Алы адæймаг дæр йæ фидæны  цардмæ, ахуырады бæрзæндтæм фыццаг къахдзæфтæ кæм акæны, уый у скъола. Ныййарæг йæ сабийы скъолайы къæсæрæй куы бахизын кæны, уæд æм афтæ фæкæсы, ныййарæджы сæйрагдæр хæстæй уал иу сæххæст кодта, дарддæр та саби йæхæдæг хæсджын вæййы, цæмæй тырна рæсугъд фидæнмæ, скъолайы фæл-гæтты банкъара йæ арæхстдзинад æппæтмæ дæр. Уымæ гæсгæ скъолайы азтæ сты ахсджиаг алы адæймагæн дæр. Афтæ уыд бирæ азты дæргъы.

9-æм скъола йæ дуæрттæ фыццаг хатт æрбакодта 1967 азы, уæд айзæлыд ам фыццаг дзæнгæрæг. Скъолайы директорæй уæд нысан æрцыд Гæджиты Гиуæрги. Уæд скъолайы уыд æрмæстдæр фараст къласы, районы сабиты нымæц хынцгæйæ. Фыццаг ам цы ахуыргæнджытæ райдыдтой кусын, уыдон сты Цхуырбаты Валентинæ, Лохты Жаннæ, Битеты Дуня, дзæнæттаг Коцты Назирæ, Санахъоты Тамуся, Сиукъаты Мария. Уæдæй нырмæ рацыд æрдæг æнусæй фылдæр æмæ ныртæккæ ацы скъолайы историйыл бирæ ис дзурæн. Йæ  ахуыргæнинæгтæ кæддæриддæр хайад истой республикæйы уагъдцæуæг мадзæлтты, спортивон ерысты, конкурсты æмæ-иу бирæ хæттыты систы уæлахиздзаутæ. Банысан кæнын хъæуы скъолайы рауагъдонтæй бирæтæ кæй  систы Райгуырæн бæстæйæн аккаг хъæбултæ,  цæсгомджынæй лæггад кæнынц сæ адæмæн. Уыдоны ‘хсæн бирæтæ систы алыгъуызон хæстон архæйдтыты хъайтартæ.  Ацы скъолайы хъомылгæнинаг Хуыбылты Валерийы номæй сæрыстыр у канд Ирыстон нæ, фæлæ ма уый ссис Республикæ Абхазы хъайтар дæр, æфсымæрон бæстæйы адæмы фарс кæй балæууыд сæ зын рæстæджы, уый тыххæй. Æнæмсæр тохы Валери тох кодта йæ удыл æнауæрдгæйæ. Æрæджы нæ республикæйы Хъахъхъæнынады министрад снысан кодта Хуыбылты Валерийы номыл ног хорзæх.

Скъолайы коллектив кæддæриддæр йæ сæйраг хæсыл нымадта æмæ кодта бæрнон куыст æрмæст ахуырадон фарстаты фæдыл нæ, фæлæ ахуыргæнинæгты æппæтварсон хъомыладон фарстатыл куыста æнувыд æмæ бæрнонæй. Ахуыргæнджытæ, куыд скъолайы фæлгæтты, афтæ ма сæ хъус дардтой сабиты цард-мæ æхсæнады дæр, бинонты ‘хсæн ахастытæм æмæ æндæр ахсджиаг фарстатæм дæр. Ахæм ахасты фæстиуæгæн ацы скъолайы хъомылгæнинæгтæй бирæты раздæхтой аипп фæндагæй æмæ сæ сæ ныййарджытимæ æмдыхæй, слæууын кодтой раст фæн-дæгтыл.  «Фæстаг азты скъолайы рауагъдонтæй Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæ каст чи фæцис, уыдон номхыгъды сты Дзабиты Гамлет – каст фæцис Мæскуыйы Æдасдзинады Федералон службæйы уæлдæр скъола, Чилæхсаты Владислав – каст фæцис Курганы Æдасдзинады Федералон службæйы уæлдæр скъола. Краснодары УФ-йы Мидхъуыддæгты министрады уæлдæр ахуыргæнæндон каст фесты Дзигойты Роберт, Тедеты Димитр, Хетæгкаты Олег, Дзабиты Батрадз. Тадтаты Димитр  каст фæцис Мæскуыйы Щукины номыл институт. Спорты фадыджы ныртæккæ скъолайæн æнтыстытæ æрхастой боксертæ Цхуырбаты Алик  æмæ Зæгъойты Алан, хъæбысхæстæй – Хаситы Владимир æмæ Келеты Азæмæт. Адон се ‘ппæт дæр систы æндæр æмæ æндæр бæрнон ерысты чемпионтæ.  Командон уæлахизмæ сæ бавæрд бахастой Дзигойты Вадим – республикæйы футболон командæ «Барсалантæ», 2 хатты хайад райстой Сочийы уагъдцæуæг æхсæнадæмон футболон турнирты æмæ систы уæлахиздзаутæ, æрæджы Тадтаты Лизæйы волейболон командæ та рамбылдта Дзæуджыхъæуы уагъдцæуæг турниры», – радзырдта скъолайы ахуырады хайады сæргълæууæг Дзигойты Ритæ.

