Адæм алырдыгæй дзурынц, кæй хъæуы цæрын нырыккон рæстæджы, ныры уысмæй, ома, абоны бонæй хъæуы цæрын æмæ дзы æхцондзинад исын. Фæлæ куыд хъæуы афтæ саразын, цæмæй дæ дæ ивгъуыд мауал тыхсын кæна æмæ дын, æппынфæстаг, æнцойад радта.

  1. Æнæмæнгхъæуæг фактыл банымайут уый, æмæ раздахæн кæй ницæмæнуал ис. Уæ къухты уый нал бафтдзæнис, цæмæй фæстæмæ уæ ивгъуыдмæ раздæхат æмæ уæ ныр цы фæнды фæивын, уый фæиват. Уымæн раздахæн нал ис фæстæмæ. Цард дарддæр цæуы æмæ йæхирдыгонау йæ хабæрттæ кæны.
  2. Цыфæнды тæссаг ма уой уæ уавæртæ, уæддæр æрсабыр кæнут уæхи æмæ райсут уыцы уавæртæ æмбæлонæй. Уæдæй фæстæмæ уыцы уавæртæ уыдзысты уæ царды иу æнæмæнг хай. Куыннæ райсат уыцы уавæртæ, куыннæ сразы уат семæ, уæд зын сараздзыстут æрмæстдæр уæхицæн. Уæхи дзы фæсайдзыстут.
  3. Радзурут уæ царды истори, æнæ исты ‘рымысæггаг хабæрттæ сæм бафтаугæйæ. Æввахс адæймаг æви æнæзонгæ, иу адæймаг æви æнæхъæн къорд адæймæгтæ, хи ныхæстæй æви гæххæттыл фысгæйæ — уымæн уыйас нысаниуæг нæй. Байгом кæнут уæ зæрдæйы дуæрттæ, радзурут уæ хъуыдытæ, раргом сæ кæнут æмæ сын формæ радтут æууæнкджын дзырдты хуызы.
  4. Хатыр ракурут уыдонæй, кæцыты раз æцæгæйдæр фæрæдыдыстут æмæ стут сæ разы зылынджын. Кæд уын ахæм фадат нæй, цæмæй комкоммæдæр адæймагæй хатыр ракурат, уæд уæ уды мидæг цы æхгæд дуæрттæ ис, уыдон бакæнут æмæ сæ гæххæттыл уæддæр ныффыссут, стæй басудзут уыцы гæххæтт. Уый уын баххуыс кæндзæн уæ зæрдæйы тыппыртæ суадзынæн æмæ уæ уæ уды мидæг цы хъыгдары, уыцы цардæвзарæнтæ уын фæкъаддæр кæндзæн.
  5. Уæхицæн ныххатыр кæнут. Цы кæны? Уæхæдæг дæр удæгас адæймаг стут æмæ рæдийын зонут, æмæ уал цалынмæ искæмæн хатыр кæнат, уый размæ-иу уæхицæн дæр ныххатыр кæнут. Фыццаг уал уæхæдæг стут хатыр аккаг.
  6. Бузныг зæгъут дунейæн уæ цардæвзарæнты тыххæй, ахæм фæлварæнтæ адæймаджы кæнынц тыхджындæр. Æрмæстдæр уын царды райсгæ фæлварæн фæахъаз уыдзæн уæ дарддæры уды æмæ гоймаджы рæзтæн.
  7. Хатдзæгтæ саразут æмæ спайда кæнут уæ ивгъуыд царды хабæрттæй. Сахуыр кæнут æмæ уæ зæрдæмæ арф айсут уæ рацæугæ царды урок, кæннод уæм алы хатт дæр афтæ кæсдзæн, цыма цы фæндæгтыл рацыдыстут, уыдон уыдысты бынтон æнæхъуаджы.
  8. Иу хатт ивгъуыды цы рæдыд сарæзтат, уый мауал саразут. Уымæн æмæ уын ныридæгæн ис фаг зонд, цæмæй мауал фæрæдийат æмæ мауал рацæуат, уæ ивгъуыды цы рæдыд фæндæгтыл рацыдыстут, уыдоныл.
  9. Мауал æфхæрут уæхи. Уый уын нæдæр — æхцондзинад, нæдæр — пайда, нæдæр исты нысаниуæг æрхæсдзæн. Уæхи уымæй ноджы æдыхдæр кæнут.
  10. Баххуыс кæнут, уæ къух фæдаргъ кæнут ахæммæ, ныртæккæ чи тох кæны ахæм проблемæимæ, кæцыимæ уæхæдæг дæр уæ ивгъуыд рæстæджыты тох кодтат. Æртымбыл кæнут æппæт уæ хъарутæ æмæ баххуыс кæнут, уе ’ххуыс кæй хъæуы, уымæн. Ахæм рæстæджы æртымбыл вæййынц адæймагæн йæ тыхтæ дæр.
  11. Райсут улæфт. Раивут уæ царды уавæртæ, фадат радтут уæ хъуыдытæн баулæфынæн. Æртымбыл кæнут æмæ сæндидзын кæнут уæ раздæры æмæ ног тыхты æмæ æрмæстдæр уый фæстæ балæуут ног хъуыддаг аразынмæ.
  12. Æрбайхъусут уæхимæ. Хурмæ ракалут уе ’цæг бæллицтæ æмæ тæхудиæгтæ. Уыдон уын балæвар кæндзысты ныфс хуыздæр фидæнмæ тырнынæн.
  13. Æнгом æрбахгæнут уæ ивгъуыды дуар æмæ райдайут уæ цард ног сыфæй.
  14. Сулæфут йедзаг риуæй æмæ банкъарут, цы дунейы цæрæм, уый куыд рæсугъд æмæ æгæрон стыр у. Уæ къухты ис æгæрон бирæ амæлттæ æмæ царды фæрæзтæ, цæмæй ацы дуне саразат ноджы рæсугъддæр æмæ бæллиццагдæр.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.