Ацы бонты мах банысан кодтам Æхсардзинад æмæ адæмы иудзинады бæрæгбон. Нырма йæ бирæ азты дæргъы нæ бæрæг кæнæм, фæлæ уый нæ нысан кæны æмæ æхсæнады, адæмы царды ацы хорз миниуджытæ дæр æрæджы фæзындысты. Уыдонæн сæ уидæгтæ историйы æрфæнтæм цæуынц, сæхи тынгдæр раргом кæнынц уæззау заманты, сæрбахъуыды рæстæджы æмæ уæлахиз дæр уæд бафты къухы. Афтæ уыд ивгъуыд æнусы 90-æм азты Хуссар Ирыстоны, афтæ уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты, афтæ вæййы кæддæриддæр. Тохы бон куы ныккæны, уæд адæмы хуыздæр фырттæй бирæтæ, æхсардзинад, хъайтардзинад æвдисгæйæ, сæ сæр нывондæн æрхæссынц сæ адæмы, райгуырæн зæххы сæрвæлтау æмæ нæ æвæджиаг хæс у уыдоны сгуыхт хъуыддæгтæ, сæ рухс нæмттæ нæ зæрдыл дарын æмæ сæ фæлтæрæй фæлтæрмæ дæттын.

Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ, цыфыддæр знаджы ныхмæ нæ уæды стыр Советон Цæдисы алы къуымтæй цы бирæ милуангай хæстхъом адæймæгтæ фæцыдысты, уыдоны ‘хсæн уыдысты Дзауы районы чысыл хæххон Котантойы хъæуæй дæр 88 адæймаджы. Уыдонæн се ‘мбисæй фылдæр – 49 хæстоны фæстæмæ нал рыздæхтысты. Уыдоны, афтæ ма сæ хæдзæрттыл цæфтæ, сахъатджынтæй, гъе та æвыдæй чи сæмбæлдысты, фæлæ абон не ‘хсæн чи нал сты, уыдонæн кад æмæ аргъ кæнынц сæ фæстагæттæ. Кæд ацы хъæуы бæрцæй цалдæр цæрæг хæдзары йедтæмæ нал ис, уæддæр дзы бирæтæ сæ райгуырæн уæзæг нæ рох кæнынц. Нæ рох кæнынц хæсты хайадисджыты æмæ ветеранты рухс нæмттæ дæр æмæ сфæнд кодтой сæ хъæуы астæу уыдонæн иумæйаг цырт сæвæрын. Инициативæ равдыста Биазырты Вениамин. Уый Цæгат Ирыстоны цæры, фæлæ йе ‘фсымæр Роландимæ сæ уæзæгыл сарæзтой ног хæдзар æмæ сæ уидæгты скъуынын нæ уадзынц.

Цырты бындурæн йæ дæргъ у 5 метры, йæ уæрх та – 4 метры. Бындуры бетон ныккалдтой, бакодтой дзы æндæр куыстытæ дæр. Кусгæ та дзы кæнынц мыггаджы – Биазырты лæппутæ.

Уыдонмæ арæх æрбацæуы æмæ сæ абæрæг кæны ацы хъæуы цæрæг Биазырты Вильгельм. Кæд æй йæ кар æмæ йе ‘нæниздзинад дæр нал амонынц, цæмæй сын æххуыс кæна, уæддæр сæ цуры алæууы, семæ аныхæстæ кæны. Уымæн уæлдай æхсызгондæр у ацы цырты арæзтад. Йæ фарсыл, хæстæй чи нал рыздæхт, уыдоны номхыгъды фыст уыдзæнис йæ фыд Иосебы ном, афтæ ма ноджы йæ дыууæ æфсымæры – Лади æмæ Тугъаны нæмттæ дæр, ома, хæстæй нал æрыздæхтысты æртæ æфсымæрæй.

Цырт цалынмæ аразын нæ райдыдтой, уæдмæ уал Цæгат Ирыстонæй æрхуыдтой дизайнер, архитектор æмæ проектгæнæджы. Хонгæ та сæ æркодта Биазырты Аслан. Ам сæ фарсмæ æрбалæууыд Биазырты Æхсар (Цицо) – фæлтæрд аразæг. Аслан Цæгат Ирыстоны кусы арæзтадон фирмæйы гæсæй æмæ бакодта спонсорон æххуыс дæр. Ахæм æххуыс ма бакодта ацы хъæуæй ацæуæг Биазырты Илья. Уымæн йæ фыды æфсымæртæ æртæйæ нал æрыздæхтысты хæстæй.

Цырты арæзтадмæ сæ ахадæн бавæрд хæссынц Биазырты Æхсар æмæ Цæгат Ирыстоны цæрæг Биазырты Роланд. Æхсар цæрынмæ фæстæмæ æрыздæхт йæ хъæумæ, йæ фыды, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæджы зæронд хæдзары бынаты сарæзта ног, блокæй  амад хæдзар æмæ дзы æрбынат кодта. Цырты арæзтадмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ бавæрд бахастой мыггаджы минæвæрттæ дæр. Уыдонæй кæмæн йæ бон цас уыд, уымæй баххуыс кодтой æхцайы фæрæзтæй. Арæзтадон æрмæджытæй сын баххуыс кодта Дзауы райо-ны администраци  дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ фидæны цырты фарсмæ ныридæгæн кæй сырæзт æмæ аивæй дардмæ кæй зыны мæнгагъуыст. Ардæм  иумæйаг цины хъуыддæгтæм, дзуарыбонтæм æмбырд кæндзысты алы рæттæй мыггаджы минæвæрттæ æмæ рухс кæндзысты, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты цæхæры чи басыгъдысты, афтæ ма йæ тугæйдзаг фæндæгтыл чи фæцыдысты æмæ абон не ‘хсæн чи нал сты, уыдонæн æмæ кæд мæрдты бæсты исты ис, уæд сын зонын кæндзысты, сæ уæзæгыл кæд цард æхсидæгау нал кæны, уæддæр дарддæр кæй кæны, зынаргъ сын кæй у æмæ йæ кæй нæ рох кæнынц, цæрынмæ æндæр рæттæм чи фæлыгъдысты, уыдон дæр.

Цырт кæд сцæттæ уыдзæн, уый тыххæй Вениамин афтæ зæгъы, зæгъгæ, зымæджы бонты куыстытæ æрлæудзысты, уалдзæджы дæр кæд сног кæндзысты, уый боныгъæдыл баст у. Уæлахизы бонмæ фæуой куыстытæ, уый сæ тынг нæ уырны æмæ кæд афтæ рауайа, уæд та йæ байгом кæндзысты Мæскуыйы Уæлахизы парады бонмæ.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.