СТЪОЛЫ ТЕННИС

Фыццаг хатт Хуссар Ирыстоны спортивон историйы цхинвайлаг спортсменкæ Елбачиты Иринæ ссис стъолы теннисæй Уæрæсейы командон чемпионаты бронзæйон призер. Иринæ архайдта мæскуыйаг командæ «Праковка»-йы сконды. Уый тыххæй хъусын кæны йæ тренер Джиоты Мириан. «Иринæ Уæрæсейы командон чемпионаты бронзæйон призер кæй ссис, уый стыр хъуыддаг у нæ республикæйы стъолы теннисæн. Уый стыр хайбавæрд бахаста йæ командæйы æнтыстмæ. Чемпионаты размæ йæ цæттæ кодтам Цхинвалы, стæй ма йæ арвыстам дыууæ дунеон ерыстæм æмæ уыдон фæрцы чемпионатмæ бацыд хорз цæттæйæ», – банысан кодта Джиоты Мириан. Уый ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй Иринæйы командæ Уæрæсейы командон чемпионаты хайад райсыны бар райста раздæр Мæскуыйы чемпионат рамбулгæйæ.

 

ФУТБОЛ

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Спартак» Уæрæсейы дыккаг дивизионы Хуссар зонайы 21 туры уазæгуаты хъазыд Назраны «Ангушт»-имæ. Хъазт фæцис ирон футболистты уæлахизæй 2:0 хыгъдæй. Дыууæ пуртийы дæр дзæуджыхъæуккæгтæ бакодтой хъазты дыккаг æмбисы. 78-æм минутыл расгуыхт Гуырцъыты Батраз, æртæ минуты фæстæ дæр та ныхмæлæууæг командæйы кулдуары пурти бакъуырдта Суанты Руслан.

«Спартак»-ы сæйраг тренер Гæззаты Юри загъта: «Тынг уæззау хъазт уыд. Фембæлды райдианæй ныхмæлæууæг командæйы футболисттæ архайдтой сæхиуыл æнæауæрдгæйæ. Тынг сыл зындис, кæй сæ фæндыд  рамбулын. Фæлæ фæстæдæр хъазт сæмхуызон. Фембæлды дыккаг æмбис цалдæр хъазæджы баивтон æмæ уый бæрæгæй фæзынд нæ архайдыл».

 

СПОРТИВОН ХЪÆБЫСХÆСТ

30-æм апрелы дагъыстайнаг горæт Каспийскы райдайдзæн спортивон хъæбысхæстæй Европæйы чемпионат. 4-æм майæ гауызмæ рахиздзысты уæгъдибар хъæбысхæстæй архайæг спортсментæ. Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сконды архайдзысты Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæ æртæйæ. Чемпионатмæ сæхи цæттæ кæнынц Цæболты Хетик, Байцаты Владислав æмæ Найфонты Артур. Уæрæсейы æмбырдгонд командæ арæзт æрцыд Гран-при «Иван Ярыгин-2018» æмæ дунеон турнир «Дан Колов æмæ Никола Петров»-ы фæстиуджытæм гæсгæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.