Цъинагайраг спортсмен Болататы Вадим ссис Кæсæг-Балхъары уагъдцæуæг æмхæццæ æмбуар хæстæй турниры уæлахиздзау. Уый 66 кг уæзы категорийы акодта æртæ тохы. Фыццаг уал рамбылдта дагъыстайнаг спортсмены. Æрдæгфиналы тыхджындæр уыд Мæхъæлы минæварæй æмæ финалы та фæуæлахиз Кæсæг-Балхъары командæйы уæнгыл.

Вадим ныр тренировкæ кæны Цæгат Ирыстон-Аланийы.

 

ШТАНГÆ

Хуссарирыстойнаг штангист Кæсæбиты Александр йæхи цæттæ кæны уæззау атлетикæйæ Уæрæсейы чемпионаты хайад райсынмæ. Ерыстæ уагъд цæудзысты Хабаровскы июлы мæйы райдианы. Александр архайдзæн 96 кг уæзы категорийы. Уымæн бæстæйы чемпионаты хайад райсыны бар лæвæрд æрцыд майы мæйы Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты рамбулыны фæстæ. Уæд уый дыууæ истæн скодта 310 кг (150+160). Кæсæбиты Александр ерыстæм йæхи цæттæ кæны йæ фыд Иналы къухдриуæгадæй, кæцы у йæ тренер.

 

ФУТБОЛ

Ног сезонмæ йæхи цæттæ кæны Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани». Командæ ныртæккæ цæттæгæнæн сбортæ уадзы Мæскуыйы. Уым акодта фыццаг контролон хъазт. Алайнæгты ныхмæлæууæг уыд Мæскуыйы «Спартак». Фембæлд фæцис æмдыхæй – 2:2. «Алани»-йы сконды расгуыхтысты Хуыбылты Владимир æмæ Николай Гиоргобиани.

Мæскуыйы ма дзæуджыхъæуккаг футболисттæ акæндзысты 3 контролон хъазты. Сæ ныхмæлæуджытæ уыдзысты «Химки-М», «Балтика» æмæ  «СКА-Хабаровск».  «Алани» Мæскуыйы уыдзæн 10-æм июлмæ.

Командæ ма хъавы ног хъазджыты дæр фæхонынмæ. Ныридæгæн уал 4-азон контракт бафыста 22-аздзыд флангон хъахъхъæнæг Александр Коротковимæ, кæцы ивгъуыд сезоны хъазыд Мæскуыйы «Велес»-ы. Бадзырдтæ ма уагъд цæуынц ацы командæйы хуыздæр бомбардир Артур Галоянимæ дæр. Ныртæккæ ма командæйы сконды тренировкæ кæнынц 21-аздзыд размæбырсæг Леон Сабуа æмæ 20-аздзыд размæбырсæг Тимур Мелекесцев.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.