Уæрæсе æмæ уымæй дарддæр йе ‘мбæстæгтæ цы бæстæты сты, уым 25 июнæй, цыппæрæмæй райдыдта æмгъуыдæй раздæр хъæлæс кæныны процедурæ УФ-йы Конституцимæ барасткæнинæгтæ бахæссыны фæдыл. Уый аххæсдзæн æхсæз боны, ома, 1 июлмæ.

Паддзахадон Думæ æмæ Федерацийы Советы райсгæ закъон – Конституцимæ ивын-дзинæдтæ бахæссыны фæдыл уынаффæйыл Владимир Путин йæ къух бафыста 14 марты. Уыцы документыл дыууæ боны фæстæ сразы Конституцион тæрхондон.

Конституцимæ барасткæнинæгтæ бахæссынæй Уæрæсейы Федерацийы президентæн фадат ис, цæмæй дыууæ æмгъуыдæй фылдæр йæ кандидатурæ раразмæ кæна президенты бынатмæ.

Уымæй дарддæр ма иннæ барасткæнинæг-ты ‘хсæн ис æвзаджы ахсджиаг фарст, куыд паддзахадарæзтады адæмы æвзаг æмæ истори фальсификаци кæнын ма æруадзын æмæ æндæр ахсджиаг фарстытæ.

Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæн æмгъуыдæй раздæр се ‘мбæстагон хæс сæххæст кæнынæн фадæттæ арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады бæстыхайы раз №8354 æвзарæн фады-джы. Минæварады кусджытæй дарддæр ма ацы ахсджиаг хъуыддаджы архайынц нæ бæстæйы æдзух цæрæг уæрæсейаг æмфыдыбæстæйонтæ.

Дунейæн тæссагдзинад чи æвзарын кæны, уыцы æнæхайыры вирусы пандемийы уавæртæ хынцгæйæ, хъæлæскæныны процедурæ Хуссар Ирыстоны дæр уагъд цæуы æппæт санитарон нормæтæ æххæст кæнгæйæ. Йе ‘мбæстагон хæс æххæст кæнынмæ чи цæуы ацы бынатмæ, уымæн бахизæны барынц сæрмагонд фæрæзы руаджы йæ буары тæвд, уый фæстæ дезинфекци цæуынц йæ къухтæ, лæвæрд ын цæуы маскæ. Уымæй дæр æвзарæн фадыджы бынатмæ адæмæн бар нæй æмæ къордгæйттæй цæуой, цæуынц дыгæйттæй, цæмæй æвзарæн фадыджы ма схъомпал уой, æмæ санитарон нормæтæ дæр хынцыд цæуой.

Æвзарæн фадыджы къамисы сæрдары хæдивæг, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Консулон хайады сæргълæууæг Алексеев Сергей нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ æвзарæн фадыг байгом вæййы райсом дæс сахатыл æмæ суанг изæры цыппар сахатмæ æвзарджытæн фадат ис се ‘мбæстагон хæс сæххæст кæнынæн. Фыццаг бон æвзæрстыты хъæлæсдæттыны мадзалы хайад райстой 543 адæймаджы. Ныхасгæнæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æвзарджытæ активон вæййынц боны фыццаг æмбисы. Æвзарæн фадыджы хынцыд нæ цæуы бархалæн цаутæ.

Хистæр фæлтæры æвзарджытæн хатт бахъæуы æмбарынгæнæн куыст, уыдонимæ кусынц уæрæсейаг æмфыдыбæстæйонтæ. Иумæйагæй сисгæйæ, алы æвзарæг дæр æмбары, æвзарæн фадыгмæ цæмæн цæуы, æмæ йæ цы хъæуы аразын. Алексеев Сергей ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æв-зæрстыты сæйраг бон – 1 июлы æвзарæн фадыг байгом уыдзæн райсом аст сахатыл æмæ изæры аст сахатмæ архайдзæн закъон-мæ гæсгæ.

Мах, информацион фæрæзты минæ-вæрттæ, æвдисæн уыдыстæм уымæн, æмæ адæм æрмæст зæрдиагæй нæ цыдысты æвзарæн фадыгмæ, фæлæ æнтæф боны лæууыдысты рады, цæмæй сæххæст кæной сæ хæс нæ ирвæзынгæнæг, нæ цардархайды æмæ рæзты фæндагыл нæ фарсмæ чи лæууы, уыцы Уæрæсейы Федерацийы Конс-титуцимæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл хъæлæс кæныны хъуыддаджы.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.