Знон Хуссар Ирыстоны йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кодтой, сырдон æгъдауæй кæй амардæуыд, уыцы цардбæллон ирон лæппу, æнахъом сабиты фыд Дзабиты Иналы. Æвзонг адæймаджы цард аскъуыд, йæ цард хъахъхъæныны тыххæй бæрндзинад чи хаста, ахæмты къухæй. Алы адæймаг, алы æмбæстаг дæр дзуаппдæттæг у закъоны раз, алы адæймаджы дæр закъоны бындурыл æркæнæн ис бæрндзинадмæ, азымджын у æви нæ, уымæн дæр сбæлвырд кæнæн ис æрмæстдæр закъоны фæлгæтты æмæ закъонон нормæтæм гæсгæ. Дзабиты Иналы фыднад фæкæныны факт у закъон, барвæтк  æмæ адæймагдзинады нормæтæ гуымир æгъдауæй фехалын, рæстдзинад æмæ закъоны принциптыл къахæй балæгæрдыныл дзурæг.

Уæззау æмæ судзаг рысты фæстаг фæндагыл

Ацы æбуалгъ хабар сæрæй къæхтæм нырризын кодта нæ республикæйы алы цæрæджы, алы адæймаджы дæр, фæрыст ыл алкæй зæрдæ дæр. Кæйдæрты, дурзæрдæты æгъатыр къухтæй та хæлд æрцыд адæймагады иууыл стырдæр, иууыл бæрзонддæр æмæ табуйагдæр æмбарынад – царды, цæрыны бар…

  Чи йыл фæрыст, уыдонæй алкæмæ дæр сæвзæрд фарст: цæмæн, цæй тыххæй, кæмæн уыд афтæ бакæныны, æвзонг уды цард аскъуыныны бар? Кæмæн уыд æнæхъæн Ирыстоны намысыл къæм сæвæрыны, æддагон дунейы, уæлдайдæр та не знæгты цæсты йæ бафтауыны бар?

Æмæ уыцы адæмæй алчи дæр домы æмæ æнхъæлмæ кæсы рæстаг дзуаппмæ, алкæй дæр ныфс ис, ахæм æбуалгъ хъуыддаг чи сарæзта, уыдон дзуапп кæй ратдзысты закъоны æппæт нормæтæ æмæ адæймагдзинады моралон домæнтæм гæсгæ. Ахæм у нæ республикæйы Президенты домæн дæр.

Уæззау æмæ судзаг рысты фæстаг фæндагыл

Цы рцыд, уый æрцыд. Æгъатырæй кæй æвзонг уд аскъуыдтой, уыцы зынгхуыст фыды æнахъом сидзæртæн сæ фыды ничиуал раздахдзæн, никæй бон бауыдзæн йæ зæрдæрыст мады, æппæт йæ бинонты рыст фæрогдæр кæнын. Мах не ппæт дæр æдых стæм хъысмæты раз, фæлæ хъуамæ нæхимæ ссарæм адæймаджы æгъатырдзинады ныхмæ æрлæууыны тых. Махæн нæй  рæстдзинады раз æдых уæвыны бар. Махæй алчи дæр хæсджын у фыдыбæстæйы раз, нæ адæмы раз. Ацы æнамонддзинад нын хъуамæ зонд-зонæн фæуа бирæ цæмæйдæрты. Дзабиты Иналы æгъатыр мæлæт хъуамæ суа кæйдæрты политикон монцтæ æххæстгæнæг нæ, фæлæ ирон адæмы иугæнæг. Иналы æдзард уды тæригъæд нæм хъуамæ сида дихдзинадмæ нæ, фæлæ æрмæстдæр кæрæдзиæмбарынадмæ æмæ рæстдзинадмæ, ахæм æбуалгъ хъуыддæгтæ мауал æруадзынмæ, сидзæрæй цы хъæбулты ныууагъта, уыдоны сомбоныл ныссагъæс кæнынмæ.

Рухсаг у, Инал. Дæ уæлион зæрдæ дар, кæй хурæй нæ бафсæстæ, уыцы  хъæбултæм, дæ зæрдæрыст бинонтæм. Дзæнæты уæд дæ бынат!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.