Æссæдзæм аз махæй

                                   Кæмæй фæуа рохы,

                                  Уый не ‘хсæн æлгъыст уæд фæлтау!

Беджызаты Чермены æмдзæвгæ “1920-æм аз”-æй. Ныффыста йæ 1920 азы 4 июлы Захъайы Хъорхъорайы хъæуы. Уæд гуырдзиаг меньшевикты тугмондаг лæгмартæ Хуссар Ирыл цы тугуарæн ныккодтой, уый зындгонд у адæмæн, историктæн, зыны ацы рæнхъытæй дæр. Æмæ Чермен сиды зæрдыл æй дарынмæ, цардфæлтæрддзинадмæ, чи йæ ферох кæна, уый та æлгъыст фæуæд, зæгъгæ. Æмæ йæ цыма рох кæнын райдыдтам, фæлæ та нын æй гуырдзы нæ зæрдыл æрлæууын кодтой, рох кæнын æй нæ бауагътой…

Уый уыд ирон адæмы фыццаг геноцид гуырдзыйы къухæй. Ирæттæй дзы фæмард 18 мины бæрц, æнæхæдзар, æнæкъона фесты Хуссар Ирыстоны цæрджытæ иууылдæр. Уый фæстæ уыд дыккаг геноцид авддæлдзæхы ныххауинаг лæджыфыдхор Гамсахурдиайы фыдгæндæй. Стæй та ныл арт æмæ мæлæт бандзæрста сæ бæттинаг президент, сæлхæр Михакъо Саакашвили.

Æмæ æрмæст уыдон куы уыдаиккой, фæлæ нын цард-цæрæнбонты гуырдзы кæнынц фыдгæнд. Райдай, Нафийы роман “Фыдæлты туг” цы замантыл фыст æрцыд æмæ ма суанг советон дуджы дæр: Сталины фыдæхæй дыууæ дихы ныйистæм, Байаты Гаппо æртыккаг Ирыстон кæй хуыдта, уыцы Триалет Берия æдзæрæг фæкодта. Æмæ нын уæддæр нæхи æрæмбарыны хъомыс нæй. Нæ фарсмæ тыхгæнæг ис, æмæ дзы нæхи бахъахъхъæнынæн фæрæз нæ агурæм, фæлæ йын уарзæгой ныхæстæ кæнæм. Æмæ та нæ сæры къæрцц фæцæуы.

“Мах нæ фæсивæд, нæ ирон ном æрдумæ нæ дарæм, нæ сæр сæрмæ нæ хæссæм, æмæ нæ æрдумæ дæр уый тыххæй ничи дары. Мах куы зониккам, нæ фыдæлтæ чи уыдысты æмæ сæ къухæй цы нæртон хъуыддæгтæ цыди, уый, уæд хъал уаиккам нæ ирон номæй æмæ нæ сæр æгадмæ нæ уадзиккам. Афон у, нæ адæм, махæн дæр нæ истори базонын…” – афтæ фыста Вано (Темырханты Сослан) йæ чиныг “Иры истори”-йы разныхасы. Чиныг рацыд 1913 азы горæт Дзæуджыхъæуы Габысаты А.Г. типографийы.

“Афон у махæн дæр нæ истори базонын”. Раст цыма абон дзуры, уыйау ахсджиаг у ныр дæр йæ хъуыды, йæ фæдисы ныхас. Уæд, сæдæ азы размæ, абон дзæнæты бадинаг Темырханты Сослан тыхст æмæ йæ удæй цырагъ сыгъта, цæмæй ирон адæм, чи сты, кæцæй сты, уый базоной. Æмæ та сног ис Сосланы хъуыды, æнцой йын чи нæ лæвæрдта, уыцы фарст: “Афон у махæн дæр нæхи базонын”. Раст цыма уæдæй сæдæ азы дæр нæ рацыд, Советон хицаудзинады азтæ нæ уыдысты, уыйау уыцы фарст йæ бынатæй нæ фенкъуыст. Уымæн æмæ йæм нæ ахуыргæндтæ комкоммæ се ‘ргом фаг никуы аздæхтой.

