Бирæ зындзинæдты сæрты рахызтысты ирон адæм 90-æм азтæй 2008 азтæм. Уыдон уыдысты нæ ног историйы æгъатырдæр азтæ. Уыцы азтæ Ирыстон æмæ йæ адæмæн систы историон цаутæн æвдисæн дæр, сæйрагдæр та уыд, ирон адæм цæмæ бæллыдысты, уый – нымад æрцыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Уыцы азты æрцæугæ цауты ‘хсæн уыд æрдзон катаклизмæтæ дæр, кæцытæ  ирон адæмæн æрхастой тугкалд, удзиæнттæ, зæрдæрыст.

Рацыд 27 азы, Хуссар Ирыстоны историйы æрцæугæ уæззаудæр цаутæй сæ иу – Хахеты трагедийыл.  Уыцы бон нæ адæмыл рахæтыд æрдз, нызмæлыд зæхх æмæ скуынæг кодта æнæхъæн хъæу Хахет, баззадысты æнæ цæрæн хæдзæрттæй сæдæгай бинонтæ, ныппырх сты æмæ фесæфтысты зæххы уæлцъарæй Дзауы районы хъæуты хисæрмагонд æмæ паддзахадон уагдæтты бæстыхæйттæн сæ фылдæр. Æрцыд, рагфыдæлтæй фæстæмæ Ирыстоны историйы чи никуы ма æрцыд, ахæм стыр зæххæнкъуыст, æмæ кæд ныр рацыд æнусы цыппæрæм хайæ фылдæр, уæддæр уыцы бон баззад ирон адæмы зæрдæты, сæ мысынады æрвылаз дæр сног вæййынц уыцы тæссаг фыдбылызхæссæг уысмтæ.

Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр, Синагуры хъæуы астæуккаг скъолайы педколлектив æмæ ахуыргæнинæгтæ скъолайы директор Бестауты Аркадийы сæргълæудæй бафснайдтой трагедийы фæмардуæвджыты иумæйаг ингæн. Бестауты Аркади куыд зæгъы, афтæмæй æртæ боны дæргъы уыдон бакодтой асджиаг куыст. «Мах, скъолайы коллектив, æрвылаз дæр бацархайæм, Хахеты трагедийы чи фæмард, уыдоны ингæнтæ æмбæлон уагмæ æркæныныл. Уый тыххæй рацæуæм æмбырдæй педколлектив æмæ ахуыргæнинæгтæ æмæ саразæм æппæт дæр, цæмæй нæ сæфт æмхъæуккæгты ингæнты æмбæлон уагмæ æркæнæм. Ныр дæр та уыд афтæ, нырма уал ныссыгъдæг кодтам ингæты алфæмблай, бафснайдтам сын сæ бацæуæнтæ, ныссыгъдæг сæ кодтам, зымæджы фæстæ цы брæттæ æрæмбырд, уыдонæй. Уый фæстæ сахуырыстам ингæнты æмбондтæ. Ныр та фæнд кæнæм дидинтæ дзы ныссадзын», – загъта уый.

1991 азы 29 апрель Ирыстоны историйы æмæ нæ хъуыдыкæнынады баззад радон сау тæлмæй куыд тас, зæрдæрыст æмæ трагикон бон. Ацы хъæуы цæрджытæ сæ мысинæгты куыд зæгъынц, афтæмæй нырма дæр, цыма знон æрцыдысты, афтæ ирдæй сæ цæстыты раз уайынц уыцы уысмты æрцæугæ нывтæ. «Боны 12 сахатмæ æввахс райхъуыст цавæрдæр æнахуыр тæссаг гуыбар-гуыбур, уалынмæ сыстад рыг æмæ нынкъуысти зæхх. Мах  афтæ æнхъæлдтам,  нæ фыдбоны сыхæгтæ та нæ цавæрдæр æхсæнгарзæй æхсын райдыдтой, фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй уый уыд хæстæй бирæ  тæссагдæр –  цалдæр уысммæ хохлæсæн аныхъуырдта Хахеты хъæуы æд цæрджытæ», – æрымысыд Синагуры хъæуы цæрæг Бестауты Мери.

Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй зæххæнкъуыст уыд 8-9 баллы, хъæуы сæрмæ хох нæ бафæрæзта зæххæнкъуысты тыхджын уылæнтæн, раскъуыд йæ бынатæй æмæ сæмбæлд йæ ныхмæ лæууæг хохыл. «Дыууæ хохы ‘хсæн раздæр цы ком уыд, уым февзæрыд хохлæсæн æмæ дзы цы дон цыд, уымæн æрæхгæдта йæ фæндаг. Дон раскъуыд  æмæ йæхицæн фæндаг айгæрста Гуырдзыйы ‘рдæм. Уырдыгæй нæм æрвылбон дæр ирвæзынгæнджытæ æрвыстой Хахеты æнамонд цæрджыты буæртты хæйттæ. Ам, нæхи территорийыл дæр кодтам ирвæзынгæнæн-агурæн куыстытæ  æнæхъæн цалдæр мæйы дæргъы æмæ-иу цъыфы æрфæнты ссардтам кæмæн йæ цонг, кæмæн та буары æндæр хæйттæ. Баныгæдтам-иу сæ иу ран æмæ сын фæстæдæр уыцы бынаты сарæзтам мæнæ ацы иумæйаг уæлмæрд», –  радзырдта Бестауты Аркади.

Æдæппæт, Хахеты трагедийы амæттаг баисты 41 хахеттаг цæрджыты, уыдоны ‘хсæн – 18 æнахъом скъоладзауы, 14 адæймаджы Гæджитæй æмæ 26 та Бæззатæй. Сæ рухс нæмттæ  сын ссарыны охыл Синагуры хъæуы уагъд æрцæудзæн номарæн чысыл мадзал.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.