Уӕрӕсейы Федерациимӕ баиу уӕвыны фӕдыл Хуссар Ирыстоны раздӕры Президенты Барамынд рӕстӕгмӕ йӕ тыхы мауал уа, уый тыххӕй республикӕйы ног ӕвзӕрст Президент Гаглойты Аланы уынаффӕ Мӕскуы нымайы раст ӕмӕ пайдайагыл.

Ахӕм хъуыдыимӕ раныхас кодта Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады официа-лон минӕвар Мария Захарова.

“Раздӕры Президент Бибылты Анатоли ӕппӕтадӕмон референдум саразыны тыххӕй йӕ хъӕп-пӕрисы фӕдыл Уӕрӕсейы хъуыды базоныныл кӕй нӕ бацархайдта, уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ, мах раст ӕмӕ пайдайагыл нымайӕм ног ӕвзӕрст Президент Гаглойты Аланы уынаффӕ Уӕрӕсейы Федерациимӕ баиу уӕвыны фӕдыл референдум саразыны тыххӕй Барамынд рӕстӕгмӕ ӕруромын. Ахӕм уынаффӕ дзуапп дӕтты, нӕ дыууӕ бӕстӕйы ‘хсӕн цы хӕлардзинад ӕмӕ ӕнгомдзинады бындуртӕ ныффидар, уыдонӕн”, – загъта УФ-йы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады минӕвар.

Мария Захаровайы ныхасмӕ гӕсгӕ, “ахӕм референдум саразыны фарста домы, цӕмӕй йыл иумӕ рагагъоммӕ бӕстон ӕрдзурӕм”. Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады минӕвар куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй Уӕрӕсе цӕттӕ у дыууӕ бӕстӕйы дарддӕры ӕнгом интеграцийыл, Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттимӕ ӕрныхас кӕнынмӕ ӕмӕ иумӕйаг уынаффӕтӕм ӕрцӕуынмӕ. Мария Захарова куыд бафиппайдта, афтӕмӕй Мӕскуыйы стыр аргъ кӕнынц, ӕфсымӕрон хуссарирыстойнаг адӕм йӕ дарддӕры хъысмӕт ӕрмӕстдӕр Уӕрӕсейы Федерациимӕ кӕй бӕтты, уымӕн.

“2008 азы Хуссар Ирыстоны паддзахадон хӕдбардзинад банымайгӕйӕ, Уӕрӕсе йӕхимӕ райста республикӕйы ӕдасдзинад ӕмӕ йӕ фӕрныгдӕр фидӕны фӕдыл бӕрндзинад. Нӕ дыууӕ бӕстӕйы къӕпхӕнгай цӕуынц, Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны ‘хсӕн 2015 азы 18 мартъийы фидаргонд Иудзинад ӕмӕ интеграцийы тыххӕй бадзырды цы нысантӕ ӕвӕрд ис, уыдоны бындурыл ӕнгом ӕмгуыстадмӕ”, – йӕ ныхасмӕ бафтыдта Мария Захарова.

Дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ раздӕр куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан 30 майы рӕстӕгмӕ ӕрурӕдта (цалынмӕ Уӕрӕсейы Федерациимӕ политикон консультацитӕ ахицӕн уой) ӕппӕтадӕмон референдум саразыны тыххӕй 2022 азы 13 майы фидаргонд Барамынды архайд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.