19 сентябрь – РХИ-йы Паддзахадон тырысайы бон

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны 2013 азы 19 сентябрæй фæстæмæ нысан цæуы Паддзахадон тырысайы бон. Ацы нысаниуæгджын бæрæгбон Хуссар Ирыстоны нысан цæуы Президент Тыбылты Леониды барамындмæ гæсгæ.

Нæ тырыса конд у æртæ хуызæй, урс – нысан кæны сыгъдæгдзинад, мон; сырх – æхсардзинад, бур – фарн, сабырад, хæлардзинад, амонд æмæ фæрныгад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса сисыны церемони уагъд æрцыд Присы бæрзæнды. Уырдæм æрбацыдысты Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли, министрадтæ æмæ уагдæтты сæргълæуджытæ, Парламенты депутаттæ, бæрæгбонмæ æрцæуæг уазджытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим скомандæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса уæлæмæ сисыны тыххæй.

Хъахъхъæнынады министрады Цытджын караул Паддзахадон гимны зæлтæм бæрзонд схæцыд нæ æртæгъуыз Паддзахадон тырысайыл æмæ бæрзондæй рафæйлыдта.

Бæстæйы сæргълæууæг Тыбылты Леонид йæ раныхасы банысан кодта ацы боны асхджиагдзинад, абон, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны стыр бæрæгбон у – Паддзахадон тырысайы бæрæгбон.

– Паддзахадон тырыса у паддзахаддзинады символ æмæ ныр цалдæр дæсгай азты, суанг 90-æм азтæй фæстæмæ немæ размæ цæуы.

Уыд ахæм рæстæджытæ дæр æмæ нын фадат нæ уыд нæ тырысайыл цин кæнынæн. Фæлæ ныр нæ тырыса йæхимæ айста адæймагады иууыл бæрзонддæр æргъадтæ – рæстдзинад, сыгъдæгдзинад, хъæбатырдзинад, тых, æхсар æмæ фæрныгад. Æмæ мæн фæнды, цæмæй уыцы æргъадтæ мах дарддæр æвæрæм æмæ хъахъхъæнæм.

Уадз, æгас дунейы  нæ хæлæрттæ зоной, ацы æргъадтæ нæм куы уой, æрмæстдæр нæм уæд уыдзæн уæлахиздзинад алы хъуыддаджы дæр.

90-æм азты кæрон Хуссар Ирыстоны адæм хæдбардзинады сæрыл тох кæнын куы райдыдтой, уæд нæ горæт æмæ адæмы сæрмæ ацы æртæхуыз тырыса уыд, уый бын Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ цыдысты гуырдзиаг фашисттимæ уæззау тохтæм. Ацы тырысайы бын нæ лæппутæ цыдысты тохмæ, æмæ кæд æхсæнгарзимæ архайын фаг нæ рæхстысты, æмбæлон фæлтæрддзинад сæм нæ уыд, уæддæр цытджын уавæрты нæ тырысайæ ард хæргæйæ цыдысты тохы быдырмæ. Уый стыр æнкъарынад у æмæ йæ ма хъуамæ рох кæнæм.

Нæ тырысайы бын Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ, Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон службæгæнджытæ æрхастой стыр уæлахиз, кæцымæ стыр хайбавæрд бахаста 2008 азы Уæрæсейы Федераци дæр. Уый нæ зæхмæ уæд æрхаста фæтк, ныссабыр кодта агрессоры, цæмæй ссæрибар уыдаиккой Хуссар Ирыстоны адæм. Мах бузныг стæм Уæрæсейæ, уыцы архайд æмæ стыр æххуысы тыххæй.

Мах ма хъуамæ рох кæнæм, сæ цард чи радта сæрибардзинады сæрыл, уыдоны рухс нæмттæ.

Уадз æмæ нæ тырыса дарддæр дæр уæд нæ адæмы иугæнæг символ. Бузныг дæн абон ацы бæрæгбон немæ чи нысан кæны, уыдонæй. Уыдон дæр абон махимæ иумæ райынц не ‘нтыстытыл. Мах та райгонд стæм, абон немæ кæй сты нæ хæлæрттæ, уымæй.

Уæлахиз уæд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Паддзахадон тырыса!

Присы бæрзæнды флагшток сæрмагондæй арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырысайы боны цытæн компани «Евродон»-ы минæвæртты хъæппæрисæй сæ сæргъ не ‘мбæстаг Уанеты Вадим, афтæмæй.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.