Кæрæдзийы хæдбардзинад банымайын æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Сириаг Арабаг Республикæйы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнын у ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын историон цау.

Ног хæлæрттæ алкæйы дæр хъæуы, уæлдайдæр та зын уавæрты бахауæг бæстæты, кæцытæ сæмбæлдысты хæстон агресси æмæ терроризмыл.

Ныфс мæ ис, нæ бæстæты ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнын Сирийы æмæ Хуссар Ирыстоны адæмæн кæй уыдзæн пайдаджын.

Мæн фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын Сириаг Арабаг Республикæйы къухдариуæгад æмæ сæрмагондæй Президент Башар Асадæн, Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадтой. Мах цæттæ стæм иууыл æнгомдæр политикон, эконо-микон æмæ культурон ахастытæ бæстон кæнынмæ, гуманитарон æмгуыстад рæзын кæнынмæ.

Сири у Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уый сси 2008 азы нæ стратегион партнер Уæрæсейы Федераци кæй райдыдта, уыцы æнæфæивгæ процесс дарддæр кæнын. Ныфс мæ ис, азæй-азмæ фылдæр бæстæтæ, Фæскавказы цы политикон реалитæ сæвзæрд, уыдоны кæй нымайдзысты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.