30 майæ 6 июнмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис дыууæ фыдракæнды æмæ дзы иу раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис фараст фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой æртæ адæймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 301 фæтк-халæн цауы. Уыдонæй 7 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

30 майы милицимæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, æрдæгæхсæв рынчындонмæ уæззау уавæры бахаудта 30-аздзыд горæттаг цæрæг. Алыгъуызон травмæтæ райсыны фæстиуæгæн дохтырты бон не ссис рынчынæн баххуыс кæнын æмæ дыккаг бон амард. Ныридæгæн Генералон прокуратурæ уадзы æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ, цæмæй рабæрæг кæной æрыгон адæймаджы амæлæты аххосæгтæ.

30 майы Дзауы районы Хъорсеуы хъæуы ссыгъд бынæттон 56-аздзыд цæрæджы хисæрмагонд хæдзар. Зынгхуыссынгæнæн службæйы кусджытæ æвæстиатæй ссыдысты æмæ ах-уыссын кодтой арт.

1 июны та Цхинвалы районы Сатихъары хъæуы ссыгъд бынæттон 64-аздзыд цæрæджы хисæрмагонд хæдзар. Зынгхуыссынгæнæн службæйы кусджытæн сæ бон не ссис арт ахуыссын кæнын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.