтæ фæфылдæр кæнын.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.