Ирон адæм бирæ зындзинæдтæ æмæ хъизæмæрттыл рацыдысты. Нæ рагфыдæлтæ  алантæ æмæ нартау хъайтар æмæ фæразон кæй сты, уымæн æвдисæн – нæхæдæг. Дыууын азæй фылдæры дæргъы зын рæстæджы сæрты рахизыны фæстæ, абон  мах фидарæй уырны, нæ сомбоны цард бирæ хуыздæр æмæ рæсугъддæр кæй уыдзæн нæ ивгъуыдæй.  Фæлæ  нæ абоны æмæ фидæны рæсугъд цард цы историон цаутыл амад цæуы, уыдоны ‘хсæн бирæ ис трагикон цаутæ дæр æмæ махæй хъуамæ рох макуы уой. Уыцы азты æрцæугæ цауты  ‘хсæн уыд æрдзон катаклизмæтæ  æмæ нын уыдон дæр æрхастой, удзиæнттæ, æнæферохкæнинаг трагикон бонтæ.

1991 азы 29 апрель Ирыстоны историйы æмæ нæ хъуыдыкæнынады баззад куыд тас, зæрдæрыст æмæ трагикон бон. Уыцы бон нæ адæмыл рахæтыд æрдз дæр, нызмæлыд зæхх æмæ скуынæг кодта æнæхъæн хъæу, баззадысты æнæ цæрæнхæдзæрттæй сæдæгай бинонтæ, ныппырх сты æмæ фесæфтысты зæххы уæлцъарæй Дзауы районы хисæрмагонд æмæ паддзахадон уагдæтты арæзтæдтæн сæ фылдæр. Уыцы бон æрцыд, Ирыстоны историйы чи никуы уыд, ахæм стыр зæххæнкъуыст, æмæ кæд ныр рацыд æнусы цыппæрæм хайæ фылдæр, уæддæр æрвылаз дæр ацы бон сног кæны уыцы тæссаг æмæ фыдбылызхæссæг уысмтæ.

«Уыцы азты нæ тугдзых сыхæгтимæ ахастытæ карзæй карздæр кодтой æмæ 1991 азы 27 апрелы Гуырдзыстоны парламент ауагътой æмбырд, цыран рахаст æрцыд тæрхон, Хуссар Ирыстоны Знауыры æмæ Дзауы районтæ аивын. 28 апрелы районы цæрджытæн фехъусынчындæуыд, зæгъгæ, ацы фарсты фæдыл адæм цæмæй сæ  хъуыды зæгъой, уый тыххæй дыккаг бон райцентры уагъд æрцæудзæн митинг. 29 апрель уыд къуырисæр бон æмæ адæм атындзыдтой чи йе скъоламæ, чи та – йæ куыстмæ. Уымæ гæсгæ хæдзæртты бирæ адæм нæ баззад. Чи ма дзы уыд, уыдон та боны 12 сахатыл рацыдысты митингмæ. Митинг сорганизаци кодта, уæды партийы райкомы нымæрдар, ныртæккæ дзæнæттаг   – Джиоты Заирæ.  Мадзал бæргæ райдыдта, фæлæ Заирæ, æгæрыстæмæй, митинг цæй тыххæй уадзынц, уый тыххæй йæ ныхас дæр нæма загъта,  афтæмæй райхъуыст,  хъустæ кæмæй къуырма кодтой, ахæм гуыбар-гуыбур, сыстад рыг æмæ цæст ницыуал уыдта. Сызмæлыд бæстæ, къæхты бын зæхх дыууæрдæм змæлын райдыдта, бæсты-хæйттæ  сæ мидбынаты «кафын» райдыдтой æмæ иугай дыгай, хъазæнтæй амад арæз-тæдтау, зæхмæ згъæлдысты. Райдайæны адæм  нæ бамбæрстой, цы  ‘рцыд.  Нæ зыдтам, цы хъуамæ саразæм æмæ кæмæ куыд растдæр каст, афтæ архайдта йæхи æмæ йе ‘ввахс адæмы бахъахъхъæныныл …», – радзырдта Дзауы районы цæрæг Битеты Вильям.

