Адæймаг йе ‘взонгады æнæферохкæнинаг азтæ арвиты скъолайы. Скъолайы ахуыры æмрæнхъ ам ссары æцæг æмбæлтты, фыццаг хатт уым бавзары фыццаг чысыл уæлахизтæ æмæ чысыл хъыгты ад дæр.

Ног ахуыры азмæ цæттæ кæнын райдайынц рагацау. Ныййарджытæ сæ сывæллæттæн фелхæнынц дарæс, ахуыргæнæн дзаумæттæ… Фæлæ хуымæтæджы хъуыддаг нæ вæййы, сывæллонæн скъолайы формæ æрцæттæ кæнын. Иууыл хуыздæр уæлæдарæс æмæ ахуырмæ хъæугæ дзаумæттæ балхæнын кæд алы ныййарæджы дæр фæнды, уæддæр уый бирæты бон нæу. Уымæн  æмæ азæй-азмæ æргътæ рæзынц тагъд.

Скъоламæ цæмæй сывæллоны æххæстæй срæвдз кæнай, уый тыххæй ныййарæджы дзæвгар æхца сисын бахъæуы йæ дзыппæй. Зæгъæм, ахуырмæ цæуæн уæлæдарæс магазинты æмæ базæртты бирæ ис: куыд аргъмæ, афтæ сæ хъуымацы гъæдмæ гæсгæ дæр. Æхца дæм уæд, æндæр цы балхæнай, уый ссардзынæ. Фæлæ, хъыгагæн, алкæмæ уыцы æхца нæ разыны…

Ахуыргæнæн дзаумæттæ дæр æхца нæ ассивынц ныййарджыты æвæрæнтæй. Уыйбæрц лыстæг хабæрттæ дзы ис, æмæ сæхæдæг хицæн ныхасы аккаг бавæййынц. Куы сæ æрнымайай, уæд 4000 мин сомæй къаддæр нæ рауайдзысты.   Фæлæ гæнæн нæй, фæразын хъæуы. Скъолайы товартæ æгæр бирæ кæй ракалынц базармæ, уымæ гæсгæ хатт æргътæ æрхауынц.

Ахуыргæнинæгтæн иуыл ахсджиагдæр дзаума йæ хызын у – æдзух йемæ архайы. Балхæнæн æй ис 2 мин сомæй уæлæмæ. Фæлæ специалисттæ æндæр дзырд нæ кæнынц, сæйраг йæ аргъ кæй нæу. Фыццаджыдæр, кæсын хъæуы, сывæллоны æнæниздзинадыл куыд æндавдзæн, уымæ. Хъуамæ фæсонтæм уæлдæф хæццæ кæна йæ хæсгæйæ. Стæй ма сыл хъуамæ уа, талынджы скъоладзаутæ бæрæг куыд дарой æмæ сæ шофыртæ куыд уыной, ахæм нысæнттæ.

Æмткæй райсгæйæ, 1-4 кълæсты ахуырдзауы скъоламæ бацæттæ кæнынæн бахъæуы æппынкъаддæр 10 мин сомы.

 

СКЪОЛАЙЫ ФОРМÆЙЫ ИСТОРИЙÆ

Скъолайы формæ – æнæмæнгхъæуæг æрвылбонон дзаума у скъоладзауæн ахуыры рæстæджы æмæ скъолайæн æддейæ скъолайон официалон мадзæлтты дæр.

Скъолайы формæйы тыххæй. Йæ райстыл цæуы дыууæсæдæ азы бæрц. Ацы рæстæджы дæргъы бирæ хæттыты фæивта йæ хуыз,  аивтой-иу æй æмæ та йæ фæстæмæ райстой.

Ныййарджытæй иуты уырны, зæгъгæ,  скъолайы формæ хъыгдары сывæллоны, куыд гоймаджы, индивидумы рæзт, иннæтæ хæцынц иумæйаг униформæйы æвварс, куыд скъоладзауты социалон æмæ динон æмбардзинады эффективон фæрæз.

Уæрæсейы ахуырдзаутæ формæ фыццаг дарын райдыдтой 1834 азы, уæд райст æрцыд закъон, æмбæстæгты кæрæдзийæ чи хицæн кодта, ахæм мундирты хуызтæ, уыдон нымæцы гимназион æмæ студентон. Уæд ахуыргæнæн уагдæттæ иууылдæр уыдысты паддзахадон æмæ паддзахадон службæгæнджытæ хæсджын уыдысты, дардтаиккой, цин æмæ сæм номмæ гæсгæ цы униформæ æмбæлд, уый.

Бæрæгæй дардта гимназисты формæ. Уæды рæстæджы ахуыр кæныны фадат уыд æрмæст бонджынтæ, интеллигенци æмæ сæудæджергæнджыты сывæллæттæн. Æддейæ бакæсгæйæ скъолайы формæ уыд хæстоны формæйы хуызæн. Комплектмæ хауд худ,  гимнастеркæ æмæ цинел. Зымæджы ма сæм-иу бафтыдтой капюшон, фидаргонд уыд цинелыл.

1886 азы фæзынд формæ ахуырдзау чызджытæн дæр. Уыцы формæ уыд советон дуджы формæйы æнгæс. Къаба уыд къуымбил хъуымацæй тар-морæхуыз,  раздарæн – сау æмæ æфцæггот та – урс. Формæйы бæрæгбонон вариант уыд урс раздарæн.

1917 азы революцийы фæстæ райдыдта советон скъолайы истори. Ног хицауад, фыццаг рады, хæс сæвæрдта йæ разы, цæмæй ахуыр кæныны фадат уыдаид алкæмæн æмæ цыбыр æмгъуыдмæ скуынæг кодтаиккой æнахуырдзинад. Фæивтой ахуырдзауты формæ. 1949 азæй Советон Цæдисы скъолаты ахуырдзаутæн æнæмæнг ссис иумæйагскъолайон формæ. Чызджытæн морæгъуыз къабатæ сæ раздарæнтимæ, урс æфцæггæттæ æмæ манжеттимæ. Бæрæгбонты сау раздарæн ивтой урсæй. Лæппутæ дардтой хæстон гимнастеркæтæ раст æфцæггæттимæ. Мундиримæ æмбæлд рон пряжкæимæ, сæрыл – кепкæ цармæй козырекимæ.

1962 азы лæппутæн скъолайы формæ ногæй фæивта. Ныр дардтой костюмтæ цыппар сæхтæгимæ, фуражкæ кокардæимæ æмæ рон. Чызджыты формæ нæ фæивта.

1980-æм азты ногæй фæивта скъолайы формæйы фасон. Лæппуты хæлаф æмæ курткæ фæивтой цъæхгъуыз костюмæй. Пиджакыл уыд эмблемæ æмæ сæхтæджытæ уыдысты алюминæй, разæй дыууæ дзыппимæ æмæ манжеттимæ. 1984 азы фæивта хистæркъласон чызджыты формæ, хъуамæ дардтаиккой костюмтæ – цъæхгъуыз юбкæ, жилет æмæ пиджак.

Советон Цæдис куы ныппырх, уæд скъолайы формæ дарын дæр æнæмæнг нал уыд. 2013 азæй фæстæмæ Уæрæсейы æмæ махмæ дæр архайынц, цæмæй скъолаты ахуырдзаутæ дарой иумæйаг формæ.

Дзаумайы фасон æвзæрст цæуы педсовет æмæ ныййарджыты комитеты иумиаг уынаффæмæ гæсгæ.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.