Коронавирусы ныхмæ тохы иууыл эффективондæр у вакцинæ «Спутник-V» – ахæм темæйыл дзырд цыд æхсæнадæмон информацион агентад «Спутник Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры.

Уæрæсейы зынгæ дохтыр, Социалон политикæйы фæдыл УФ-йы Советы Федерацийы комитеты уæнг Владимир Круглый видео-хиды фæрцы фембæлд РХИ-йы Æнæниздзинад æмæ социалон райрæзты министрады сæйраг терапевт æмæ горæты поликлиникæйы сæргълæууæг Санахъоты Тамарæ, сæйраг инфекционист Джиоты Элеонорæ æмæ сæйраг санитарон дохтыры хæдивæг Гаглойты Аннаимæ.

Пресс-конференцийы рæстæджы нысан æрцыд, ахсджиаг кæй у цæрджыты вакцинаци. Иммунизаци у иууыл хуыздæр фæрæз, адæмы ацы инфекцийæ бахъахъхъæнынæн. Уымæ гæсгæ, зæгъгæ, республикæйы тагъд рæстæджы сифтонг кæнын хъæуы «Спутник-V»-йæ. Æввахсдæр рæстæджы нæ республикæмæ æрласдзысты «Спутник-V» фыццаг парти. Нырма уал уыдон уыдзысты 1500 дозæйы. Иммунизаци цæудзæн æнæаргъæй.

Видео-хиды фæрцы Владимир Круглымæ фарстытæ лæвæрдтой Æнæнзидзинады сферæйы сæйраг специалисттæ. Фарст, ома, ацы вакцинæ арæзт цæудзæн æви нæ коронавирусæй чи схос кодта уыцы рынчынтæн дæр æмæ куыд бацæттæ кæнын хъæуы хи иммунизаци кæнынмæ, уый тыххæй, уæрæсейаг специалист ацы фарстайæн афтæ сдзуапп кодта: «Вакцинаци æрцæудзысты 6 мæйы размæ рынчын чи уыд, уыдоны дæр. Йæ антителæтæ дæсæй фылдæр кæмæн сты, уыдон прививкæ аразын нæ хъæуы, фæлæ фондзы онг кæй титртæ æрхаудтой, уый аразын хъæуы æнæмæнг».

Сывæллæттæ дæр инфекци парахатгæнджытæ кæй сты, уымæ гæсгæ уыдон дæр цæудзысты вакцинацигонд, æви нæ, уыцы фарстайæн дæр дзуапп радта Владимир Круглый. «Ацы инфекци мутацимæ æмхиц кæй у, уымæ гæсгæ сывæллæттæ дæр рынчын кæнынц ног коронавирусæй. Уыдонæн кæд сæ симптомтæ уæлæнгай вæййынц, уæддæр нæм, хъыгагæн, уыд ахæм цаутæ дæр, сывæллоны организм æдых куы разынд. Уымæ гæсгæ нæ бахъæудзæн уыдонæн дæр вакцинæ саразын. Ацы хъуыддаг хæс æрцыд УФ-йы зонадон центртæ æмæ институтты хуыздæр специалисттæн, цæмæй саразой фæлмæн вакцинæ, кæцы арæзт цæудзæн æрмæст иу хатт, фындзы нытадзгæйæ».

Уæрæсейаг сгуыхт дохтырмæ лæвæрд æрцыд ахæм фарст дæр, ома, УФ-йы территоримæ бацæугæйæ хъæудзæн æви нæ ковид-паспорттæ бакæнын. «Ахæм паспорттæ лæвæрд нæ цæудзæнис. Вакцинæ арæзт цæуы æрмæстдæр иумæйаг иммунизацийы тыххæй. Кæд æмæ æхсæнадæн вакцинаци æрцæуа сæ 70%, уæд уый дæр æз нымайын стыр æнтыстыл», – загъта ма Владимир Круглый.

Телехид фæцис, фæлæ дарддæр темæ адарддæр кодтой Гаглойты Аннæ, Санахъоты Тамарæ æмæ Джиоты Элеонорæ.