– Ау, кæд ма нæ ахуыргæндтæ нæ фæфыстой ирон адæмы истори! – зæгъдзысты чидæртæ. Æмæ раст уыдзæн сæ хъуыды. Бæгуыдæр, бирæ наукон чингуытæ мыхуыргонд æрцыд. Фæлæ дзы сæрысуангæй кæронмæ ничи халы ацы фарст. Хуымæтæг ирон чиныгкæсæгæн, йæ адæмы истори кæм бакæса, йæ байзæддаджы йæм цæй фæрцы æрæмхиц кæна, ахæм чиныг нæй. Наукон куыстытæ дæр фылдæр арæзт сты койтæ, нымæцтæ æмæ дызæрдыг хъуыдытæй. Дызæрдыг кæнын хорз у, адæймаджы раст хъуыдымæ уый æркæны, дызæрдыг чи нæ кæны, уый, дам, хъуыды кæнын нал фæзоны, фæзæгъынц. Фæлæ иудадзыг дызæрдыг кæнын мидбынаты цоппай у. Æмæ раст ахæм уавæры ис нæ историзонынад. Афтæ куы нæ уаид, уæд нæхицæй дæр иуæй-иутæ ирон адæмы истори ивгъуыд æнусы æвддæсæм азæй райдайгæйыл нæ нымадтаиккой, историон æцæг лæгтæ, зæгъæм, Хазби уыдис æви нæ уыдис, уый дызæрдыггаг не скодтаиккой, нæ адæмы сæрибардзинады сæраппонд тохгæнджыты дзыллæтæн æнæуынон нæ кодтаиккой. Афтæ куы нæ уаид, уæд ма нын нæ фыдæлты зæххы атагъатæй цы чысыл муртæ баззад, уыдон дæуццаг нæ уаиккой. Нæ сыхæгтæ ныл тугтæ нæ мысиккой, суанг нæ историйæ дæр сæхи нæ хъал кæниккой. Махæн нæ историон наукæйæн адæмы царды стыр нысаниуæг кæй ис, уый та тынгдæр разынд 2008 азы 8 августы Иры ныхмæ гуырдзыйы фæстаг хæсты. Сæ хъавд уыд ирон адæмæн сæ абон æмæ истори æвдисæг кусæндæтты хъомыс бындзарæй стонын. Æмæ æнауæрдонæй æппæт фæрæзтæй æхстой административон, наукон, культурон æмæ ахуыргæнæн агъуыстытæ. Мæрдырох æфтыдтой.

Цыми

Махæн нæ истори зæххы уæлцъарыл куыд фидар фыст у, афтæ чингуыты дæр куы уаид, уæд æй, зджилæнтæ нæм чи кæны, уыдон дæр зониккой. Æниу, фыст чи ис, уый дæр сын фаг у раст зондыл хæст уæвынæн. Зæгъæм, рагон бердзентæ Кавказы хæхтæ æртæ мин азы размæ дæр Скифты хæх тæ кæй хуыдтой, æмæ скифтæ та нæ рагфыдæлтæ кæй сты, се ‘взаджы фæд цæугæдæттæ Дунай, Днепр, Днестр, Прут, Дон, сæ обæуттæ – уæлмæрдтæ Дагестаны арæнтæм кæй хæццæ кæнынц, уыцы æцæгдзинæдтæ ирон ахуыргæндтæ нæ, æндæр адæмы минæвæрттæ сбæлвырд кодтой. Уæдæ цæугæдон Курайы (Къуары) былгæрæтты онг аланты зæххытæ амынд цы картæты сты, уыдон дæр ирон картографтæ нæ арæзтой. Кæнæ куыд аивæн ис профессор В.Б. Виноградовы хъуыды Цæцæн æмæ Мæхъæлы хъæутæ Ачхой-Мартаны, УрусМартан æмæ Сурхахийы нæмтты Мартан мард-дон (ома, хуыскъ цæугæдон) кæй амоны, сурхан та – сырх (ома, рæсугъд) + ран. Сурхахийы та ракъахта рагон алайнаг горæт-фидар, аланты кæнгæ ингæнтæ.

Цæугæдон Ассайы ахуыргæндтæ нымайынц алайнаг цæугæдоныл. Йæ номы æвæрд ис аланты ин нæ ном Яс. Нæ рагфыдæлтæ алантæ нæ, фæлæ нæ фæстæдæр оситæ-осетинтæ хонын куы райдыдтой, уæды рæстæгмæ куы æркæсæм, уæд дæр бæлвырдæй зыны, зæхх нæ чи агуры, уыдонæн сæхи хъæутыл абон дæр ма кæй ис ирон æвзаджы дзырдтæй арæзт нæмттæ. Ахæмтæ сты мæхъæлон хъæутæ Дæллагхъæу, Калмыхъæу, Дзæрæх æмæ æндæртæ. Уый цымæ цæуыл дзуры? Уымыты дæр ирæттæ цардысты!

Абоны Арвыком æмæ йæ дæлбазыртæ ирон адæмы рагон цæрæнбынæттæ кæй сты, уый ирдæй зыны сæ нæмттыл. Ном Терк амоны Тæрк. Куы-иу раивылд, адæмæн-иу фыдбылызтæ куы скодта, уæд-иу ирон адæм дзырдтой: “Нæ цæу гæдон та фæтæрк кодта”. Ома, фæтызмæг ис. Абар: тæрконыг ныхас – тызмæг ныхас.Дайран (Дарьял) аланты дуар кæй амоны, уый бирæ наукон куыстыты загъд ис. Барзæфцæг, Бæлта, Цыми æмæ æндæртæ.

Амы хæхтæ æмæ дæлвæзтæ стыр бынат ахсынц ирон адæмон сфæлдыстады. Знæт Теркæй райдай æмæ Сæнайæ фæу. Амы бынæтты нæмттæ ссарæн ис ирон таурæгъты, аргъæутты, зарджыты æмæ æмбисæндты. Сæна (Хъазыбег) æмæ Мад-хохыл таурæгъ та комкоммæ баст у Ирыстоны паддзахадимæ, ирон адæмы удварнимæ. Æвæццæгæн, алчи нæ зоны, Мады хохы Ирыстоны мады фæлгонц, йæ адæмы сæраппонд йæ цард чи радта, уый фæлгонц кæй ис, уый.

