10-æм июлы нæ республикæмæ æрцыд цытджын уазджытæ Уæрæсейы Федераци æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийæ.

Делегацийы сконды уыдысты Уæрæсейы Федерацийы æнæниздзинад хъахъхъæныны министры хæдивæг Дмитри Костенников, министры æххуысгæнæг Анатоли Гулин, Сеченовы номыл иумæйаг реаниматологийы зонад-иртасæн институты разамонæг Игорь Молчанов,  Уæрæсейы Федерацийы медицинон-социалон экспертизæйы геритарийы кафедрæйы сæргълæууæг Сергей Пузин, И. М. Сеченовы номыл МГМУ-йы спортивон медицинæ æмæ медицинон реабилитацийы кафедрæйы сæргълæууæг Евгений Агкасов. Уæрæсейæ æрцæугæ уазджыты æмбæлццæттæ уыдысты Цæгат Ирыстон-Аланийы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министры хæдивæг Гириты Еленæ æмæ рæуджыты низы республикон диспансеры сæйраг дохтыр Малиты Батырбег.

Уазджыты йæхимæ райста Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик. Бузныджы æмæ арфæйы ныхæсты фæстæ уазджытæ æрдзырдтой сæ балцы нысаныл. «2016 азы Инвестицион программæйы фæлгæтты соматикон рынчындоны территорийыл æрæвнæлдтой хирургион корпус аразынмæ. Йæ нысан уыд медицинон кластеры, æнæниздзинады системæйы модернизаци. Соматикон рынчындоны сæйраг корпусы галерейæ сæрибарæй бахизæн ис хирургион корпусмæ. Проекты хынцыд æрцыд æппæт дæр. Уый арæзт æрцыд 30 адæймагæн, кæцытæн кæндзысты бæрзондквалификациджын медицинон æххуыс оперативон æгъдауæй. Ам Уæрæсейы Федерацийы фæрцы цы бæрзондтехнологийы ифтонггæрзтæ ис, уыдоны руаджы уыдзæн развæлгъау диагностикæ æмæ рынчынтæн хос цæудзæнис афоныл, æнæкъуылымпытæй», – дзырдта Хицауады Сæрдар.

Пухаты Эрик ма уазджыты цыбыртæй базонгæ кодта, æнæниздзинады системæйы фæстаг азты цы объекттæ арæзт æрцыд, уыдонимæ дæр.

«Ацы аз ма капиталон сцалцæг кæныны фæстæ эксплуатацимæ ноджыдæр лæвæрд æрцæудзæнис туберкулезон диспансер æмæ медицинон-социалон æххуысы центр, стæй азы кæрон та республикон гуырæн хæдзар нырыккон гинекологон хайадимæ, кæцы дзуапп дæтдзæнис санитарон-эпидемиологон нормæтæн.

Фысымтæ бузныг загътой уазджытæн, æдзух хуссарирыстойнаг дохтыртæн цы консультацион æххуыс бакæнынц, уый тыххæй. Ныртæккæ нæ республикæйы рынчындæтты кусы Уæрæсейæ æрхуынд специалисттæ дæр. Уыдонæй стыр райгонд сты бынæттон цæрджытæ. «Бузныг уæ стæм, Уæрæсейы алы горæтты медицинон ахуыргæнæндæтты цы студенттæ ахуыр кæны, уыдон тыххæй дæр»,  –  дзырдта Пухаты Эрик.

Йæ рады Уæрæсейы Федерацийы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министры хæдивæг Дмитри Костенников та загъта: «Дохтыртæ æмæ медицинон хотæ, кæцытæ кусынц ацы системæйы, хъуамæ зоной, кæддæр цы медицинон ахуырдзинад райстой, уый абоны дуджы кæй нал фаг кæны. Нырыккон медицинæйы кусæг хъуамæ ахуырдзинад иса æрвылбон дæр».

Хицауады Сæрдар ацы хъуыды бафидар кодта ахæм фразæйæ «Нæ дугивæнты канд медицинон кусæг нæ, фæлæ кæцыфæнды профессийы минæвар дæр хъуамæ архайа йæ профессионалон æмвæзад бæрзонддæр кæныныл».

Цæгат Ирыстон-Аланийы республикон туберкулезон диспансеры сæйраг дохтыр Малиты Батырбег та æрдзырдта йæ профессийыл, кæцы ацы фадыджы кусы ныр 40 азы бæрц  фтизиатрийы фæдыл. «Ныртæккæ махмæ арæзт цæуы ныры дуджы домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм диспансерон комплекс. Æз мæхæдæг та къухдариуæг кæнын фтизиопульмонологийы кафедрæйæн. Æз цæттæ дæн баххуыс кæнын фтизиатртæ  æмæ пульмонологтæ бацæттæ кæнынмæ», – загъта Малиты Батырбег. Уый фæстæ уазджытæ араст сты цытджын æгъдауæй хирургион корпус байгом кæнынмæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.