Скифтæ æмæ сæрмæттæ сты индоевропæйаг къорды адæм, бæлвырддæр дзургæйæ – йæ скæсæйнаг хайæ. Сæ культурæ сфидар скæсæйнаг Уралы быдырты. Сæ хæстæгдæр хиуæттæ Иранмæ куы ацыдысты, уæд уым зæххы куыстыл балæууыдысты, скифтæ æмæ сæрмæтты иумæйаг фыдæлтæ баззадысты быдырты æмæ цæугæ цард кодтой.

Нæ дуджы райдайæнæй 500 азы размæ уыцы иугонд дихгонд уыд сæрмæттæ æмæ скифтыл, сæрмæттæ сæ быдырты баззадысты, скифтæ та ныгуылæнмæ аивылдысты. Уæдмæ сын паддзахад нæ уыд, уыдысты хицæн къордтæ, хæдзарвæндæгтæ. Алкæмæн дæр дзы уыд йæхи фæтæг, кæд-иу сæм знаг бырста, уæд-иу уайтагъд æрбаиу сты æмæ-иу æй фæтардтой. Афтæ рауад персайнаг паддзах Киримæ дæр, уый массагетты зæхмæ бахъавыд æрбахизын.

Цæугæдон Араксы цур персайнаг æфсад пырхгонд æрцыд, карз хæсты Кир дæр фæмард. Цæугæ цардгæнæг ацы знæт адæмы зæххытæм æрбабырсæг Александр Македонскийы дæр фæхæрд уæвынмæ бирæ нал хъуыд. Диссаджы тæвд хаста, бæхджын æфсад сæ иу ран нæ уагътой, сæ хæстон бавнæлд ахæм тæссаг уыд, æмæ Македонский йæхи иуварс айста ацы зæххытæй.

Цæугæ цардгæнæг знæмтæ фæуæлахиз сты, Ираны быдыры сæ чи æрбынæттон, уыцы знæмтыл. Александр Македонскийы фæдонтæй Персайнаг паддзахад байстой æмæ дзы Парфянаг паддзахад скодтой. Ахæм тыхджын уыд, æмæ баурæдта Римы змæлд скæсæнмæ. Нæ дуджы агъоммæ дыууæ сæдæ азы размæ сæрмæтты нымæц сбирæ, сæхи размæ æппæрстой. Ныгуылæнмæ сæхи райстой, æмæ сæ уылæны атадысты сæ хиуæттæ æмæ сыхæгтæ – скифтæ. Фæлæ сын иудзинад нæ фаг кодта æмæ готты раз фæцудыдтой. Уыдон нæ дуджы дыккаг æнусы сæ зæххытæм бабырстой æмæ сæ бацахстой. Днепры цур быдыртæ сæхи бакодтой.

Готтимæ ма сæрмæтты скæсæны ‘рдыгæй тыхсын кодта иугонд адæм хунну. Сæрмæттæн сæ иу хай уыдоны ‘хсæн атад, æмæ сæ рауад ног адæм – гуннтæ. Ныгуылæны ‘рдыгæй цы сæрмæттæ баззадысты, уыдон сæ хæдбардзинад нæ фесæфтой. Фæлæ сын уый бирæ нæ ахаста, нæ дуджы IV-æм æнусы гуннтæ ныгуылæнмæ азмæлыдысты, æмæ, адæмтæ сæ цæрæнбынæттæ ивынмæ куы бавнæлдтой, уыцы цытджын змæлд  райдыдта.

Сæрмæттаг адæмтæ-иу алы рæстæджыты Римы арæнты сæрты ахызтысты. Уæд-иу вестготтимæ, уæд та – вандалтимæ, скодтой цæ-истæ. Адрианополы цур 378 азы сæрмæттæ сæхи равдыстой тынг хъæбатырæй, римаг æфсад пырхгонд æрцыд. Сæрмæттæ сæхæдæг дæр бирæгæйттæй Римы æфсады службæ хастой. Каталаунаг быдыры 451 азы комкоммæ сæрмæттаг (алайнаг) бæхджын æфсады къорд ныппырх кодта æрбабырсæг Аттиллы тыхтæ.

Ацы адæмы иу хай, сæхи вандайлаг къаролы бар бакæнгæйæ, уыдоны ‘хсæн бынтондæр атадысты. Иумæ Африкæмæ куы ‘рцыдысты, уæд вандалтæй ницæмæйуал хицæн кодтой. Скæсæны ‘рдыгæй сæрмæттæ атадысты славяйнæгты ‘хсæн, чи ма сæ баззад, уыдон та тюркаг адæмты ‘хсæн атадысты.

Скифаг дунейы къæртт ма баззад Кавказы хæхтæм хæстæг. Кавказаг алантыл тæтæр-монголтæ фæуæлахиз сты. Сæ фылдæр хай ногъайæгтимæ баиу. Иннæтæ Тамерланы æрбабырсты рæстæджы пырхгонд æрцыдысты, чи ма сæ баззад, уыдон хæхтæм ахызтысты æмæ сæ нырыккон ирæтты фыдæлтæ рауад.

(Интернетæй ист æрмæг)

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.