Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварад нотæ арвыста Уæрæсейы Федерацийы аккредитацигонд  æппæт дипломатон мисситæм, афтæ ма Швейцарийы минæварады цур Гуырдзыстоны интересты  секцимæ, Хуссар Ирыстон æмæ Сирийы хицауадты ‘хсæн кæрæдзийы хæдбардзинадтæ банымайыны  æмæ дипломатон ахастытæ саразыны тыххæй. Уый фæдыл хъусын кæны минæварады пресс-службæ.

«2018 азы 29 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Сириаг Арабаг Республикæйы хицауадтæ фехъусын кодтой кæрæдзийы хæдбардзинадтæ банымайын æмæ минæварадты æмвæзадыл дипломатон ахастытæ саразыны тыххæй, – дзырдæуы нотæйы. –  Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Сириаг Арабаг Республикæйы ‘хсæн ацы фарст скъуыддзаг æрцыд æмгуысткæнынадмæ æмæ æхсæнпаддзахадон æххæстформатон бастдзинад саразынмæ дыууæ фарсы фæндондзинады руаджы æмæ райст æрцыд Иугонд Нациты Организацийы уставмæ æмæ дунеон барады бындурон  принциптæм гæсгæ».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.