Хуссар Ирыстоны æппæт аргъуанты дæр ауагъдæуыд службæ – Хуыцаумæ бакуывд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты фæмардуæвджыты рухс нæмттæ ссарыны тыххæй.

Цхинвалы Уырыссаг чырыстон аргъуаны Уаз Æртæиууон Хуыцауы кувæндоны, цыранмæ  æрбацыдысты Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, ауагъдæуыд мысæн литурги Хуыцаумæ бузныджы скуывдимæ иумæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахиз кæй балæвар кодта, уый цытæн. Литурги уагъта аргъуаны сауджын фыд Серги.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Райгуырæн бæстæйы тыххæй чи тох кодта, уыдон нæмттæ куы фæмысынц, уæд уый Уæрæсейы æмæ раздæры Советон Цæдисы чырыстон дины уырнонтæн стыр бæрæгбон у.

Фыд Серги банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны дæр ахæм хæдзар нæ баззад, йæ  бинонтæй хæсты быдырмæ кæмæн нæ ацыд, кæнæ Уæлахизы тыххæй фæсчъылдым чи нæ фæллой кодта.

«Æз бузныджы куывд скодтон Хуыцаумæ, карз знаджы ныхмæ тохы рæстæджы нын кæй æххуыс кодта, уый тыххæй. Фæлæ Александр Невский афтæ дзырдта: «Хуыцау тыхы мидæг нæй, фæлæ  рæстдзинады». Æмæ нын раст дæр Хуыцау бацамыдта, рæстдзинады сæрвæлтау фæлæууæн ис цыфæнды тыхы ныхмæ дæр», – загъта уый.

Аргъуаны уыдысты, йæ къултыл ын нывтæ чи кæны, уыцы нывгæнджытæ дæр. Паддзахады сæргълæууæг уыдонæн дæр раарфæ кодта æмæ сын бузныг загъта сæ оперативон æмæ гъæдджын куысты тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты

пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.