Райсом, 19-æм январы, куыд æппæт дунейы Чырыстон бæстæтæ, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр банысан кæндзысты стыр æмæ уаз бæрæгбон – Донаргъуыд. Аргъуаны бæрæгбонтæй ацы уаз бæрæгбон нымад цæуы, куыд иууыл ахсджиагдæр æмæ нысаниуæгджындæртæй сæ иуыл. Ацы цытджын бонæн стыр нысаниуæг ис алкæцы чырыстон диныл хæст адæймаджы царды дæр. 19-æм январимæ баст сты æндæр æмæ æндæр традицитæ, афтæ ма ис бæрæг фæткойтæ, кæцыты æнæмæнгæй хъæуы æххæст кæнын. Донаргъуыды бæрæгбонмæ Чырыстон диныл хæст адæм сæхи фæцæттæ кæнынц раздæр.

Бæрæг куыд у, афтæмæй нæ республикæйы адæм фæстаг цалдæр азы активондæрæй  райдыдтой цæуын нæ горæты цы  аргъуантæ ис, уырдæм сæхи фæдзæхсынмæ. Чысыл сабийæ суанг хистæр кары адæймæгты онг ацы сыгъдæг бон райсынц донаргъуыд æмæ сæхæдæг куыд фæзæгъынц, афтæмæй райсынц стыр удæхцон-дзинад. Чырыстон дин куыд амоны, уымæ гæсгæ 18-19 январмæ æхсæвы æмæ æгас бон зæххыл цыдæриддæр дæттæ ис, уыдон иууылдæр вæййынц сыгъдæг, аргъуыдгонд. Уымæ гæсгæ ацы бон æрмæст найын нæ хъæуы, фæлæ ма хъуамæ мигæнæны сисай уаз донæй, афæдзы дæргъы йæ дарай дæ хæдзары æмæ дзы пайда кæнай.

Донаргъуыды бæрæгбонон литурги уагъд æрцæудзæнис нæ горæты Сыгъдæг Æртиуон Чырыстон аргъуаны дæр. Фыд Серги куыд загъта, уымæ гæсгæ фæнд кæнынц ауадзын æхсæвыгон службæ, кæцыйы сæ бон у хайад райсын æппæт чырыстон адæмæн дæр. «Бæрæгбонон литурги райдайдзæнис 18-æм январы изæры дæс сахатыл, кæцы аххæсдзæнис цалдæр сахаты бæрц. Доны аргъуыд райсын кæй фæнда, уыдоныл дзуарæфтыд бакæндзыстæм бæрæгбоны фæстæ æмæ йæ размæ дæр», – загъта Фыд Серги.

Адæмы уырнынадмæ гæсгæ, ацы бон æппæт суадæттæ æмæ цæугæдæттæн вæййы алæмæттаджы хосгæнæн тых дæр æмæ уый зонгæйæ, ацы бон донаргъуыды рæстæджы Хуыцаумæ кувæг адæмæй йæ ныфс чи хаста ихджын донмæ, уый-иу дзы цалдæр хатты дæр аныгъуылд. Чырыстон дин куыд амоны, афтæмæй ацы дыууæ бон цыфæнды уазал доны дæр дæхи куы ныннайай, уæддæр нæ фæрынчын уыдзынæ, æмæ æцæг афтæ дæр у.

Фыд Серги куыд фæдзæхсы, уымæ гæсгæ, гæнæн уæвгæйæ, алчи дæр хъуамæ бацæуа аргъуанмæ, æмæ йын кæд уыцы фадат нæ уа, уæд та хъуамæ хæдзары скува. Иууыл сæйрагдæр та у, цæмæй дæ куывд цæуа сыгъдæг зæрдæйæ. Хъуамæ дæ хъуыдытæ æмæ дæ зæрдæ уой сыгъдæг æмæ дæ æвзæр макæмæн мацы фæнда. Ацы уаз бæрæгбоны адæймаг хъуамæ уа фæлмæн-зæрдæ, батæригъæд кæна æххуысхъуаг адæмæн æмæ сын баххуыс кæна, йæ бон куыд цæуа, афтæ. Æнæмæнгæй хъæуы ныббарын æмæ ферох кæнын хъыгдзи-нæдтæ, афтæ ма  сæйраг у, де ‘ввахс адæ-мæй хатыр ракурын дæр. Уæд адæймагæн йæхицæн дæр бирæ фенцондæр вæййы. Ацы сыгъдæг донæй куы нуазай, уæддæр хъуамæ æвзæр ма хъуыды кæнай, æвзæр хъуыддæгтæ ма аразай.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.