Знон Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæнад банысан кодта 1992 азы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады Акт райсыныл 27 азы сæххæсты бон. Уыцы документ фидар бындур сæвæрдта барадон паддзахады арæзтадæн, хуссайраг ирæттæн фадат радта сæ барты хæдуагæвæрдæн. Уæды Сæйраг Советы депутатон корпусæн фадат фæцис сæ адæмы дарддæры хъысмæт сбæлвырд кæнынæн.

Ацы ахсджиаг бæрæгбоны цытæн цытджын æмбырдмæ æрбацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийæ делегаци Битарты Вячеславы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Хицауад æмæ Парламенты Сæрдæрттæ Пухаты Эрик æмæ Гасситы Петр, хицауады уæнгтæ, алы сæвзæрст Парламенты депутаттæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Бæстæйæн ацы сæйраг æмæ нысаниуæгджын боны цытæн арфæ ракодта Президент Бибылты Анатоли. Уый ахсджиаг цауыл банымадта, нæ бæстæйы паддзахаддзинады бындурæвæрæг Хъуылымбегты Торезæн цырт æвæрд кæй æрцыд, уый. Уый къухфыст ис 1992 азы 29 майы Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы историон документы бын, кæцы ист æрцыд паддзахадон хæдбардзинад расидыны актæй.

«Уый у уыцы адæмы мысыны цытæн, кæцытæ цæттæ уыдысты цыфæнды зындзинæдты рæстæджы дæр Фыдыбæстæйы сæрвæлтау сæ цард радтынмæ æмæ адæмы патриотон сгуыхтдзинæдты мысынадæн», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Бирæ азты дæргъы æнтыстджын куыст æмæ Фыдыбæстæйæн хисæрмагонд лæггæдты тыххæй Президент Бибылты Анатолийы Барамындмæ гæсгæ «Кады Орден», «Хæлардзинады Орден» æмæ «Кадджын ном»-æй хорзæхджын æрцыдысты къорд æмбæстаджы.

Цæгат  Ирыстоны Республикæйы  Сæргълæууæг Битарты Вячеслав йæ арфæйы ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, 27 азы размæ сæххæст Хуссар Ирыстоны адæмы бæллиц – Хуссар Ирыстоны автономон областы Сæйраг Советы депутаттæ райстой ахсджиаг документ – паддзахадон суверенитеты фæдыл Акт. Уый уыд Хуссар Иры историон азфысты бындурон цау. Уыцы ахсджиаг цау къухты бафтыд бирæнымæц амæттæгтæ æмæ уæззау фæлварæнты фæстиуæгæн.

«Уымæ гæсгæ мах сæрыстыр стæм нæ хуссайраг æфсымæрты фидар удыхъæ-дæй æмæ сæ сæрибардзинады сæрыл фидæны фæлтæрты хъысмæты хъæбатыр тохæй.

Ацы акты райстæй 16 азы фæстæ Хуссар Ирыстоны зæхмæ æрцыд сæрибардзинад – 2008 азы 8 августы Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад куы банымадта, уæд. Уымæй скъуыддзаг æрцыд, бирæ азты бирæ хъарутæ æмæ тыхтæ цæй тыххæй хардз цыд, уый, уымæн æмæ кæронмæ бахæццæ хъæбатыр тох. Уыцы бон ссис Хуссар Ирыстоны нырыккон историйы сæйраг бон. Ныртæккæ хæдбар Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады раз ис бæстæйы паддзахаддзинад сфидар кæныны фæдыл серьезон хæстæ йæ социалон-экономикон рæзты фæдыл. Уыцы рæсугъд фидæны охыл мах цæттæ стæм активон куыст æмæ архайдмæ, æмæ æппæтдæр сараздзыстæм, нæ æмахастытæ бæстæйы хæрзæбонæн рæзын кæнынæн», – банысан кодта Битарты Вячеслав.

Цæгат Ирыстоны Республикæйы Сæргълæууæгæн йæ цæст ноджыдæр бауарзта сабырдзинад нæ зæххыл, хæрзиуджытæ алы хæдзары дæр, æнтыстджын куыст нæ бæстæйы хæрзæбонæн, уымæн æмæ Хуссар Иры зæхх бирæ зындзинæдтæ баййæфта. Уадз, зæгъгæ, бæстæйы хæрзæбоныл цы Президент архайы, уыимæ иумæ Ирыстоны хуссар хайы цард хуыздæрæй хуызæр кæнæт.

Ныртæккæ Хуссар Ирыстоны территориалон æнæхъæндзинад æмæ суверенитет, йæ паддзахадон æмæ националон æдасдзинад ныфсджынæй хъахъхъæд цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты руаджы. Уæрæсейы Федерацийы руаджы Хуссар Ирыстоны цæрджытæ бахъахъхъæдтой сæ сæрибардзинад æмæ паддзахадон хæдбардзинад æмæ ныртæккæ ис рæзт æмæ йæ паддзахад фидар кæныны фæндагыл. Уадз, Ирыстоны зæдтæ æмæ адæмы фарн ахъазгæнæг уæт уыцы фæрнджын фæндагыл кæрон-мæ цæуынæн нæ чысыл, сæрбæрзонд Ирыстонæн.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.