9 декабры йæ бæрæг кæнынц уымæн æмæ 1769-æм азы ацы бон успаддзах Екатеринæ II снысан кодта Сыгъдæг Георги Уæлахизхæссæджы орден. Схорзæхджын дзы кæнынц, йæхи хъæбатыр æмæ æхсарджынæй чи равдисы, ахæм æфсæддонты. Ацы ордены цыппар къæпхæны кавалертæ ссисты 4 адæймаджы. Уыдоны ‘хсæн легендарон Михаил Кутузов дæр.

Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы орден нымад у æппæтæй уæлдæр æфсæддон хæрзиуæгыл. Куыд зонæм, Уæрæсейы бирæ хæстытæ æрцыд. Уæрæсейы хæстонтæ сæ инернационалон хæс æххæст кодтой æндæр бæстæтæ хъахъхъæнгæйæ дæр. Фæлæ уæддæр историйы дыккаг дунеон хæст нымад у æппæты карз æмæ тугкалæныл. Сæ ныфсхаст æмæ лæгдзинады тыххæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Советон Цæдисы Хъæбатыры ном лæвæрд æрцыд 11 мин адæймагæн. Се ‘хсæн сты не ‘мзæххонтæ дæр. Советон Цæдисы Хъæбатыры ном райстой 81 æхсарджын хæстоны. 12-æй та сты Кады ордены æххæст кавалертæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.