Уанат-Цхинвалы магистралы донуадзæны арæзтад хаст у 2018-2019 азтæн РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ.

Донæмбырдгæнæны ифтонгад сыгъдæг кæныны фæдыл куыстытæ æххæст æрцыдысты ивгъуыд азы кæрон. Уыдон бакодтой тыхон ведомствоты кусджытæ. Ссардтой советон рæстæджы ацы арæзтады цъайтæ, кæцытæ сы-джыты бын фесты, цъыфдзаст бынæттæ сур æрцыдысты, цæмæй проектгæнджытæ феной, цыран хъæуы дренажтæ æмæ ног цъайтæ саразын, уый. Уый фæстæ проект аразынмæ хуынд æрцыд красноярскаг фæлтæрд организаци, компани «Водоканал-проект».

Уыдон бакодтой геодезион куыстытæ, донуадзæны æппæт системæ куыд хъуамæ сæндидза, цæмæй горæтмæ дон æнæкъуылымпыйæ цæуа. Уыцы фарстатæ сахуыр кæныны фæстæ генподрядон организаци ООО «СТМ-ЮГ»-æн хæс æрцыд, цæмæй сæххæст кæной арæзтадон куыстытæ. Проекты аргъ у 400 милуан сомы. Донуадзæнæн йæ дæргъ та у 16 км бæрц. Куыстытæ хъуамæ конд фæуой азы кæронмæ.

Цхинвалы резервуартæм цы дон цæуы Брытъат æмæ Дзомагъæй, уымæн йæ дебет у 8-9 мин кубометры суткæйы мидæг. Уанат-Цхинвалы донуадзæнæй та суткæйы цæудзæнис 15 мин кубометры дон», – зæгъы арæзтадон фирмæйы бæрнджын адæймаг Гуырцъыты Эльбрус.

Уый ма загъта, зæгъгæ, ныртæккæ куыст цæуы хицæн æмæ хицæн бынæтты. Присы хъæумæ хæстæг арæзт цæуы донæмбырдгæнæн бассейн. Уым ныртæккæ кусынц техникæйы 14 иуæджы. Кусджыты иу хай та архайы доны хæтæлтæ æппæрст кæм хъуамæ æрцæуой, уыцы траншейы къахæн куыстытыл.

ГУП «Водоканал»-ы генералон директор Цхуырбаты Алан куыд зæгъы, афтæмæй донуадзæн эксплуатацимæ лæвæрд куы æрцæуа, уæд нæ горæты цæрæг адæм бирæ азты цæмæ бæллыдысты, уый сæ къухы бафтдзæнис. Уалдзæджы æрбалæудимæ горæтмæ Едысæй цы дон цæуы, уымæн йæ дебет кæй æрхауы, уый тыххæй йæм баиугонд æрцæуынц Брытъат æмæ Дзомагъдоны суадæттæ. Уырдыгæй къæвдаты рæстæджы цы змæст дон фæцæуы, уый йемæ фæласы алыгъуызон брæттæ. Уый тыххæй хатт бахъæуы сæ æрæхгæныны сæр. Цæрджытæ раст уый аххосæй фæисынц дон графикмæ гæсгæ. Ныр Цхинвал-Уанаты магистралон хæтæл арæзт куы æрцæуа, уæд цæрджытæ доны хъуагдзинад нал æвзардзысты», – загъта Цхуырбаты Алан.

«Водоканал»-ы генералон директор ма куыд дзырдта, афтæмæй доны иу хай сæфы, горæты мидæг хæтæлтæ кæй базæронд сты, уый аххосæй. Фæстаг рæстæджы бирæ уынгты уыдон ивд æрцыдысты ногтæй, фæлæ фæсфæд цы уынгтæ ис, уыдонæй бирæ дон хъуызы.

«Ивгъуыд аз Хицауад уынаффæ рахаста, цæмæй доннымайæнтæ æвæрд æрцæуа паддзахадон уагдæтты. Цæрджытæн та уый у бархийæ. Кæй бафæнда, уый сæвæрдзæн нымайæн æмæ цы дон хардз кæна, æрмæстдæр уыйбæрц фиддзæн æхца», – загъта ма «Водоканал»-ы генералон директор.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.