Дзыллон информацийы фæрæзты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, фæстаг рæстæджы компани «Евродон»-æн йæ хъуыддæгтæ йæхи фæндиаг нал цæуынц. Компанийы генералон директор не ‘мбæстаг Уанеты Вадим кæй у, уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг цæрджытæ  лæмбынæг сæ хъус дарынц ацы куыстуаты сæвзæргæ проблемæтæм.

26-æм октябры «Евродон»-ы объекттæн электроэнерги кæй ахицæн кодтой, уый аххосæй аскъуыдысты куыстуаты мæргътæ. «ТНС энерго Ростов-на-Дону»-йы пресс-службæ куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ куыстуатæн сæвзæрд электроэнергийы стыр хæстæ – 50 милуан сомы. Ростовы областы хъæууон хæдзарады, сæуæдæджерад æмæ энергетикæйы министрадты хайадистæй æмбырдты компани «Евродон»-ы къухдариуæгад иу æмæ дыууæ хатты нæ баныфсæвæрдта бахардзгонд электроэнергийы хæстæ фæкъаддæр кæныны тыххæй æппæт мадзæлттæ дæр райсын. Фæлæ хæстæ ноджы фæфылдæр сты 8 милуан сомы», – банысан кодтой энергетикты пресс-службæйы.

«Баныфсæвæрдтой, зæгъгæ, инкубатортæн нæ ахицæн кæндзысты электроэнерги, фæлæ электроэнерги ахицæн кодтой, æмæ уый аххосæй аскъуыдысты мæргътæ», – фехъусын кодта «Евродон»-ы пресс-секретарь Ольга Грекова. «Алкæцы удæгас уæвæгойæн дæр улæфыны фадат куынæ уа æмæ йæ уазалы куы дарой, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, амæлдзæн. Инкубаторты тыххæй та зæгъдзынæн уый, æмæ мæргътæ инкубаторы нæ цæрынц! Кæдæм сæ ракæндзынæ? Ракæнынц сæ кæркдонмæ. Æмæ кæркдоны куы ницы уа – нæдæр хъарм, нæдæр рухс, нæдæр вентиляци, уæд куыд хъуамæ уой мæргътæ? Кæй зæгъын æй хъæуы, амæлдзысты. Куыстуатæн йæ бон не ссис ВЭБ-æн æхца бафидын æмæ банг, æххуысы бæсты райдыдта куынæггæнæн мадзæлттæ исын», – загъта Ольга Грекова.  «Евродон»-ы вазыгджындзинæдты фæзынд баст у 2018 азы карантинон мадзæлтты тыххæй сæвзæргæ тыхст уавæртимæ. Уæд куыстуат фæрæзтæ нæ райста продукци среализаци кæнынæй, кæцыйы фæстиуæгæн куыстуатæн йæ бон не ссис планон бафыстытæ сæххæст кæнын, уыцы нымæцы ВЭБ-ы кредит бафидын дæр», – загъта Ольга Грекова.

Куыддæр «Евродон» кæнæ йæ сæйраг кредитор ВнешЭкономБанк бафида электроэнергийы хæстæ, афтæ куыстуат ифтонг æрцæудзæн электроэнергийæ, – фыста энергетикты пресс-службæ. ВнешЭкономБанк æрæджы æрдомдта, цæмæй куыстуаты генералон директор Уанеты Вадим ныууадза йæ куыст. Куыд рабæрæг, афтæмæй ВнешЭкономБанк æмæ «Евродон»-ы бындурæвæрæг æрцыдысты иу хъуыдымæ, кæцы фадат ратдзæн куыстуат бахъахъхъæнынæн. Банк Уанеты Вадимæн загъта йæ фæндон куыстуаты генералон директоры хæдивæджы бынаты бакусыны тыххæй, кæцы фадат ратдзæн конфликт фæлæмæгъдæр кæнынæн æмæ куыстуаты фæткмæ æркæнынæн. ВнешЭкономБанк-ы минæвæрттæ фидарæй загътой, зæгъгæ, рахицæн кæдзысты 1,6 миллиард сомы бæрц æввахсдæр рæстæжы. ВЭБ сæхгæндзæн компанийы æппæт хæстæ дæр. Йæ рады Ростовы областы хицауад дæр план кæны «Евродон»-æн æмбæлон субсиди рахицæн кæнын, – дзырдæуы хицауады хъусынгæнинаджы. «Нæ хæс у цыбырдæр рæстæджы эффективон мадзæлттæ райсын, кæцытæ фадат ратдзысты компанийы куыст сæндидзын кæнынæн, компанийы кусджыты интерестæ бахъахъхъæнгæйæ. Хъуыды кæнын афтæ, æмæ райсгæ уынаффæтæ фæахъаз уыдзысты ацы нысæнттæ къухты бафтын кæнынæн», – бамбарын кодта Ростовы областы губернаторы фыццаг хæдивæг Виктор Гончаров.

«Евродон»-ы сæвзæргæ уавæр цыбыртæй у ахæм. Фæлæ æмбæрстгонд нæу иу хъуыддаг, кæд Уанеты Вадим ацæуа, стыр тыхтæ цы куыстуаты саразыныл бахардз кодта, уый генералон директоры бынатæй, уæд Ростовы областы хицауад рахицæн кæндзæн æмбæлон субсиди «Евродон»-æн. Фарстæуы, æмæ йæ цæмæннæ рахицæн кодтой нырмæ, цалынмæ куыстуаты барæй ахæм уавæрмæ не ‘ркодтой, уæдмæ? Ахæм стыр компанийæн кæнæ хæстæ сæвзæрдзæн кæнæ йын æндæр исты проблемæтæ фæзындзæн, фæлæ уыдон скъуыддзаггонд хъуамæ æрцыдаиккой Ростовы областы хицауады æххуысæй. Фæлæ куыд бамбæрстам, афтæмæй куыстуат йæхи бакæнынмæ бахъавыд кæцыдæр фæрæзджын æмæ хицауджын адæймаг.  Куыстуаты байсыны бафæлвæрд ма уыд цалдæр азы размæ дæр, фæлæ уæд хъуыддаг скъуыддзаг æрцыд æвæрццагæй. Афтæ у цард, æдыхæй тыхджындæр алыхаттдæр растдæр   разыны.  Науæд  ахæм  егъау компанийæн бындур чи æрæвæрдта, уый архайдæн цæммæннæ хъуамæ саргъ кодтаиккой кæмæ æмбæлы, уыдон?

Джиоты Е.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.