Куыд фосдард, афтæ уый дæр тынг рагон у. Нæ фыдæлтæ фос æлвыдтой афæдз дыууæ хатты – уалдзæгæн йæ фæстаг бонты æмæ фæззæджы райдианы. Уалдзыгон къуымбил хуыдтой фист, фæззыгон та – фæсм. Фист къуымбил нымадтой хуыздæрыл, фæлмæндæрыл æмæ сæ куыстытæ дæр уымæй кодтой.

Мæ зæрдыл æй хорз бадардтон, фосæлвынæн боны-иу бинонтæ куыд кодтой æмызмæлд. Тынг цымыдисæй кастæн, фысыл-иу дыууæйæ куыд хæцыдысты æмæ-иу æй зæхмæ куыд тынг нылхъывтой, уымæ. Уыцы рæстæджы-иу мæ фыд та æлвынынмæ æрывнæлдта. Æлвыдта сæ бындзарыл, фысы царм-иу цалынмæ разынд. Мæ зæрдæ-иу йæхи къултыл хоста, тæригъæд сын кодтон, афтæ мæм каст, цыма сын тынг риссы сæ царм. Лæгъстæгæнгæ, кæуынхъæлæсæй, мæ фыды мадæн дзырдтон: нана, ныууадзут сæ, тæригъæд сты. Фæлæ мæм хъусæг нæ уыд, афтæ æмбæлы, ма мæт кæн, зæгъгæ, уыд йæ дзуапп.

Фыстæ-иу зымæджы дæргъы скъæты кæй уыдысты, уымæ гæсгæ-иу сæ къуымбил уыдис уæлдай чъизи æмæ-иу сæ куы ралвыдтой, уæд сæ æхсынмæ хастой цæугæдонмæ. Уым сæ хæрзæхсад кодтой. Фæлмæн уалдзыгон къуымбилæй уæфтой тынтæ, арæзтой дзы бинаг æмæ уæйлаг нымæттæ, уæлдзарм худтæ, цъындатæ.

Фæсмæй, ома, фæззыгон къуымбилæй, та уæфтой фæлмæн тынтæ æмæ дзы хуыдтой хæлæфтæ æмæ хæдæттæ, куырæттæ æмæ цухъхъатæ, зæнгæйттæ. Иудзырдæй, дарæсæн сæ цыдæриддæр хъуыдис, уыдон дзы арæзтой, уымæн æмæ уæд хъуымац арæх нæ уыдис. Къуымбил хæрзæхсад ныккæныны фæстæ йæ кодтой æхсынгæ, уый фæстæ та йæ пырдтой пирæнæй. Пирæны дæндæгтæ уыдысты тынг цыргъ судзины хуызæн æмæ, зæгъгæ, арæхстджынæй нæ архайыс йемæ, уæд дæ къухты тугтæ акалдаиккой. Уымæ гæсгæ хистæр сылгоймæгтæ сæ чызджыты пирæныл ахуыр кодтой 5-7 аздзыдæй уæлæмæ. Уымæн æмæ фæсмы куыстытæй пирæнæй тынгдæр арæхстдзинад ницы домдта. Уый фæстæ йæ кодтой æлвисгæ. Æлвисгæ та кодтой æлхуый æмæ уæдæртты фæрцы. Æлхуыйтæ æмæ уæдæрттытæ арæзтой уæззау, лæгъз хъæдæрмæгæй. Дæсны æлвисджытæ уыдис алы хъæуы дæр. Æлвисгæ та кодтой алы хуызты, иутæ бадгæйæ, иннæтæ лæугæйæ. Лæугæйæ чи æлвыста, уый уагъта даргъдæр хæлттæ. Пиргæ дæр æмæ æлвисгæ дæр кодтой уæлхæдзæртты, тыргъты, хæдзæртты бахизæнты, цæмæй цæрæн хатæнты рыг ма кодтаиккой. Иугæр-иу тыны фаг къуымбил балвыстой, уæд-иу æй нывæзтой. Тын нывæндгæйæ æлхуыйы дыууæ кæроныл, зæгъгæ, раст нæ хæцыс, æлхуый æнцонтæй нæ зилы къухты тъæпæны, æнгуылдзты æхсæн, уæд лыстæг тæбын æнцонæй скъуыди, арæх æлхынцъ кодта æмæ уафæгæн уыдис тынг зын.

