ЦÆК куыд фехъусын кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис срегистраци кодта депутаттæм фондз кандидаты иумандатон округтæй.

Регистраци æрцыдысты: Гаглойты Алан (8-æм округ), Гæджиты Сослан (15-æм округ), Гасситы Алыксандр (3-æм округ), Елбачиты Алыксандр (12-æм округ) æмæ Чысиаты Константин (5-æм округ).

Дыууæ æмбæстаджы та Централон æвзарæн къамисæн фехъусын кодтой, æвзæрстыты агъоммæйы кампанийы хайад кæй нæ исдзысты, уый тыххæй.

«Депутатты æвзæрстыты тыххæй» закъонмæ гæсгæ, депутаттæм кандидатты скондæй æмбæстагæн йæхи ссæрибар кæныны бар ис, æвзæрстытæм ма æртæ боны куы баззайа, уæды онг.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.