Ацы аз 8 майы уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æстæм сессийы æвдæм рабадт. Уагъта йæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

РХИ-йы Парламенты Бюджет æмæ хъалонты комитеты сæрдар Коцты Жаннæ уынаффæ кæнынмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны 2018 азы паддзхадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект. Ацы фарсты фæдыл лæмбынæг æрныхас кодта РХИ-йы финансты министр Хæбæлаты Азæ.

Ацы фарстыл уынаффæ кæныны хайад райстой депутаттæ Мамиты Инал, Диакъонты Амиран, Кадзты Филипп.

Депутаттæ æмхъæлæсæй райстой ацы закъоны проект.

РХИ-йы Парламенты сессийы рабадты куыстæн хатдзæгтæ сарæзта РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Сессийы куысты хайад райста РХИ-йы Парламенты РХИ-йы Хицауады æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.