Цхинвалы футболон командæ «Спартак» РЦИ-Аланийы чемпионаты 5-æм туры уазæгуаты хъазыд Дзæуджыхъæуы «Автодор»-имæ. Хъазты фыццаг æмбис хыгъд байгом кæнын бантыст фысымтæн. Фембæлды дыккаг хай цхинвайлæгтæ фæактивондæр кодтой сæ хъазт æмæ сын бантыст хыгъд сæмхуызон кæнын. 11-метрон цæф хорз сæххæст кодта Къадзты Алан. Фæстæдæр та спартаконты футболист Къæбулты Сослан пурти балæвæрдта «Автодор»-ы иварон фæзуатмæ, уым æм хорз фæцарæхст Пухаты Руслан æмæ. Афтæмæй Цхинвалы «Спартак»-æн бантыст 2:1 хыгъдæй рамбулын.

Хъазтæй райгондæй баззад Цхинвалы «Спартак»-ы сæйраг тренер Хъоцыты Сослан: «Нæ ныхмæлæууæг командæ уыд чемпионаты лидертæй сæ иу. Уыд хорз цæттæ. Йæ тренер у раздæры «Спартак-Алани»-йы футболист Битарты Роберт. Нæ футболисттæ хъазтмæ рахызтысты хорз зæрдæйы равгимæ. Уымæн æмæ хъазыдысты ног формæйы. Ацы хъазты дæр фут-болисттæ равдыстой фидар удыхъæд. Ныр чем-пионаты мах стæм иунæг командæ, кæцы йæ хъæзтытæ иууылдæр рамбылдта. 4-æм туры нæ ныхмæлæууæг командæ чемпионаты регламент кæй фехæлдта, уый аххосæй ацы хъазт хаст æрцыд æндæр рæстæгмæ. Радон хъазт акæндзыстæм 19-æм майы чемпионаты ноджы иу лидер – Æрыдоны командæимæ».

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.