Тынуафынæн хъуыдис стыр дæсныйад, домдта бирæ куыст æмæ дзæвгар архайæн дзаумæттæ. Æнæмæнг дæм хъуамæ уыдаид тынуафæн бандон, хъæбысхъæд, уæфти, æрдтæ, астæухъил, æрдты къæбæлтæ, аразæны лæдзæг. Уыдонæй иууыл ахсджиагдæр уыди сæрвасæн, стæй æрдтæ. Сæрвасæн æмæ æрдты дæндæгты æхсæн, зæгъгæ, тыны раст нæ аластай, уæд-иу ныссуйтæ. Уымæ гæсгæ домдта стыр арæхстдзинад.

Тынты кодтой æууæрдгæ дæр. Тын æууæрдынмæ-иу сæм стæм хатт фæкастысты нæлгоймæгтæ дæр. Тыныл арæх кодтой хъарм дон æмæ йæ афтæмæй ивæзтой. Тын æууæрст фæцис, уæд æй æхсадтой, хъæрмуст сапон доны æмæ йæ ауыгътой дымгæмæ.

Нæ фыдæлтæ, æвæццæгæн, тынтæ уафынæй нымæттæ æууæрдыны куыст базыдтой раздæр. Уымæн æмæ уæйлаг æмæ бинаг нымæттæ хъуыдысты алы ирон хæдзары дæр. Хъуыдысты сæ быны æркæнынæн, исты æрæмбæрзынæн, хуртуан æркæнынæн. Æууæрстой нымæтхудтæ дæр. Нымæтхудтæ аразынц уалдзыгон æмæ фæззыгон къуымбилæй дæр. Пырх æй кодтой туаг сылыйæ æмæ йæ тымбылтыхтæй æууæрстой. Æрдæг æууæрст фæци, уæ æй йæ астæуыл æхсæз-аст дыдагъы бакодтаиккой, стæй йæ кодтой худкъуыдырыл æмæ уым хус кодта. Къуыдырыл хусгонд нымæтхудæн йæ кæрæттæ æмдымбылæй зылдтой цыргъ хæсгардæй, стæй сыл хуыдтой  быд чъилтæ, астæуы ластой бос æмæ цæттæ уыдис дарынмæ.

Удæнцой уыдысты нымæтхудтæ, къæвдайы сæ дон нæ хъардта, хуры сатæгæй лæууыдысты, нымæтхуды къускæй тæвд боны дон нуæзтой, кусгæйæ сæрыл уыдис рог, бадгæйæ дæ быны фæлмæн. Угæрдæны хоскæрдгæйæ кæнæ хуымкæнгæйæ бафæлладтæ, уæд-иу сæ æнæмæнг сæ быны æркодтой, афтæмæй улæфыдысты.

Иудзырдæй, адæймаджы цыдæриддæр уæлæдарæсæн хъуыд, стæй хæдзары дæр гобанæй, хъæццулæй, авдæны фæлыстæй, се ‘ппæт дæр арæзтой къуымбилæй æмæ чизоны нæ фыдæлтæ æнæниз дæр уымæн уыдысты. Нырдæр адæймагæй исты куы фæриссы, уæд ыл скæнын кæнынц бигæ дзаума, цæмæй йын йæ рыст сиса.

Ирон адæмы царды бæллиццагæй цы уыди, уыдæттыл иу скодтой зарджытæ. Ахæм зарджытæ скодтой тынуæрдджытыл дæр.

   БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.