Уыцы тыхст рæстæджы, æвæццæгæн, хорзыл æппындæр ничиуал хъуыды кодта, фæзындысты цавæрдæр æнахуыр, бамбарæн кæмæн нæй, ахæм æнкъарæнтæ. Фæстæдæр Дзауы районы Хахеты хъæуæй райхъуыст æнамонды хабар – зæххæнкъуысты фæстиуæгæн раскъуыд  хох æмæ йæ быны фесты æнæхъæн хъæу æд цæрджытæ… Хахеты хъæумæ æввахс хъæуты цæрджытæй бирæтæ федтой, адæймаджы хъуыдыкæнынадæй ферохгæнæн кæмæн нæй, ахæм нывтæ. «Куыд æрвыл бон, афтæ та уыцы бон дæр ацыдыстæм нæ куыстмæ, Синагуры астæуккаг скъоламæ. Хахеты хъæуы нæ уыд скъола æмæ сабитæ цыдысты махмæ.  Нæ зонын, цы æнкъарæнтæ уыд цæрæгойтæм, фæлæ хæдзарон фос иууылдæр ралыгъдысты сæрвæттæй, стыгуыр сты хъæумæ æввахс æмæ цæф сырдау уынæргъыдтой. Мах æнхъæлдтам, тæвд бон кæй у, уымæ гæсгæ сæхи афтæ дарынц. Цæрджытæй бирæтæ хъаст кодтой, сæ туджы æлхъывдад æгæр бæрзонд кæй схызт, æмæ сæхи æнкъардтой æвзæр. Боны 12 сахат æмæ 13 минутыл райхъуыст цавæрдæр æнахуыр тæссаг уынæргъын, сыстад тыхдымгæ æмæ стæй та райхъуыст, бамбарæн дæр кæмæн нæ уыд, ахæм гуыбар-гуыбур. Мах фенхъæлдтам, нæ фыдбоны сыхæгтæ та ныл цавæрдæр æхсæнгарзæй æхсын райдыдтой, фæлæ… Цалдæр уысммæ бабын сты æгас хъæуы цæрджытæ…», – радзырдта Синагуры хъæуы цæрæг Бестауты Мери.

Фæстæдæр дунейы алы къуымтæй Ирыстонмæ æрцыдысты ирвæзынгæнджытæ, сейсмологон  иртасджытæ, ахуыргæндтæ æмæ уыдон куыд загътой, афтæмæй зæххæнкъуысты уылæнтæ цыдысты хæрдмæ нæ, фæлæ фæрсæрдæм æмæ уæд сæ тых вæййы хъомысджындæр. Синагуры астæуккаг скъолайы директор Бестауты Аркъади куыд радзырдта, афтæмæй Хахеты хъæуæн рагæй фæстæмæ тасдзинад æвзарын кодта, цæгатварс  цы бæрзонд хох ис, уый. Уымæн йæ бындур уыд чъыр æмæ тас уыд, йæхигъæдæй дæр куы ракалдаид, уымæй. Нæ бафæрæзта зæххæнкъуысты тыхджын уылæнтæн æмæ ракалд, æрцыд удзиæнттæ.

Гæбæраты Людæ уыд Бæззаты Пъетърейы чындз, Пъетърейы бинонтæ 16 бинойнагæй бынсæфт фесты иу уысммæ, уыдонимæ –  чи нæма райгуырд, уыцы æдзард хъæбул дæр бабын йæ мады гуыбыны, æрвон рухс нæ фенгæйæ.

Бестауты Фаризæт та уыцы бон рацыд Дзауы митингмæ.  Йæ  чызг Эммæ скъолайæ куы рацыд, уæд æй йе ‘намонды хъуыдытæ ахастой Хахеты хъæумæ йæ хæстæджытæ Бæззаты Пъетъретæм. Хъæумæ æххæстæй дæр нæма бахæццæ, афтæмæй уый дæр фæцис лæбырды амæттаг, ссардтой ма йын æрмæстдæр йæ уæнгтæй иу цалдæр хайы. «Эммæ нырма 11-æм къласы ахуыр кодта, нымад уыд комбæсты æппæты рæсугъддæр æмæ зондджындæр кæстæрыл. Ахуыр кодта тынг хорз, уыд фердæхтджын æмæ æппæтмæ дæр æвзыгъд хъæбул. Уыд хъæубæсты фидæны ныфс»,- загъта Эммæйы æввахс хион Джиоты Залинæ.

Нæ баззадысты æвыдæй Дзауы районы иннæ хъæутæ Теделет, Цъон, Къуайса æмæ æндæртæ дæр æмæ уыдон махæй рох никуы уыдзысты. Зын у, зæххæнкъуыст ирон адæмы зæрдæты цы хъæдгæмттæ ныууагъта, уыдон байгас кæнын. Рæстæг йæ цыды хай кæндзæн, цæудзысты азтæ, фæлæ махæй никуы ферох уыдзæн уыцы бон, чи  бабын сты, уыдоны рухс нæмттæ. 

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.