Мах, ирон адæм, нæхи нæ зонæм, уый иу бæллæх у, иннæ бæллæх та у, нæ сыхæгты дæр кæй нæ зонæм. Уый йеддæмæ нын нæ историмæ куы фæныхилынц, аланты сæ фыдæлтæ куы фæхонынц, уæд сын раст дзуапп радтын зониккам. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ нæ сыхæгты: гуырдзиæгты, мæхъæлæтты, кæсгæтты æмæ иннæтæй бирæты уæнгты хъазы аланты туг. Ахæмтæ уæлдай фылдæр та сты балхъартæ æмæ хъæрæсейæгтæм. Уымæн æмæ, аланты паддзахад сæфты къахыл куы ныллæууыд, уæд дзы бирæ къордтæ цæргæйæ баззадысты сыхаг адæмтимæ æмæ фесæфтой се ‘взаг, æрмæст нæ рох кæнынц сæ равзæрд. Мæнæ куыд фыссы В.А. Кузнецов йæ чиныг “Очерки истории алан”-ы:

“Афтæмæй алантæн ис æнгом генетикон бастдзинæдтæ Цæгат Кавказы иуæй-иу адæмтимæ: хъæрæсейæгтимæ, балхъайрæгтимæ, мæхъæлæттимæ, цæцæйнæгтимæ, адыгейтимæ. Уыдонмæ алыхуызон историон рæстæджыты алы аххосæгтæм гæсгæ бахаудтой иуæйиу алайнаг этникон къордтæ”.

Балхъары æхсæн уый бæрц ирон адæм баззад, растдæр зæгъгæйæ, сæ зæххыл чи æрцард, уыдонæй фылдæр уыдысты, æмæ ма зындгонд ахуыргонд М.М. Ковалевскийы фæндаггоны фыстытæм гæсгæ ссæдзæм æнусы райдайæны се ‘взаг нæ фесæфтой, къуырийы бонтæ, мæйты нæмттæ хуыдтой иронау, нымайынц ирон дæсгай нымадæй. Ис сæм бирæ ирон мыггæгтæ. Афтæ хъæрæсейæгтæм дæр. Адонæй та, быдыры чи цæры, уыдон абон дæр хонынц тъæпæнæгтæ, ома, тъæпæны цæрджытæ. Ферох кодтой се ‘взаг, фæлæ сæ нæ рох кæны, аланты байзæддаг кæй сты, уый. Хуымæтæджы Дæллаг Архызы X-XI æнусты аланты галуан – кувæндæтты сæ фыдæлты нæ хонынц.

Ирон адæм, иннæ адæмты æхсæн баззайгæйæ, се ‘взаг кæй фесафынц, сæ царды æгъдæуттæ фылдæр хатт æнцондæр, кæнæ искæмæй æфсæрмыйы охыл æвзæрдæртæй кæй баивынц, уый иуæй дзурæг у, сæхиæмбарынадмæ уæлæнгай цæстæй кæй кæсынц, иннæмæй та сæ æгæр зæрдæхæлардзинадыл, искæмæн сæхицæй фылдæр аргъ кæныныл. Райсæм-ма нæ фыдæлтæаланты тырыса. Æртæ хуызæй конд у: фыццаг хуыз – урс амоны зæрдæйы хорзæх, фидауыны нысан ныр дæр æппæт адæмтæм дæр у урс тырыса. Уый рахæссынц сæ разæй. Ирæттæ хæстмæ дæр сæ разæй уый хастой, хæстæй сæ фидыдад тынгдæр хъуыд. Æмæ йæ знæгтæ, æвæццæгæн, сæ лæмæгъдзинадыл нымадтой. Афтæ кæд нæ уыд, уæддæр нын нæ уыцы хорз миниуæгæй пайда кодтой æмæ абон дæр пайда кæнынц.

Тырысайы дыккаг хуыз – сырх амоны адæмы хæстхъомдзинад Нæ фыдæлтæ хæсты куыд хъазуатæй архайдтой, уый та истори зоны, фæлæ сæ уæддæр хъыгдардта сæ хатыр зæрдæйыконд. Уымæн дæр æвдисæн сæ тырысайы æртыккаг хуыз – бур. Фæрныгад æмæ бæркады нысан. Æртæ хуызæй иуы дæр нæй хæрамдзинады сау фæд, иумæ арвæрдынау хурмæ цæхæртæ калынц, æвдисынц адæмы æргом æмæ хæлар зæрдæйы уаг.

Наци йæ историон фæндаг хорз куы зона, уæд æй дарддæр куыд цæрын хъæуы, уый йын æнцондæр рахатæн у. Наци йæхи куы зона, йæхи куы æмбара, уæд æнгомдæр кæны. Æнгомæй та цыфæнды зынтæ æмæ знаджы дæр басæтдзæн.

ЦГЪОЙТЫ Хазби

Газ. «Рæстдзинад»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.