Æвæццæгæн Ирыстоны нæ райгуырд ахæм лæппу, кæцы сабибонты  нæ бауарзта æмæ нæ хъазыд хæстон хъазтæй. Æвæццæгæн уымæн, æмæ нæ адæмæн, рагфыдæлтæй фæстæмæ сæ удысконды ис хæстон хъуыддаг, зындзинæдты сæрты уæлахизæй хизын. Ацы дзырдты аккаг у нæ горæты цæрæг Тадтаты Хъазбег дæр.

Хъазбег райгуырд æмæ хъомыл кодта сабыр дуджы, фæлæ…  Фондз азы дæр ыл нæма сæххæст, афтæ рæстæг, цардуаг фæивта бындуронæй. Фехæлдысты, адæмтæн кæрæдзимæ цы тæхудиаджы ахастытæ уыдис, уыдон. Нал уыдысты кæрæдзи æмбарынхъом, кæрæдзийæн хæст расидтысты. 1999 азы Хъазбег каст фæцис астæуккаг скъола, бæллыд уæлдæр ахуырдзинад райсынмæ дæр, фæлæ… Фæлæ Гуырдзыстон йæ къух нæ иста ирон адæмы куынæг кæныныл. Уæд Хъазбег дæр Хуссар Ирыстоны фидауынгæнæг тыхты разамынды раз балæууыд æд куырдиат. Йæ фæндон æххæст æрцыдис æмæ йæ разыллæуæг хæстæ афтæ хорз æххæст кодта, æмæ-иу æппæлæн дзырдтæ арæх æрмæст йе ‘мбæлттæй нæ хъуыста, фæлæ йæ командиртæй дæр. Хорзæхджын æрцыдис Хуссар Ирыстоны кады грамотæйæ дæр. Уыдæттæ Хъазбеджы ноджы тынгдæр сразæнгард кодтой æмæ-иу ын цыдæриддæр бахæсгонд æрцыд, уыдон-иу æххæст æрцыдысты афоныл. Уавæр-иу кæм фæмæгуыраудæр, фæлтæрддзинад-иу фылдæр кæм бахъуыд, уырдæм арæхдæр кæй æрвыстой, уыдон ‘хсæн-иу уыд  Хъазбег дæр.

2004 азы гуырдзиаг фыдгæнджытæ ноджы æргомдæрæй ра-цыдысты æмæ нæ адæмы ныхмæ фæтынгдæр кодтой сæ хæстон архайдтытæ. Адæм æдæрсгæ нал уынгты цæуын уæндыдысты, нал – фæндæгтыл. Æхсæвæй-бонæй алыгъуызон æхсæнгæрзтæй æхстой горæты уынгты. Уыцы азты Ирыстон цы бирæ адæм фесæфта, уыдоны иу хай уыдысты, фæндæгтыл кæй ахстой, уыдон.

Кæд ма уæдмæ нæ адæмæй кæйдæрты уырныдта, æнхъæл уыдысты æмæ уавæр æрбæстон уыдзæнис, уæд уыцы бонтæй фæстæмæ алкæй дæр бауырныдта, уæдмæ хæларæй кæимæ цардыстæм, цæрæнбонты æфсымæры лæггад кæмæн кодтам, уыдон нæ адæмы сæ фыдæлты зæххæй фæсурын æмæ скуынæг кæнынмæ кæй æрхъавыдысты, уый. Уæдмæ, кæд бирæ ирон æмбæстæгтæ быхстой, уæд ныр – нал. Алкæй дæр сæ бафæндыд  Ирыстон æмæ ирон адæм хъахъхъæнджыты фарсмæ балæууын.

Хъазбегæн фидауынгæнæг тыхты сконды службæ кæнгæйæ, йæ хъуыддæгтæ цыдысты хорз, нæ йæ фæндыд, йемæ чи службæ кодта, уыдонæй фæхицæн уа, фæлæ бамбæрста, Ирыстон æмæ ирон адæмæн фылдæр æххуыс кæй уыдзæнис, Хуссар Ирыстоны æфсады рæнхъытæм куы бацæуа, уæд, æмæ афтæ дæр бакодта. Фидаргонд цы взводмæ æрцыдис, уымæн командæ кодта Ирыстоны хъæбатыр, дзæнæттаг Багаты Амиран. Гуырдзиаг фыдгæнджыты ныхмæ лæугæйæ, Хъазбег æмæ йе ‘мхæстонтæ цъус зындзинæдтæ нæ бавзæрстой, фесæфтой се ‘мхæстонтæй дæр, фæлæ Хъазбег арæхдæр цы хæстон архайдтытæ æрымысы, уыдонæй иу у Присы къуылдым гуырдзиаг фыдгæнджытæй куы хъахъхъæдтой, уый. Уæд дæргъвæтин æмæ карз тохтæ ницы ивындзинæдтæ æрхастой, алчи дæр сæ баззад йæ бынаты æмæ Хъазбег уый дæр банымадта æнтыстыл.

Ноджыдæр ма йæ зæгъон, Хъазбеджы цардвæндагæн хуымæтæг æмæ лæгъз рахонæн нæй, æцæг у, йе ‘мкарæнтæ се ‘ппæт дæр цух нæ баззадысты ахæм зынтæй, сæ сабидуг æмæ æвзонгад ацыд æхстытæ æмæ зындзинæдтæ уынгæйæ, фæлæ, ныр куыд фæзæгъынц, уый хыгъд абон не ‘ппæт дæр Ирыстон æмæ ирон адæмы размæцыды тыххæй исæм æхцондзинад, кæцы æхцондзинад нæ фæлтæртæ исдзысты æмæ хæсдзысты æнусæй, æнусмæ.

                                                                                            ГÆЗЗАТЫ Иван      

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.