«Югосетпотребнадзор» æрвылбон дæр аразы иртасæн тестытæ, инфекцион низ сбæрæг кæныны тыххæй. Фæстаг рæстæг бæрæггæнæнтæ куыд æвдисынц, уымæй цыма низ фæкъаддæр. ПЦР лабораторийы коронаинфекци суткæйы рабæрæг вæййы куы цыппар, куы та фылдæрæн. Фæлæ вæййы афтæ дæр æмæ схизынц 14-15 адæймагмæ. Æмткæй республикæйы COVID-19 куы фæзынд, уымæй официалонæй регистраци æрцыд 2582 рынчыны. Фæлæ æртæ ахæм та уыдысты, рынчындонмæ чи не ‘рбацыд, хæдзарон уавæрты чи хос кодта. Уыдон дæр уыдысты фадыгон дохтырты хъусдарды бын. Цæмæй нæ республикæйы территорийыл ацы инфекцион низ ма уа, уый фæдыл ист цæуы къорд мадзæлттæ. Уыдонæй иууыл эффективондæр у вакцинаци кæнын. Мах бахъæудзæн не ‘мбæстæгтæн, сæ хæрзиуæгадæн, уыцы хъуыддаг саразын. Мах сидæм алкæмæ дæр, цæмæй сæхи ма тæрсын кæной ацы вакцинæйæ», – загъта РХИ-йы Сæйраг санитарон дохтыры хæдивæг Гаглойты Аннæ.

Нæ республикæйы сæйраг инфекционист Джиоты Элеонорæ цыбыртæй æрдзырдта йæ дæлбар медицинон уагдоны куыстыл æмæ стæй бахатыд: «Алы адæймаг дæр хъуамæ бæрнон ахаст æвдиса йе ‘нæниздзинадмæ. Ацы хæцгæ низ организммæ бахаугæйæ йæхи алыгъуызон равдисы фæлæ иууыл ахсджиагдæр уый у, æмæ низы æууæлтæ куы банкъара адæймаг, уæд æнæрхъæцæй дохтыртæм бадзура. Хæдзарон уавæрты хос кæнгæйæ низ йæ кæнон кæны, æмæ йын уый фæстæ нæ вæййы хорз фæстиуджытæ. Мах æвдисæн стæм, ацы низы фæстиуæгæн куыд фæхъуыдысты бирæ адæймæгтæм, суанг медицинон кусджытæ дæр. Цæмæй дарддæр дæр афтæ ма уа, ууыл тох кодтой Уæрæсейы хуыздæр медицинон центр-ты профессортæ, ахуыргæндтæ. Боны фæстагмæ уыдон сарæзтой вакцинæ, кæцы ахадгæ у ацы низы ныхмæ. Ма хъусут алыгъуызон дам-думгæнджытæм, ома, тæссаг у вакцинæ аразын. Ныртæккæ вакцинаци цæуынц УФ-йы медицинон центрты, рынчындæтты, æфсæддон госпиталты медицинон персонал. Махмæ дæр иууыл фыццаг вакцинаци æрцæудзысты уыдон. Уый фæстæ социалон сферæйы кусджытæ».

Медицинон центры поликлиникæйы сæйраг дохтыр Санахъоты Тамарæ радзырдта, ныр цалдæр мæйы йæ дæлбаруæвæг медицинон персонал сæхиуыл нæуæрдгæйæ, карз низы ныхмæ – куыд тох кодтой. Æхсæвæй-бонæй æнæрулæфгæйæ куыд æххæст кодтой сæ хæс. Кæд сæхицæн дæр тас уыд, уæддæр ахызтысты тасы сæрты æмæ фыццаг рады фадыгон дохтыртæ æрæвнæлдтой мæлæтхæссæг низæй рынчынты ирвæзын кæнынмæ. Вирусæй, хъыгагæн, нæ поликлиникæйы дохтыртæ бирæйæ фæрынчын сты. Дохтыртæ 65 азæй уæлæмæ кары чи уыд, суанг уыдон дæр сæхи нæ бааууон кодтой. Уыдон дæр куыстой тæссаг зонæйы, стационарон рынчынтæ æппынæдзух уыдысты сæ хъусдарды бын, уæззаудæрты та æрвыстой инфекцион хайадмæ, цæмæй æмбæлон препараттæ исой. Банысан ма хъæуы уый дæр, индивидуалон хъахъхъæнæн фæрæзтæй хатт æвзæрстой хъуагдзинад, фæлæ уый иу уысм дæр нæ бандæвта фадыгон дохтырты куыстыл.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.