Куыд æппæт дунейы, афтæ нæ республикæйы æппæт ахуыр-гæнæндæттыл дæр коронавирусы фæзынд бандæвта æппæтварсонæй, уыцы нымæцы ацы скъолайыл дæр.  Ахуыры системæ дистанционмæ раконд куы æрцыд, уæд бæрæг фæкъаддæр сты скъолайы æнтыстытæ, куыд ахуырадон фарсæрдыгæй, афтæ спорты æмæ æндæр хъомыладон хæйтты. «Дунейы фæзынгæ карз низы фæстиуæгæн  ахуырад дистанционмæ раконд кæй æрцыд, уый ахуырадыл бандæвта, кæй зæгъын æй хъæуы, æвзæрæрдæм. Аивгъуыйгæ ахуыры азы мах æппæт уавæртæй дæр пайда кодтам, цæмæй ахуыры системæ урæд ма æрцæуа. Пайда кодтам интернет-ресурстæй æмæ уагътам уроктæ. Фæлæ ахæм системæ дарддæр дæр уа, ууыл махæй разы ничи у, уымæн æмæ ахуыры æнтыстджын фæстиуджытæ райсæн ис æрмæстдæр ахæм системæйыл – ахуыргæнæг- скъоладзау – фыссæн фæйнæг! Æрмæстдæр уæд ис дзурæн ахуырады размæцыдыл. Ацы системæ та бирæ рæстæджы куы ахæсса, уæд ын, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдзæнис æппæрццаг фæстиуджытæ», – банысан кодта скъолайы ахуыры хайы гæс.

21 декабры 9-æм скъола банысан кодта йæ райгуырæн бон, фæлæ куыд раздæр азты, афтæ ныр та ацы бæрæгбоны ногдзинæдтæй ницы уыд. Нæ райхъуыстысты рæсугъд арфæйы ныхæстæ, уазджыты æмæ ахуыргæнинæгты хъæлдзæг цины хъæлæба. Уыйхыгъд скъолайы ахуыргæнинæгты иу хай адджын фынджы уæлхъус  мысыдысты ивгъуыд азты циндзинад. Æппæтæй зындæр у, дарддæр цæмæ æнхъæлмæ кæсай, уый куынæ зонай афтæмæй фидæны цардыл хъуыды кæнын. Уæд адæймаджы зæрдæйы æвзæрынц æрмæстдæр æрхæндæг хъуыдытæ æмæ фидæны царды фæндтæ кæнын та вæййы дызæрдыггаг. 22 декабры та ацы скъолайы директор Зассеты Зарæ дæр банысан кодта йæ райгуырæн бон. Уый цытæн ын зæрдиаг арфæтæ кæнынц йæ коллектив, йе скъолайы ахуыргæнинæгтæ, йæ сых æмæ æввахс хиуæттæ. Ныртæккæ кæд сæвзæргæ уавæр алы адæймаджы дæр æппары дызæрдыгдзинады, уæддæр уый у æппæт дунейы иумиаг фарст æмæ йын нæй бирæ рæстæджы уæвæн. Ныфс нæ ис, тагъд рæстæджы кæй фæуыдзæн æмæ та нæ адæм дæр кæй слæудзысты царды размæцыды фæндагыл. Скъолайы коллектив æмæ ма сæрмагондæй та Зарæ Барисы чызгæн нæ зæрдæ зæгъы арфæйы ныхæстæ. Уæд уын фидар æнæниздзинад, фæразондзинад æмæ макуы фесæфæт рæсугъд фидæнмæ тырнындзинад.                                                                           

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.