Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта Уанат-Цхинвалы донуадзæны донæмбырдгæнæн бынат. Магистралон донуадзæны арæзтад хаст æрцыд 2018-2019 азтæн РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ.

Паддзахады сæргълæууæгимæ ма уыдысты РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, РХИ-йы арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады ми-нстры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард, хъæхъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим, æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министр Тадтаты Алан, Паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы кусджытæ.

Къаннæг æмбырды рæстæджы арæзт æрцыд зæронд донæмбырдгæнæны ифтонгадты сыгъдæг кæныны фæдыл куысты план. Уыцы куыстытæм баконд æрцæудзысты тыхон ведомствоты кусджытӕ дæр.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй объекты арæзтады райдиан план цæуы 2019 азмæ, фæлæ йын йæ проект саразын хъæуы ацы азы фæудмæ.

«Мах ссарын хъæуы советон рæстæджы арæзтадтæ, цъайтæ, кæцытæ сыджыты бын фесты, хъуамæ цъыфдзаст бынæттæ сур æрцæуой, цæмæй проектгæнджытæ феной цыран хъæуы дренажтæ æмæ ног цъайтæ сæвæрын, уыдоны иу доны хæтæлмæ баиу кæнын, ома донуадзæны æппæт системæ хъуамæ сæндидза æмæ йæ ног фадгуытæ проектгонд æрцæуой», –  банысан кодта Президент.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы сæйраг инженер Сиукъаты Иван куыд банысан кодта, афтæмæй донуадзæны проектыл кусы красноярскаг фæлтæрд организаци, компани «Водоканал-проект».

«Уыдон геодезион куыстытæ ныридæгæн бакодтой, территорийы нывтæ систой. Цхинвалы резервуартæм цы дон цæуы, уымæн йæ дебет у 8-9 мин кубометры иу суткæйы мидæг. Мах фæнд кæнæм ахæм проект саразын, цæмæй Уанат-Цхинвалы донуадзæнæй цæуа 15 мин кубометры дон суткæйы мидæг, фæлæ цæмæй ахæм гуырахст райсæм, уый тыххæй нæ бахъæудзæн æнæхъæн системæйæн анализ скæнын», -банысан кодта Сиукъайы фырт.

Æввахс рæстæджы территори сыгъдæг кæныны куыстытæм æрæвналдзысты 50 адæймаджы бæрц.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.