Алы бон дæр уæм ацæугæ боны хуызæн куы кæса, уæ цард уæм саудалынг æмæ ницæйаг куы кæса, царды уæм куы никæцæй кæла амонды рухс, уæд уæ æнæмæнгæйдæр хъæуы уæхи ирвæзын кæнын ахæм уагæй. Сæрæй гæнæн ис æмæ ахæм уавæрæн ниц, фæлæ æцæгæй та уый у тынг тæссаг. Растдæр ахæм уавæры адæймаджы уд æмæ зонд бахауынц цъыфдзасты уацары æмæ дзы æнцон рахизæн нал вæййы. Уымæн æмæ уый вæййы уды цъыфдзаст, цыран уæвынц депресси, æрхæндæгдзинад æмæ цардмæ апати. Ахæм цæстæнгасæй цардмæ куы кæсат, уæд уæм дарддæр æнхъæлмæ кæсдзысты алыгъуызон низтæ дæр.

Æмæ цалынмæ уыцы цъыфдзасты онг не ’рхæццæ стут, уæдмæ ахъуыды кæнут æмæ анализ скæнут уæ реалон уавæрæн, ныр-тæккæ цы уавæры стут æмæ цы гæнæн ис саразæн ахæм ситуацийы. Ссарын хъæуы ахæм амал, кæцы уын фæахъаз кæндзæн уыцы цъыфдзаст бынатæй рахизын. Гæ-нæн ис æмæ ахæм рæстæджы адæймаджы сразæнгард кæна активон архайдтытæм йæ мидæггагон резерв дæр æмæ уый æххуысæй адæймагæн йæхицæн дæр йæхи тыхтæй баххуыс кæной.

Цæмæй бамбарат, æцæгæйдæр, цъыфдзасты кæй ныххаудтат, уый тыххæй радтут уæхимæ цалдæр фарсты ацы дунемæ уæхи сæрмагонд цæстæнгасы тыххæй:

— Цы уынут уæ царды алы бон дæр? Бафиппайут ног истытæ æви уын алцы дæр уæлдай у?

— Цы æнкъарæнтæ уæм фæзыны, уæ алыварс дунемæ куы фæкæсут, уæд? Æнкъарддзинад æви хъæлдзæгдзинад? Хæрамдзинад, æнæуынондзинад æви уарзондзинад уæ алыварс дунемæ? Уæхи æнкъарут амондджынæй?

— Уæ алыварс цахæм адæм ис? Æнтыстджын сты уыцы адæм? Сæ цардæй райгонд сты? Сæ хъæстытæм сын арæх фæхъусут?

— Цы æнхъæл стут æмæ цы райсут ацы дунейæ? Уæхæдæг та цы дæттут ацы дунейæн?

— Уæ зæрдæйæн уын æхцондзинад æмæ ныфс цы дæтты? Цы уын æрхæсдзæн уæ цардæн амонд æмæ удæнцойад?

Кæд æмæ ацы фарстытæн сæ дзуаппыты фылдæр хай сты негативон, æмæ ницы хъæлдзæгдзинад æмæ удæнцойад хæссынц, уæд æнæмæнгдæр фæивут уæ цард, уæ царды пълæнттæ æмæ уæ дарддæры царды нысæнттæ. Фæивут уæ цардуаг. Ацы фарстыты негативон дзуаппытæ ма нысан кæнынц, кæй уæ хъæуы уæхи аиуварс кæнын, ныртæккæ уæ алыварс чи ис, уыцы адæмæй, уымæн æмæ уæ ахæм адæймæгтæ ноджы дæлæмæ ласынц, пайда уæ кæнынц, æфхæрынц æмæ уæ цъист кæнынц. Уæхи аиуварс кæнут ахæм æнæперспективон ахастытæй, кæцытæ уын æрмæст уæ зынаргъ рæстæг æнæхъуаджы сафынц.

1. Бафæлварут фæивын уе ’рвылбонон уавæртæ. Кæд уын нæ уайы бирæ рæстæджы, уæддæр сæ иу боны мидæг фæивут. Балцы ацæут æндæр сыхаг горæтмæ кæннод та æрдзы хъæбысмæ, раивут уæлдæф æмæ уæ фадæттæ. Кæд уын ахæм фадæттæ нæй, цæмæй искуыдæм ацæуат, уæд уæхи горæты дæр атезгъо кæнут, ацæут ахæм бынæттæм, цыран нырма никуы уыдыстут. Цыдæриддæр уæ алыварс ис, уыдонмæ уæ хъус дарут: бæлæстæ, цъиутæ, дидинджытæ, цæрæгойтæ æмæ адæммæ.

2. Æппынæдзух кæимæ æрвитут уæ рæстæг, уыдонимæ уæ бастдзинад алыг кæнут, кæд бынтон нæ, уæддæр цыбыр рæстæгмæ. Базонгæ ут æндæр адæмимæ кæннод та раздæр зонгæ кæимæ уыдыстут, фæлæ афтæ æввахс бастдзинæдтæ уын кæимæ нæ уыдис, уыдонимæ. Фылдæр хатт уæ рæстæг æрвитут позитивон, зæрдæмæдзæугæ адæмимæ. Æмæ уыимæ иумæ уæхæдæг дæр хъуынтъыз ма ут, фæлæ фылдæр уæ мидбылты худут, æппындæр уæм худын куыннæ цæуа, уæддæр.

3. Æнæмæнгæйдæр ацæут нывты равдыстмæ, театрмæ æмæ уæхи аирхæфсут. Сфæлдыстадон куыстыты фæстиуджытæ, кæй зæгъын æй хъæуы, алы хатт дæр хæссынц æвæрццаг энергетикæ æмæ уыл хуыздæрырдæм бандавдзæн уæ равгыл дæр æмæ, иумæйагæй сисгæйæ, уæ уагыл дæр. Кæд æмæ уын ахæм фадат нæй, уæд уæ бон у интернетмæ дæр бахизат æмæ нывгæнджыты куыстытæ уым фенат. Экранæй дæр уын ахæм куыстытæ æрхæсдзысты æхцондзинад. Уæ зæрдæ æмæ уæ удæн зын куы уа, уæд уыцы рæстæджыты алы хатт дæр кæсут исты рæсугъддзинадмæ. Уый уын баххуыс кæндзæн æмæ уын тыхтæ ратдзæн ахæм зын æмæ уæззау периодты рацæуынæн.

4. Уæхæдæг дæр архайут. Аразут уæхи рæсугъд æмæ аив фидæн. Архайут сфæлдыстады руаджы уæ удæн æхцондзинад ссарын. Æмæ алы хатт дæр уæ зæрдыл дарут: æрмæстдæр уæхицæй аразгæ у уæ сомбоны амондджын цард. Уæхи бауарзут, ссарут уæхимæ фæндаг æмæ уæд сараздзыстут алцы дæр, цæмæй уæхицæн радтат, царды æппæты хуыздæр цы ис, уыдон.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.